Фæстаг рæстæджы нæ зымæгон рæстæг кæд тынг нæ буц кæны митуардæй, уæддæр ацы аз уалдзæджырдæм афтæ нæ рауад. Зымæджы митуард фæстейæ баззад марты мæймæ абаргæйæ. Фæстаг рæстæджы цы стыр мит æруарыд, уый æрмæст районты фæндæгты уавæрыл нæ бандæвта, фæлæ нæ Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг бæтты, уыцы ТрансКАМ-ы фæндаджы уавæрыл дæр. Уый фæстиуæгæн къуырийы бæрц у æхгæд, кæцы æндавы фæлхасадон  товартæй цæрджыты ифтонг кæныныл.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ къуыдаргоммæ фæдаг дæр цæуы Ерцъойы Цъоны æфцæгыл. Æмæ ацы хæххон бынаты дæр ныууарыд бирæ мит. Уый фæстиуæгæн зындзинæдтæ сæвзæрын кæны фæндагыл цæуæг автотранспорты фæрæзтæн.

Гуфта-Къуайсайы фæндаджы уавæрмæ егъау хъусдард здæхт цæуы нæ республикæйы Паддзахадон унитарон куыстуат Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ дæттыны фæдыл комитеты кусджыты ‘рдыгæй. Егъау митуарды рæстæджы фæндаджы ацы дæддзæг сыгъдæг кодтой æмæ æхгæд не ‘рцыд.

Уымæй дарддæр ма зымæгон рæстæджы стыр хъусдард здæхт цæуы æрмæст Къуайсайы фæндаджы уавæрмæ нæ, фæлæ мидæггагон нысаниуæджы фæндæгты уавæрмæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма фæндæгты уавæрмæ стыр хъусдард здæхт цæуы Къуайсайы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты рдыгæй дæр. Ацы хæдзарады сæргълæууæг Хуыгаты Алан нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ митуарды фæстиуæгæн Къуайса æмæ йæ алфæмблай хъæутæм фæндæгты хъуыд митæй асыгъдæг кæнын. Уыцы куыстытæ конд æрцыдысты рæстæгыл æмæ æмбæлон уагæй хæдзарады тыхтæ æмæ хъаруты руаджы. Уымæ гæсгæ нæ фæтыхстыты Хæрдысæр, Æхсæрджын, Фæзыхъæу, Мæсыгуат, Бзиты хъæу, Бестауты хъæу, Надарваз, Киров æмæ æндæр хъæуты цæрджытæ, уæлдайдæр Къуайсайæ дæрддаг хъæуты цæрджытæ.

«Стыр митуарды фæстиуæгæн ныртæккæ уæззау уавæры ис Къозы хъæумæ фæндаг. Коммуналон хæдзарады кусджытæ цæттæ сты алы-варсонæй, цæмæй ацы хъæумæ фæндаг дæр сыгъдæг æрцæуа рæстæгыл.

Егъау куыст ма хъуыд бакæнын донуадзæн хахх Везур-Къуайсамæ фæндаджы æмбæлон уагмæ æркæныныл. Ахæм уавæры ма уыд Къуайсайы горæты брондонмæ фæндаджы уавæр дæр. Уыцы бынатмæ дæр бынæттон Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады техникæйы руаджы сыгъдæг æрцыд фæндаг», – загъта Алан.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ зымæджы æрбалæудмæ ацы хæдзарад йæхи лæмбынæг фæцæттæ кæны, ацы рæстæгмæ, уымæн æмæ къуыдаргом нымад цæуы хæххон бынатыл æмæ цух нæ зайы зымæгон митуардтæй. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ техникæ æмæ æртагæй хæдзарад кæй у ифтонг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.