Адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй, йæ иубæстон адæмæн лæггад кæнынæй скæны йæхицæн кад æмæ ном. Ахæм номхæссæнæй басгуыхт йæ радтæг адæмæн генион поэт æмæ сæрибары сæрыл тохгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Фæлæ уый цыты, номы тыххæй нæ тох кодта, уый бæллыд, цæмæй йæ иубæстон адæм ма æййафой æфхæрд, ма кæной хъизæмары цард, фæлæ йæ æрвитой амондджынæй. Уыдон æвдисы йæ диссаджы уацмысты æмæ систы уарзон ирон адæмæн, генийы ном та цæры йæ адæмы ‘хсæн, цыфæнды заманы дæр. Æнæхъуаджы нæ фыста поэт Козаты Исидор йæ иу æмдзæвгæйы:

 

«Къоста! Нæ рухс зарæг, нæ зонд,

Йæ ном, йæ цыт у Ирæн.

Нæ хæхтау слæууыдис бæрзонд

Æмæ нæры йæ лирæ.

 

Йæ сидт æнусты сæрты тахт,

Йæ зардмæ цъити тайы.

Уæдæ куыннæ стæм дардыл мах,

Кæм нæ зонынц Къостайы !»

 

О, зонынц Къостайы æрмæст нæхимæ нæ, фæлæ ма раздæры Советон Цæдис æмæ дард фæсарæйнаг бæстæты дæр. Йæ уацмыстæ ивд æрцыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм æмæ сын систы уарзон, кæсынц сæ зæрдиагæй.

Къостайы сфæлдыстады егъау ахадындзинады тыххæй сæ хъуыдытæ загътой стыр ахуыргонд, Къостайы номыл премийы лауреат Абайты Васо, профессор Гагкайты Хъазан, филологон зонæдты доктор, профессор Луценко Иван, Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Тугъан-ты Махарбег, Тыбылты Алыксандр, Джусойты Нафи, Дзуццаты Хадзы-Мурат. Поэты сфæлдыстады тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой Салæгаты Зоя «Фольклор Хетæгкаты Къостайы поэзийы», М. Шагинян «Хетæгкаты Къостайы публицистикæ», Е. Адельберг «Къоста – нывгæнæг», П. Павленко «Адæмы хъайтар» æмæ æндæртæ. Адæймаджы цæстыты раз сысты генион поэты фæлгонц, æндæр æмæ йыл æндæр рæстæджыты цы уацмыстæ рацыд мыхуыры, уыдон кæсгæйæ. Зæрдæмæдзæугæ  сты Хетæгкаты Нафирæт æмæ Хæблиаты Сафары «Къостайы кадæг», Дзанайты Сергейы «Нæ зарæггæнæг», Тедеты Рюрикы (Скифирон) «Къоста царды» æмæ бирæ æндæртæ.

Къостайы сфæлдыстадæн стыр аргъ кæнынц æндæр адæмтæ дæр. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн цалдæр адæймаджы ныхæстæ.

Фыссæг, ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат В. Лацис:

«Цæгат Ирыстоны аивады æмæ литературæйы декадæйы боны фæткы Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад иттæг стыр бынат кæй ахсы, уый у бынтон ахсджиаг хъуыддаг».

Япойнаг фыссæг æмæ критик Туцудзо Исикива:

«Японы стыр аргъ ис Горькийы уацмыстæн. Бирæты дзы иттæг æхсызгонæн кæсæм нæхи æвзагмæ тæлмацгондæй. Махмæ интеллигенцийæ бирæтæ зонынц Ирыстоны фыссæг Хетæджы фырты дæр».

Советон Цæдисы æртæ хатты Хъæбатыр А. Покрышкин:

Сывæллоны бонты цирк бирæ бауарзтон. Бауарзтон литературæ дæр. Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад мын тынг адджын у».

Ахæм у гени, уый цæры алы дуджы дæр, алы адæмты зæрдæтæн дæр у уарзон æмæ табуйаг.

                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.