Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы кусджытæ ныссыгъдæг кодтой, Знауыры районмæ Леуахийæ цы къанау цæуы, уый.

«Къанаутæ рагацау ныссыгъдæг кæнын æмæ сæ уалдзæгмæ æрбæстон кæныныл бакусæм алы аз дæр. Тынг бахъыгдард вæййынц сæрды бонты æмæ сæ æвæстиатæй бахъæуы цалцæг кæнын. Къанаутæ байдзаг вæййынц алыгъуызон бронæй æмæ сæ хæххытыл æрцæуы аваритæ. Донхæры дон вазыгджын у хъæууон цæрæгæн. Æнæ донæй нæдæр халсар зайы, нæдæр дыргъ. Знауыры районы Бадаты хъæуы цæрджытæ ацы цухдзинад рагæй æвзæрстой. Ацы бонты „Мелиораци“-йы кусджытæ Уелиты хъæуæй уырдæм айгæрстой донхæры къанау. Ныр уыдонæн сæ бон уыдзæн сæ цæхæрадæтты халсæрттæ æмæ дыргътæ æрзайын кæнын. Ивгъуыд азы æнæнхъæлæджы уавæры бахауд Уелитмæцæуæг доны къанау. Мæскуыйаг микрорайоны сæрмæ дыууæ шахтæйæ сæ иу бахъыгдард æмæ къанау бахус. Ацы донæй пайда кодтой Цхинвалы районы Ныгуылæнфарсы хъæутæ æмæ Знауыры районы цалдæр хъæуы», — зæгъы Хуыгаты Вадим.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, æрнымайгæ хъæуты бирæ арендатортæ æмæ фермертæ кæй ис. Уыдон цалдæр боны æнæ донæй баззадысты. «Мелиораци»-йы кусджытæ æрæвнæлдтой куыстытæ æххæст кæнынмæ. Йæ сæргълæууæг Хуыгаты Вадим курæггаг техникæйæ, æхсæвæй-бонæй архайгæйæ, ссардта аварийы бынат. Уый тыххæй бахъуыд Чъехы хъæуы Леуахийы дон ахицæн кæнын. Фыццаг шахтæйы цы дон уыд, уый æмткæй сæнцъырдтой, æмæ бавнæлдтой дыккаг сыгъдæг кæнынмæ, цалдæр бонмæ бакодтой гуырахстджын куыст æмæ донæй сифтонг сты ацы фарс хъæуты цæрджытæ.

Хуыгаты Вадим ма загъта, зæгъгæ, ноябры мæйы кæронмæ кусынæн бæзгæ у æмæ архайдзыстæм, сæйраджыдæр, къанаутæ рагацау ссыгъдæг æмæ сцалцæг кæнын.

Уымæй размæ «Мелиораци»-йы кусджытæ Сацхенетæй суанг Присы хъæуы онг къанау æрбæстон кодтой. Къохаты хъæумæ къанау дæр афтæ. Зындзинæдтæ æвзарынц цæрджытæй иуæй-иутæ, къанаутæм хæстæг зæххытæ кæй бацахстой, уымæй. Ахæм рæттæм техникæ нæ фæцарæхсы.

Раздæрау, риссаг фарстайæ баззад Арцеуы хъæуыл цæуæг Тъирипоны къанауы уавæр. Ергнеты цы бадзырдтæ вæййы, уымæ гæсгæ Арцеуы хъæуыл цæуæг донхæры донæй хъуамæ пайда кодтаиккой Гуры районы гуырдзиаг хъæуы цæрджытæ. Сæхи рады уыдон та дон хъуамæ лæвар дæдтаиккой Ленингоры районы Цъинагары цæрæн пункты цæрджытæн. Фæлæ алы сæрд дæр ацы фарст свæййы быцæуаг. Гуырдзыстоны цæрджытæ Цъинагармæ фаг дон нæ фæдæттынц æмæ сæ быдыртæ бахус вæййынц.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.