Зындгонд ахуыргонд æмæ паддзахадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг республикæйы Национ музеймæ радта, йæ 90 азы юбилейы рæстæджы йын кæй балæвар кодтой, уыцы урс нымæты.

Республикæйы Национ музейæн ма Цыбырты Людвиг  балæвар кодта йæ чингуытæ: «Периодическая  печать Кавказа об Осетии и осетинах» (2 томы), «Энциклопедия осетинской нартиады» (3 томы), «Южная Осетия: становление государственности» (3 томы) æмæ йæ 90 азы юбилейы цытæн рауагъдæрцæуæг чиныг.

Лæвæртты ахуыргонд радта Национ музейы  сырæзты 100 азы сæххæсты цытæн.

«Национ музей у паддзахаддзинады символтæй сæ иу. Алы бæстæтæй нæм уазджытæ куы æрцæуы, уæд фыццаджы фыццаг уыдон бацæуынц музеймæ, цæмæй базонгæ уой нæ бæстæимæ. Уæрæсейы æххуысы руаджы нæ Национ музейæн ис аккаг бæстыхай, цыран махæн нæ бон у нæ хъæздыг культурæ равдисын», – банысан кодта Цыбырты Людвиг.

Уый раарфæ кодта Национ музейы коллективæн сæ æнусон юбилейы цытæн. Лæмбынæг радзырдта йæ куыстыты æмæ цардвæндаджы тыххæй. Республикæйы рæзты истори уымæн йæ чингуыты лæмбынæг зыны.

Национ музейы директор Зассеты Мераб бузныджы ныхæстæ загъта Людвиг Алексейы фыртæн, йæ нысаниуæгджын лæвæртты тыххæй. Уый банысан кодта республикæйы рæзтмæ Цыбырты фырты стыр хайбавæрд.

«Музейы коллективы номæй мæ дæуæн зæгъын фæнды стыр бузныг. Дæ чингуытæ нæ библиотекæйы аккаг бынат ссардзысты. Музейы архайдмæ дæ хъус кæй дарыс, уый тыххæй дын стыр бузныг», – загъта Зассеты Мераб.

Хуссар Ирыстоны Национ музейы сырæзтыл ацы аз æххæст кæны сæдæ азы. Уыцы рæстæджы, куыд Хуссар Ирыстоны адæм, афтæ музей дæр бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста. Иууыл уæззаудæр азтæ, кæцытæ  музейы экспозицийы æвдыст æрцыдысты, уыдон сты 1920-æм, 1990-æм, 2008-æм азты ирæтты ныхмæ Гуырдзыстоны саразгæ геноциды цаутæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.