Царды цыдæриддæр дæсныйæдтæ ис, уыдонæй дохтыры дæсныйад у æппæтæй ахсджиагдæр, зындæр æмæ вазыгджындæр. Тæригъæд кæнын, фæлмæнзæрдæ уæвын, искæй рыст хи рыстау æнкъарын – уыдон сты дохтырæн йæ сæйраг миниуджытæ.

 Адæм сæм фенхъæлмæ кæсынц, ныфс сæ æвæрынц… Рынчын дохтыры хъару, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадыл куы баууæнда, йæхимидæг фидарæй куы зæгъа, адзæбæх мæ кæндзæн, аирвæзын мæ кæндзæн, уæд уымæн æнæрцæугæ нæй. Ныфсæй аразгæ у…

Хорз дохтыры алы хатт дæр Хуыцауы лæвæрд фæхонынц, ома йæм Хуыцауæй лæвæрд курдиат ис.

Сæ къухмæ кард куы райсынц, уæд, рынчынмæ кæсгæйæ, сæ сæры вæййы æрмæстдæр иу хъуыды: ацы адæймаг хъуамæ цæргæ кæна. Цалдæргай сахæттæ къæхтыл лæугæйæ, фæллад нæ зонынц, сæ зонындзинæдтæ, æппæт хъарутæ дæттынц, цæ-мæй операци æнтыстджынæй ацæуа. Уæззау рынчыны куы æрбаласынц, уæд хиууæт-тæ дохтыры цæстытæм фæкæсынц æмæ хъуамæ фыдæнхъæл ма фæуой. Рынчынæн удæнцой скæнгæйæ, дохтыр айрох кæны йæ фæллад, æгъуыссæг æхсæвтæ.

Дохтыры професси у иууыл хъæуæгдæр професси, кæцы баст у адæмы цард æмæ æнæниздзинадимæ.

 Ахуыргонд адæм бирæ ис, фæлæ адæймагмæ куы нæ уа хуымæтæг æууæлтæ, æнкъарæнтæ, уæд нæ базондзæн йæ дæсныйадæй мæгуыр рынчыны фервæзын кæнын. Сбад дын никуы зæгъдзæн, ахæм истæмæй æнæницы дохтыр, цæмæй дæ зæрдæ барухс уа, фæлæ дын зæрдæриссынæн зæгъдзæн: «Дæ низ у æвзæр низ, махмæ йын хос нæй». Адæймаг æвзæр ныхас – рыст ныхас, тарст ныхас куы фехъусы, уæлдайдæр дохтырæй, уæд уый у маргæй фыддæр, æмæ лæг фесæфы йæ адзалæй раздæр. Лæгъз ныхас та у сой, хуры тын, цъæх арвы рухс, цин, фынг, базырджын маргъау, фидар, æндон, къæдзæхау бæр-зонд. Лæгæн фесæфы йæ низ, куы рацæуы дохтырæй уынгмæ, уæд.

Ацы вазыгджын рæстæг нæ дохтыртæ æвдисынц хъæбатырдзинад æмæ патриотизм. Хъæбатыртæ сæ куы схонæм, уæд нæ фæрæдидзыстæм. Хъуамæ алчидæр уавæр æнкъара æмæ низ ма ‘руадзыны мадзæлттæ, фæтк æххæст кæна.

Алкæй дæр хъæуы цырддзаст æмæ къæрцхъус уæвын нæхимæ дæр æмæ нæ алыварс адæммæ дæр. Дæхи хъахъхъæн-гæйæ, ды хъахъхъæныс иннæты; иннæты хъахъхъæнгæйæ та хъахъхъæныс дæхи æмæ дæ бинонты, дæ уарзон адæмы фидæн. Уыдæттæ хынцгæйæ, уый æмбаргæйæ, уæд, бæгуыдæр, дæумæ хæдзары бадыны домæн афтæ зын хъуыддаг нал кæсдзæн. Хистæртæ кæстæртæн хъуамæ амоной: ныртæккæ дзæгъæл рацу-бацуйы, тезгъойы рæстæг нæу.  Алы адæймаг дæр зынаргъ у нæ бæстæйæн, алчидæр цæрынæн райгуыры æмæ бахъахъхъæнæм нæхи æмæ кæрæдзийы цард. Хъуамæ дарддæр макæйуал бинонтæ фæрынчын уой. Уæхæдæг стут æвдисæн: ис цъиувæдисгæн-джытæ, ис ахæмтæ дæр, æмæ афтæ чи дзуры: «Махмæ нæй вирус æмæ  цæут уынгтæм». Уыдон дам-думтæ кæныныл дæр нæ ауæрдынц. Ахæмтæ нæ адæмы æцæг уарзтæй уарзынц?! Хорз зондыл сæ ардауынц ныртæккæйы тæссаг уавæры?! Цæмæй дæ адæммæ фæсидай, уымæн хъæуы алцыдæр æппæты растдæр тæразæй сбарын æмæ стыр бартæ. Æмæ уал адæймаг, фыццаджыдæр, хъуамæ райдайа йæхицæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.