Мыхуыры рацыд зынгæ ирон фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Уанеты Владимиры чиныг «Иу ныхас сусæг дунейæ», зæгъгæ. Чиныг сарæзта æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодта Гаглойты Тауырзæт. Йæ редактор та у Хъодалаты Хансиат.

Хаст æм æрцыдысты курдиатджын фыссæджы уацаутæ, радзырдтæ, уацтæ – «Сæфт амонд», «Сæ нæмттæ рох не сты», «Хæйрæджы сайд», «Цъиуты катай» (чысыл ныв), «Кæрдзыны къæбæр», «Хъæццул», «Амондмæ бæллæг», «Æндон тулдз», «Мæн тæхын фæнды, тæхын!», «Зымæгон хъызт бон» (мысинаг), «Дыууын азы дæргъы», «Нывонд фыс» (æнкъард ныв), «Æгад æви мæлæт», «Иу бон Дзауы», «Æз уарзын мæ Райгуырæн бæстæ» æмæ æндæртæ.

Чиныгæн разныхас ныффыста журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редактор, фыссæг Наниты Асиат. «Рæстæй æфхæрд адæймаг царды тухæнтæн куы сфæраза, уæд уый та вæййы йæ радтæг адæмы æцæг патриот, йæ райгуырæн уæзæгмæ зæрдæйы фидар тугдадзинтæй баст. Уанеты Владимирыл йе ‘взонджы бонты, студент уæвгæйæ, ирон адæмæн иумæйаг проблемæ цы уыд, æмæ ма абон дæр цы у уый –  мадæлон æвзаджы хъысмæт, – уый тыххæй йыл уазал, талынг ахæстоны дуар бахгæдтой дыууын фондз азы æмгъуыдмæ. Уæддæр,  бузныг Хуыцауæн, фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæй. Бирæ радæлæ-бауæлæты фæстæ сæрибар æрцыд рæстæй æфхæрд лæг. Фæлæ къаддæр зындзинæдтæ нæ бавзæрста, куы æрæздæхт йæ райгуырæн къуыммæ, уæд дæр. Æгæрыстæмæй йæ фæстæмæ институтмæ дæр нал истой, цæмæй йæ ахуыр адарддæр кодтаид, фæлæ уæддæр рæстагон тохы кæддæриддæр раст адæймаг фæуæлахиз вæййы.

Уанеты Владимир – Уанеты Захары номыл РХИ-йы зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæг, филологон зонæдты кандидат, РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы æмæ Æппæтуæрæсейон иумæйаг национ преми «Золотой Дельвиг»-ы премиты лауреат, Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг, мыхуыры рауагъта радзырдтæ, уацаутæ æмæ пьесæты цалдæр æмбырдгонды хицæн чингуытæй. Уымæй дарддæр мыхуырмæ бацæттæ кодта цымыдисон чиныг фыццаг ирон сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Йæ пьесæтæ æнæкъуылымпыйæ æмæ æнтыстджынæй æвæрд цыдысты æмæ ныр дæр цæуынц ирон театрты сценæтыл. Уымæй дарддæр ма уыд ирон æвзаджы алыгъуызон фарстыты фæдыл фыст бирæ зонадон куыстыты автор», – фыссы йæ разныхасы Наниты Асиат.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ирон-гуырдзиаг хæсты рæстæджы (1989-2008 азты) æдзухдæр кæй уыд йæ адæмы фарсмæ. Владимир кæд йæ царды дыркъуым фæндæгтыл фæцыд, уæддæр ын Хуыцау схæлар кодта иу хæрзиуæг: йæ рæстæджы йæ æнæуæрст адæмæй аккаг хай фæцис.

Уанеты Владимир йе ‘мкъай Гаглойты Тауырзæтимæ, сæ дыууæ фырт æмæ уыдоны хъæбултимæ кæрæдзи æмбаргæйæ фæцардысты йæ амæлæты бонмæ.  Ныр ма йын йе ‘мкъай йæ амæлæты фæстæ фæстаджы лæггад бакодта: йе сфæлдыстадон бынтæ йын сыфгай фæтымбыл кодта æмæ сæ сарæзта æртæ чиныджы  «Иу ныхас сусæг дунейæ» (прозæ), «Æнæфæуд боныгæй» (поэзи) æмæ «Публицистикæ». Кæд мæрдтыбæсты исты ис, уæд сыл ахъаззаг фæцин кæндзæн. Фыссæгæн уымæй стырдæр лæггадæн уæвæн дæр нæй. Æмæ зæгъын хъæуы бузныг, чи сæ æрæмбырд кодта æмæ сын рухс чи фенын кодта, уымæн.

Къаддæр цин сыл нæ фæкæндзысты йе сфæлдыстад æмæ йæ удыхъæдæн æгæрон аргъ чи кæны, йæ уыцы иубæстон адæм дæр.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.