Цхинвалы районы Арцеуы хъæу, горæтæй у 30 километры дæрддзæф. Хъæу зындгонд у, 1171 азы дзы цы историон цыртдзæвæн, арæзт æрцыд, уымæй. Ацы аргъуан нымад цæуы нæ республикæйы иууыл стырдæр кувæндæттæй сæ иуыл. Арцеуы администрацийы сконды сты Адзистау, Икорта æмæ Отъреуы хъæутæ. Хъæуы ис скъола, фæлæ дзы бæрцæй ис цалдæр скъоладзауы. Ис дзы амбулатори, фадыгон милицийы пункт. Цæрджытæ кæнынц зæххы æмæ фосдарды куыст. Хъæуы астæу цæуы цæугæдон. Уый фæрцы донхæр цæуынц сæ цæхæрадæттæ æмæ быдыртæ. Сæ дыргъдæттæй райсынц хъæздыг тыллæг. Хорз дзы зайы сæнæфсир дæр. Гояты Анатоли цалдæр азы размæ сæндидзын кодта, Советон дуджы Арцеуы цы егъау сæнæфсиры быдыртæ уыд, уыдонæн сæ иу хай. Уымæн йæ сæнæфсир сæндонæй балхæнынц, иннæ хай та радты сæны заводмæ, цы бадзырд арæзт сын ис, уый бындурыл.

Æхсæнадон транспорт горæтæй Арцеуы хъæумæ цæуы къуыри æрмæст дыууæ хатты – дыццæг æмæ майрæмбоны. Фæлæ хъæуы цæрджыты транспорты сæр хуыцаубоны тынгдæр фæхъæуы, уымæ гæсгæ сæ уыцы бонты бахъæуы транспорт æххуырсын, цæмæй сæ базайрæгтæ раласой базармæ. Фæндаггаг афтæ зынаргъ нæ уаид, фæлæ фæндаг ис æдзæллаг уавæры. Горæтæй сæм цы дыууæ фæндаг цæуы, уыдонæй сæ иу – Цхинвал-Ленингоры трассæ, Горомы хъæуыл цæуы. Йæ уавæр уымæн хуыздæр у, фæлæ фæндаг, дæ хъусмæ дæ сæрты куыд æвналай, уыйау у. Иннæ та у æввахсдæр, фæлæ – зынцæуæн. Йæ саразын абон арцеуæгтæй алкæй бæллиц дæр у.

Хъæуы цæрджыты проблемæтæй ма иу у, Гуырдзыстоны арæнмæ хæстæг кæй цæрынц, уый. Сæ зæххытæй ахауд Гуырдзыстонмæ æмæ ныр уыдон уыцы фарс æгуыстæй лæууынц. Дыууæ паддзахады ‘хсæн арæн куыд æмбæлы, афтæ æхгæд нæу, фос ахизынц иннæ фарсмæ æмæ адæм фæагурынц фадæттæ, уыдон фæстæмæ раздахынæн. Фылдæр хатт сæ хъаст бадæттынц МПРИ-йы сæргълæууæг Коцты Егормæ, уый фæдзуры Гуырдзыстоны фарсмæ, цæмæй раздахой фосы. Кæннод та сын Гуырдзыстоны цы хæстæджытæ ис, уыдонмæ телефоны бадзурынц, цæмæй  сын сæ раздахынæн баххуыс кæной. «Мæ мад арæнмæ хæстæг цæры, нæхицæй куы акæсын, уæд мæ цæгаты хæдзары уæлхæдзар суынын. Мæ былы цъæрттæ хæрын, мæ мад, мæ фыд, мæ хойы уындмæ. Фæлæ арæнхъахъхъæнджытæй нæ уæндын, иу æмæ мæ дыууæ хатт нæ фæивар кодтой. Мæ фос ахизынц, уыдон мæхицæй уæндондæр сты», – дзуры Цациашвили Тиа.

Арцеуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, уыдон горæты централон базармæ ласынц халсар, дыргъ, сæнæфиср æмæ урсаджы продукттæ, фæлæ тыхсынц нуазыны доны цухдзинадæй, куыд æмбæлы афтæ сæм нæ цæуы. Иу æмæ дыууæ хатт нæ архайдтой ацы проблемæйыл районы къухдариуæгад, фæлæ фарст кæронмæ никуы аскъуыддзаг  ис.

Хъыгагæн, Арцеуы хъæуы цæрджыты ‘хсæн ис бирæ кардзыд, æвæгæсæг адæм. Сæ иутæн сæ хиуæттæ, сæ сывæллæттæ сты Гуырдзыстоны. Сæхæдæг, цæрæнбонты цы хæдзæртты фæцардысты, уырдыгæй никæдæм фæнд кæнынц ацæуынмæ. Ныр сæ тыхыл нал сты. Ахæм иунæг, æвæгæсæг адæймæгтæм фæкæсынц æрмæстдæр сыхæгтæ. Арцеуы ахæм æвæгæсæгтæ ис 14 адæймаджы. Уыдон социалон æххуыс райсынц æрмæстдæр Сырх Дзуары комитетæй афæдз иу хатт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.