Президент Бибылты Анатоли бацыд республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ æмæ фембæлд медперсоналимæ. Фембæлды рæстæджы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан банысан кодта, зæгъгæ, медицинон центры базæйыл ауагъдæуыд бæрзондквалификацион мадзæлттæ сины стæджы эндопротезкæнынады фæдыл.

«Ацы проблемæмæ мах бацыдыстæм системонæй. Райдианы уал сахуыр кодтам нæхи специалист Константин Серветникы, Республикæ Дагъыстаны клиникон рынчындоны травматологион хайадмæ йæ стажировкæмæ арвитгæйæ, цыран ахуыр æмæ æххæст кодта сины ставд стæджы эндопротезкæныны операцитæ. Ахсджиаг уыд ахæм операцитæ Хуссар Ирыстоны аразын. Операцитæ иууылдæр арæзт æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл æмæ республикæйы цæрджытæн æнæаргъæй», – загъта уый.

Наниты Сослан банысан кодта, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад тагъд рæстæджы кæй райдайдзæн уæраджы стджыты эндопротезкæнын æмæ армытъæпæны стджытыл микрохирургион операцитæ.

«Уый гуырахстджындæр, фæлæ æнæмæнгхъæуæг процесс у. Министрад ма балхæндзæн уæраджы бæрзондгъæдон протезтæ. Нæ бадзырдтæм гæсгæ, марты мæйы махмæ специалисттæ æрцæудзысты Уæрæсейы Федерацийæ æмæ нын баххуыс кæндзысты медицинон æххуысы ацы хуыз ныббиноныг кæнынæн. Нæ операцион блоктæ æххæстбæрцæй дзуапп дæттынц  нырыккон стандарттæн.

Афтæ ма апрелы райдианы план цæуы армытъæпæны стджыты микрохирургийы фæдыл Уæрæсейæ æрцæуæг специалистты съезд ауадзын», – загъта министр.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм операцитæ аразын нысан кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинæйы комкоммæ размæцыд.

«Хуссар Ирыстоны медицинæ размæ кæй цæуы, уый æхсызгон хъуыддаг у. Нæ республикæйы ахæм ахсджиаг мадзæлттæ кæй уагъдæуы, уый дæр бæлвырд кæны уый, æмæ нæ  медицинæ иу бынаты нæ лæууы, фæлæ цырд темптæй размæ цæуы», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.