Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста документалон фильм «Отменивший войну»-йы равдысты, кæцы арæзт æрцыд дæлхайад «Альфа»-йы  ветеран Чилæхсаты Владимиры æхсардзинад æмæ хъайтардзинадыл. Равдыст уагъд æрцыд  Дзæуджыхъæуы Тæбæхсæуты Владимиры номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры.

Фильмы режиссер у УФ-йы Адæмон артист Николай Бурляев. Фильм арæзт æрцыд УФ-йы Культурæйы министрады киностуди «Золотая витязь»-ы æххуысæй.

Хуссар Ирыстонæй рацæуæг Чилæхсаты Владимир йæ цард снывонд кодта сусæг службæты кусынæн æмæ стыр хайбавæрд бахаста уæрæсейаг паддзахад хъахъхъæныны хъуыддагмæ.

Бирæ азты дæргъы удуæлдай службæ кæныны рæстæджы уый райста бирæ уæлдæр хорзæхтæ.

Йæ раныхасы Битарты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, сæрыстыр у ахæм адæмæй, кæцытæ нырыккон историйы хъахъхъæнынц Фыдыбæстæ æмæ аразырнц хъайтарон хъуыддæгтæ.

Дисы æмæ сæрыстырдзинад æвдисæг ныхæстæ фильмы хъайтарæн загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг æрымысд, фыццаг хатт Чилæхсаты Владимиры сгуыхтдзинады тыххæй куы фехъуыста, уый æмæ цалдæр азы фæстæ куыд базонгæ ис  ахæм бирæварсон, куырыхон æмæ  удыхъæдæй тыхджын адæймагимæ.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Николай Бурляевæн, кæцы равдыста ахæм адæймæгты фæлгонцтæ, кæцытæ, сæ цард нывонд кæнгæйæ, аразынц æппæт дæр, цæмæй Уæрæсейаг паддзахад уа тыхджын æмæ фидар бæстæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Документалон фильм «Отменивший войну» райста фыццаг хорзæх Мæскуыйы фестиваль «Лучезарный ангел»-ы.

«Æз цы дæлхайады службæ кодтон, уым фидар æрцыд мæ тырнындзинад Фыдыбæстæйæн пайда уæвынæн. Уымæ гæсгæ фильм «Отменивший войну» æрмæст мæн тыххæй нæу. Уый у мах тыхæй, мах бæстæйы тыххæй» – банысан кодта Чилæхсаты Владимир.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.