Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмбырд ауагъта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты хайадистæй. Æмбырды уынаффæ кодтой паддзахады социалон-экономикон политикæйы фарстатыл  æмæ  2020-2022 азты фадыгон рæзты программæйыл куыд куыстæуы, уый тыххæй.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй Президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдтæм гæсгæ, фадыгон программæтæ хъуамæ æрвыст æрцæуой Хицауадмæ январы кæронмæ.

«Документтæ хъуамæ максималонæй æрæмныхгонд æрцæуой бæстæйы социалон-экономикон рæзты фæдыл иумиаг стратегиимæ, астæуккагсуткæйон перспективæйы, Президенты банысангонд приоритеттимæ, афтæ ма æввахс æртæ азмæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæимæ баст нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтимæ», – банысан кодта Хицауады сæргълæууæг.

Пухаты Эрик бахæс кодта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй ныридæгæн райдайой активонæй кусын.

Уый  банысан кодта, зæгъгæ, ногазон улæфтыты хæдфæстæ æрæмбырд кæндзæн Хицауады уæнгты ацы темæйы  фæдыл  радон æмбырдмæ.

Æмбырды рæстæджы загъдæуыд, зæгъгæ, дарддæргонд æрцæудзæн 2020-2022 азты  ахуырады, медицинон лæггæдты, æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы дарддæры модернизацийы, бастдзинады фадыджы, энергетикæйы комплексы, хъæууон хæдзарады, экономикæйы реалон секторы гъæд фæбæрзонддæр æмæ æнцонвадатдæр кæныны фæдыл комплексон мадзæлтты реализаци.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.