Ирон адæммæ рагæй фæстæмæ цы хорз æгъдæуттæ баззад, адæймагæй адæймаджы æхсæн цы хорз ахастытæ ныббиноныг сты, уыдонæй иу уыд æмæ у сылгоймагæн уæлдай кад кæнын. Уый ирдæй зыны ирон адæмы дзыхæй дзургæ сфæлдыстады. Сылгоймагæн кад кæнынæй æвзæры йæ кæлмæрзæны кад дæр.

Кæуылты кадджын æмæ намысджын, уыимæ рæдау æфсин уыдис Нарты Сатана. Уымæ Нарт тынг хъуыстой сæрбахъуыды заманы æмæ æрвылбон царды. Зондджын, æмбаргæ æмæ æппæт зонæг сылгоймаг, йæ кæлмæрзæн йæ сæрæй никуы иста. Кæлмæрзæн кады нысан уыд нæ фыдæлтæм.

Раздæр ирон адæм хæхты цардысты. Уыд зын æмæ тыхст рæстæг. Бирæ аххосæгтæм гæсгæ се `хсæн арæх цыдис тохтæ. Цæмæй туг ма ныккалдаид, уый тыххæй сылгоймаг йæхи нывондæн хаста, йæ сæрæй-иу систа йæ кады кæлмæрзæн æмæ-иу æй æрывæрдта дыууæ хылгæнджы раз зæххыл æмæ-иу сын кæрæдзимæ бавналыны бар нал уыдис, ирон æгъдаумæ гæсгæ. Сылгоймаджы кæлмæрзæн-иу Церечы згъæрыл нымадтой, ома, у туджджынты уромæг. Æмæ æцæгæйдæр, йæ фарнæй цал æмæ цал адæймаджы фервæзтис мæлæтæй, бирæ аххосджынты раздæхта ингæны къæсæрæй. Уыдис-иу ахæм хабар æмæ-иу марæг йæ зонгуытыл æрлæууыд кæй амардта, уый мады раз æмæ дзы куырдта хатыр. Кæд-иу мад сразы уыдаид, уæд-иу æй йæ кæлмæрзæнæй æрæмбæрзта æмæ адæмæн загъта: “Ма йæ амарут, мæрдты мын фæфидæд, кæй амардта, уый хъиамæт.” Хатт-иу ыл йæ дзидзи дæр бадыгъта æмæ-иу уæд адæм ныссабыр сты. Туджджын-иу баззад, кæй амардта, уый мадимæ. Иннæ ахæм цау æмæ-иу лæг фæхыл йæ усимæ. Уый алыгъд йæ цæгатмæ æмæ лæг хъуыдыты аныгъуылд зæгъгæ, хорз нæ бакодтон, ме `фсины фæхъыг кодтон, уый худинаджы хабар у. Æмæ хæдзарæн æввахсдæр чи уыдис, ахæм лæджы арвыста йæ каистæм, цæмæй йын йе `фсины фæстæмæ раздахой æмæ худинаджы бынаты ма баззайой дыууæ мыккаджы. Æфсин уæд хатæгимæ раздæхтис хуынимæ æмæ сын фынг æрæвæрдта хæдзары. Йæ кæлмæрзæн зына-нæзына йæ сæрæй систа, фæлæ йын  æй хатæг æркæнын кодта æмæ сын ракуывта сæ фидыды тыххæй.

Ирон адæм сылгоймаджы тыххæй дзырдтой афтæ: «Уый дзуар æмæ дуаг дæр у, кæлмæрзæны хицау æмæ йæ уый æгадмæ не `руаддзæн. Нæлгоймæгтæ-иу дисы бахаудтой сылгоймаджы фидар куырыхон зонды тыххæй æмæ-иу дзырдтой, зæгъгæ, сылгоймаг æрдзæй лæмæгъдæр у нæлгоймагæй, фæлæ фидардæр лæууы, йе `взаг кæрдæнтæ кæны, йæ кæлмæрзæн та фарны кæлмæрзæн у. Фидауын кæны туджджынты, хылгæнджыты. Æцæгæлон нæлгоймаг сылгоймаджы гомсæрæй куы федтаид, уæд уымæй худинагдæр сылгоймагæн ницы уыд.

Сылгоймагыл-иу нæлгоймаг куы амбæлди, уæдайдæр та бæлццон лæгыл, уæд-иу æрлæууыд æфсæрмæй, йæ сæр æруагъта, нæлгоймаг-иу ын арфæ ракодта, йæ разæй йæ кæй ауагъта, уый тыххæй æмæ-иу дарддæр араст йæ фæндагыл. Фыдæлтæй нын баззад æмбисонд: Нæлгоймаг дыл сæмбæлд фæндагыл, уæд ма ахиз разæй, цæмæй дæ бинонтæ хызт уой фыдбылызæй. Сылгоймаг  кадгæнæг у нæлгоймагæн.

О, стыр уыдис сылгоймаджы æмæ уыимæ йæ кæлмæрзæны кад дæр. Стыр уыдис йæ фарн æмæ ахъаз кодта адæмы æхсæн кæрæдзиимæ сæ ахастытæ бæстон кæнынæн.

Хъыгагæн, абон афтæ нал у. Афтæ мæм фæкæсы, цыма кæлмæрзæнимæ, фесæфтис иуæй-иу сылгоймаджы æгъдау æмæ фарн дæр. Раздæрау нæлгоймаджы цур сæр ныллæг æруадзыны бæсты иуæй-иутæ сæ къæйных, æнæуаг митæй дисы бафтауынц канд  хистæр кары сылгоймæгты нæ, фæлæ алкæйдæр. Цы гæнæн ис, уый æвæццæгæн, бирæбæрцæй хъомыладыл баст у. Бинонтæй цæуынц фарн æмæ æгъдау. Æмæ сæ кæд абон афтæ æххæст кæнын нал зонæм, уæддæр нæ ма хъуамæ рох кæной ирон сылгоймаджы раздæры кад, фарн æмæ æгъдау.

      БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.