Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрæн йæ райгуырды боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Дмитри  Никъалайы фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырдыл 60 азы сæххæсты цытæн.

Ацы нысаниуæгджын бон нысан кæнгæйæ, ды, æнæдызæрдыгæй, дæ  Ирыстоны дипломатон элитæйы зынгæ минæвæртты ном хæссыны аккаг. Уæрæх зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, дæ хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ адæймагон бæрнæнкъарынад дæуæн æххуыс кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистры бæрнджын бынаты эффективонæй кусынæн.

Дæ бирæазон фæллойадон архайд бæрнон паддзахадон бынæтты, куыд куырыхон къухдариуæггæнæг, курдиатджын æмæ хъуыддагыл æнувыд дипломат, у бæрзонд аргъ ын скæнын æмæ де ‘мзæххонты æууæнкдзинады аккаг.

Ныфс мæ ис, хъуыддагмæ æмæ Фыдыбæстæмæ æнувыддзинад дарддæр дæр кæй уыдзысты хорз æххуысгæнджытæ дæ бæрон архайды. Кадджын юбилейы дын, цытджын Дмитри Никъалайы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, уæнгрогдзинад æмæ æнтыстытæ æппæт профессионалон æмæ цардуагон плæнттæ реализаци кæныны хъуыддаджы, дæ бинонтæн та сабырад æмæ фæрныгад».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.