Арцеуæгтæ йæ хонынц бæрæгбонон лæвар

Арцеу горæтæй у 30 километры дæрддзæф. Рагæй фæстæмæ дæр хъæуы цæрджыты сæйраг проблемæтæй иу уыд æвзæрвадат фæндаг. Арцеуы хъæуы республикæимæ иу кæнынц дыууæ фæндаджы. Сæ иу Цхинвал-Ленингор трассæйæ Громыл цæугæйæ. Фæлæ ацы фæндаг у хъусмæ сæрыл æвналæгау дард. Ленингоры фæндаг кæд Громы хъæуы онг асфальтгонд у, уæддæр Громæй фалæмæ суанг Адзистауы онг цæуы хъæды бынты. Зымæ-джы мæйты вæййы æвадат. Дыккаг фæндаг, ома, Хелцуайы хъæуæй Ортъеумæ кæцы бахизы, уый у бæрæг къаддæр 17-18 км. Горæтæй Арцеуы онг фæндаг дзæбæх куы уаид, уæд бæлццæттæ хæццæ кæниккой 20 минутмæ. Стæй фæндаг хуссарварс кæй у, уымæ гæсгæ зымæгон рæстæг дæр проблемон нæ уыдзæн. Арцеуы администрацимæ цы хъæутæ хауынц, уыдон цæрджытæ — Адзистау, Икъорта, Ортъеу рагæй домдтой Хицауадæй, цæмæй сæм сæ хъус æрдарой. Ныртæккæ ацы кæддæры нæргæ хъæу Ирыстоны æндæр хъæутау федзæрæг, фæлæ дзы уæддæр ис 200 хæдзары бæрц. Цæрджытæн сæ фылдæр кæнынц зæххы куыст. Алкæмæн дæр дзы ис дыргъдон. Донхæрыдонæй цух не сты. Алы хуыцаубон сæ къухтæй æркæнгæ дыргътæ, халсæрттæ, урсаджы продукттæ раласынц базармæ æмæ сæ уым уæй кæнынц. Æхсæнадон транспортæй сæм цæуы УАЗИК машинæ къуыри дыууæ хатты. Фæлæ хуыцаубоны хъæуы адæм баххуырсынц уæлæмхас транспорт. Фидынц фæйнæ 500 сомы. Шофыр йæхи раст кæны, ома, дам, фæндаг дзыхъхъытæ-мыхъхъытæ кæй у, зынаргъ уымæн лæууы фæндаггаг.

Ацы фæсвæд фæндаг рагæй саразынмæ хъавыдис хицауад, кæддæр ын Инвестпрограммæйæ дæр хицæн кодтой фæрæзтæ. Фæлæ фæстæдæр уыцы фæрæзтæ æндæр объектмæ адæдтой. Арцеуы хъæумæ цæуæг фæндаджы арæзтад та ахастой фидæн азтæм.

Цхинвалы администрацийы сæргълæууæгæй Бæззаты Иналы куы снысан кодтой, уæд Арцеуы администрацийы сконды хъæуты цæрджытæ ногæй сдзырдтой сæ проблемæтыл. Цæрджыты тыхст уавæр хынцгæйæ æрæджы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад бавнæлдта фæндаг аразынмæ. Иу ран дзы арæзт æрцæудзæн хид дæр. Ацы хиды арæзтадмæ кæддæр ма бавнæлдтой, фæлæ йæ æрдæгарæзтæй ныууагътой. Ныр æй аразынц ка-питалонæй. Фæндаджы уæлцъар та сыгъдæг кæнынц брон æмæ дуртæй. Аразджытæ зæгъынц, зæгъгæ, фæндаг кæд капиталонæй арæзт не ’рцæудзæн, уæддæр зымæгон бонты ам сæрибарæй цæудзысты рог машинæтæ. Фæндагыл куыстытæ фæуыдзысты ног азмæ æмæ ацы цæрæн пункты цæрджыты нал хъæудзæн дæрдтыл зилын.

Районы сæргълæууæг ма куыд зæгъы, афтæмæй уыдон ноджы дæр кусынц Сатихъар æмæ Ортъеуы хъæутæм фæндæгтыл. Дыууæ хъæумæ ссæуæнтæ дæр уыдысты æдзæллаг. Районы цæрæнуатон-коммуналон кусджытæ фæндæгтæ алæгъз кодтой, хуыр сыл ныккалдтой. Фæндаджы иуварс доны къанаутæ сарæзтой, цæмæй къæвдабонты дон фæндаджы уæлцъар ма хæра. Ныр уым æдæрсгæ цæудзысты машинæтæ. Коммуналон службæтæ ма уыцыиу рæстæг архайынц хъæутæм дон уадзыныл дæр, сыгъдæг кæнынц доны цъайтæ кæрдæг æмæ хус сыфтæй, цæмæй зымæджы бонты адæм донæй ма фæцух уой.

Уазæгты Марфа