Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов Цыбырты Людвигы схорзæхджын кодта УФ-йы Культурæйы министрады зæрдылдарæн майдан «Великий русский писатель Ф. М. Достоевский 1821-2021»-йæ, зынгæ уырыссаг фыссæг Федор Достоевскийы бынтæ хъахъхъæнын æмæ популяризаци кæныны хъуыддагмæ йæ хайбавæрды тыххæй. Цыбырты Людвиг Алексийы фырт — РХИ-йы фыццаг президент, профессор, ахуыргонд-ирзонæг, зынгæ хуссарирыстойнаг публицист, æрдзон зонæдты уæрæсейаг академийы уæнг. Æнтыстджын куысты азты дæргъы уый ныффыста этнографи, истори æмæ ирон адæмы культурæйы темæйы фæдыл 160 зонадон куыстæй фылдæр уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.