Хуссар Ирыстоны рынчын сывæллæттæ æнæаргъ консультацитæ райстой Алайнаг сылгоймæгты моладзандоны Елизаветæйы Сывæллæтты центры.

Дзæуджыхъæуккаг епархийы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леониды арфæгондæй  уагъдцæуæг æвдæм сæрдыгон  лагеры фæлгæтты мæскуыйаг специалисттæ рынчын сывæлæттæн æрвылбон дæр уагътой  сæрмагонд хъæзтытæ æмæ ахуыртæ. «Ацы аз консультацитæ райстой 28 бинонтæ Дзæуджыхъæуæй, Алагирæй, Горæтгæрон районæй, Елхоты хъæуæй, Беслæн æмæ Хуссар Ирыстонæй», – загътой епархийы.

Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ,  моладзандоны центры программæйы фæлгæтты æппæт бинонтæн дæр æххуыс цæуы æнæаргъæй

«Ацы сменæйы рынчын сывæллæттæн мах нæ хотимæ иумæ æххуыс кæнæм ныр цалдæр азы, уымæн æмæ нæм бахатынц сывæллæтты ныййарджытæ. Мах нæхæдæг никæй агурæм, адæм нæм сæхæдæг фæдзурынц æмæ нæм бахатынц, цæмæй сæ фæхонæм центрмæ. Махæн зын у сæ куырдиатыл ма сразы уæм. Лагерæн та фæрæзтæ æмбырд кодтам иумиагæй. Чи специалисттæн билеттæ балхæдта, чи  продукттæ æмæ куысты æрмæджытæ самал кодта. Аргъуаны æхсæнадæй бирæтæ ацы хъуыддаджы фарс кæй хæцынц, уый йын дæтты сæрмагонд монон тых», – Алайнаг моладзандоны игумен Ноннæйы (Багаты) ныхæстæ сфæлхатт кодта пресс-службæ.

Дзæуджыхъæуккаг епархийы банысан кодтой, зæгъгæ, сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны Елизаветæйы сывæллæтты реабилитацион центр рынчын сывæллæттæн сæрдыгон лагерь сорганизаци кæны 2012 азæй фæстæмæ. «Уыцы æмгъуыдмæ лагеры программæйы хайад райстой 80 бинонтæй фылдæр Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, кæцытæ хъомыл кæнынц инвалид сывæллæтты. 200 бинонтæй фылдæрæй та æнæ аргъæй райстой Мæскуыйаг центр «Мастерские психологической помощи детям»-ы бæрзонд квалификациджын специалистты консультацитæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.