Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли кусæгон балцы уыд Дзауы районы, цыран хайад райста Дзауы клубы гом кæныны цытджын церемонийы. Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæгæн æмæ  ахæм ныса-ниуæгджын объект аразыныл чи бацархайдта, æппæт уыдонæн, афтæ ма ныфс бавæрдта, клуб кæй суыдзæн цæрджыты æхсæнадон æмæ культурон царды центр.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хъæуы нырма саразын, зæгъæм, районы нæ кусы телеуынынад, æмæ нын уыцы проблемæ зындгонд у. Цы плæнттæ нын ис, уыдонмæ гæсгæ нæ республикæйы æппæт районтæм дæр ацы аз сæрды кæронмæ хъуамæ уагъд æрцæуа нымæцон телеуынынад», – загъта Президент.

Районы цæрджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Дзауы районы администрацийы культурæйы управленийы хистæр Карсанты Галинæ. Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады политикæ здæхт кæй у республикæйы культурæйы фадыг райрæзын кæнынмæ.

«Мæнæн тынг æхсызгон у ахæм лæвар райсын. Хорз у, кæй нæм фæзынд ахæм бынат, цыран Дзауы поселочы хæдархайгæ аивадон коллективтæ архайдзысты», – загъта Карсанты чызг.

Банысан кæнын хъæуы, клуб арæзт кæй æрцыд Дзауы районы администрацийы бюджеты фæрæзтæй районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхты фæрцы. Клуб  арæзт æрцыд 208 бынатæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.