Цхинвалы дыууадæсæм сывæллæтты рæвдауæндоны къæсæрæй чи бахиза, уый æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн, ам кæй кусынц сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинад чи уарзы, ахæмтæ. Уыдонæй сæ иу у Елбачиты Ламара.

Ламара райгуырд Гуырдзыстоны Карелы районы Елбачиты хъæуы. Йæ сабибонтæй абон хорзæн цы æрымыса, уый йын нæй. Йæ хистæртæй арæх хъуыста, 1920 азæй фæстæмæ гуырдзиæгтæн ирон адæммæ цахæм ахаст уыд, уый, æмæ йын се ‘хсæн цæрын зын уыд. Цы ирæттæ ма дзы цард, уыдоны кæстæртæй фæхицæн уыдаид, уый та йæ æппындæр нæ фæндыд. Ирæттæ иууылдæр æвзæрстой зындзинæдтæ. Куысты æмæ æндæр бынæтты  дæр æнкъардтой гуырдзиæгты æнæуынон ахаст. Ирон цæрджытæн уæлдай зындæр уыд, ирон нæ, фæлæ кæйдæр адæмы мыггæгтæ кæй хастой, уый. Абон Ламара куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, гуырдзиæгтæн сæ кæрæдзиимæ цахæм хорз ахаст уыдис, ахæм ахаст ирæттæм куы уыдаид, уæд сæм, чизоны, афтæ тынг нæ уæндыдаиккой.

Ирыстоны ирон адæм Ламарайы бинонтыл сæмбæлдысты зæрдæхæларæй. Фæлæ Ламара Цхинвалы æвдæм астæуккаг скъолайы авд къласы каст куы фæцис, уæд æй, бинонты уавæрмæ гæсгæ, фæстæмæ ацæуын бахъуыд Карелы районы Гвердзнеты хъæумæ, йæ мадыхомæ. Æцæг дзы бирæ рæстæг нæ баззад. Хъæуы астæуккаг скъолайы дыууæ азы сахуыр кæныны фæстæ фæстæмæ æрбаздæхт, тынг кæй уарзта, уыцы Ирыстонмæ. Бацыд Цхинвалы скъола-интернатмæ æмæ йæ каст фæцис хорз нысæнттыл.

Дæс азы гъеуал скъола, ахуыргæнджытæ æмæ æмкъласонтæ раивын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Алы скъоладзау нæ бафæраздзæнис ахæм фæлварæнтæн, фæлæ Ла-мара бафæрæзта. Æмæ æрмæст фæразгæ нæ, фæлæ ма райста хорз зонындзинæдтæ дæр æмæ æнтысгæйæ бацæуæн фæлварæнтæ радта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Институты ахуыр кæнгæйæ Ламарайæн ноджы тынгдæр раргом сты йæ хорз удыхъæды миниуджытæ. Йе’мкурсонтимæ йын уыд хæларадон ахастытæ. Уæдæй рацыд бирæ рæстæг, фæлæ абон дæр нæ рох кæнынц сæ уæды хорз æмæ уæздан ахастытæ. Цал-æр хатты æмбæлгæ дæр фæкодтой. Абон кæд сæ фылдæр сты нанатæ æмæ дадатæ, уæддæр цины æнкъарæнтимæ æрымысынц сæ студентон бонтæ.

 Институты фæстæ Ламара йæ амонд ссардта Цæгат Ирыстоны. Адæм ын куывтой йæ амондæн, цæмæй йе’мкъаимæ уа амондджын, схъомыл кæна хорз кæстæртæ. Райдианы  алцæмæй дæр рухс кодта Ламарайы зæрдæ, фæлæ… Æвзонг бинонтæн фæзынд зындзинæдтæ. Нæ сын бафæрæзтой æмæ йæ цардæмбалимæ сæ иумæйаг цард фехæлд.

Ламарайæн гакъон-макъонтæ рауад йæ куысты фæндаг дæр. Цалдæр аз акуыста Цæгат Ирыстоны Цæлыккы хъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны. Цхинвалмæ куы æрæздæхт, уæд фыццаг кусын райдыдта æхсæзæм сывæллæтты рæвдауæндоны. Уый фæстæ та «Вибромашинæ» заводы æмæ цыппæрæм сывæллæтты рæвдауæндоны. Куысты ахæм фæндагыл цæуын йæхи фæнд нæ уыд, фæлæ уæд куыст ссарын æнцон нæ уыд æмæ-иу рæстæгмæ куыст кæм фæзынд, уырдæм та-иу бацыд. Цы куыстуатæй-иу цыд, уырдыгæй иу æй алы хатт дæр фæндараст кодтой æнкъард æмæ æрхæндæгæй. Ламара-иу сын цыбыр æмгъуыдмæ, йæ куыстуарзондзинад æмæ йæ хæларзæрдæйы фæрцы, ссис уарзон адæймаг.

Ныр уый къорд азты дæргъы кусы Цхинвалы дыууадæсæм сывæллæтты рæвдауæндоны. Йе ‘мкусджытæ æмæ рæвдауæн-доны директор Коцты Нунуимæ куы ныхас кодтон, уæд банысан кодтой, зæгъгæ, Ламара у нæ уд æмæ нæ дзæцц. Уый исты аххо-сæгтæм гæсгæ куысты куы нæ вæййы, уæд вæййæм хасты хуызæн. Уыимæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, саби чи нæ уарзы, ахæм адæймаг нæй, фæлæ Ламара йæ хъомылгæнинæгтæй алкæй дæр уарзы хи хъæбултау.

Куыст, коллектив æмæ, цы сабитæ хъомыл кæны, уыдонмæ йæ хорз ахастæн цæуы æмбæлон аргъ. Цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд Ахуырад æмæ зонады министрады хорзæхтæй. 

Ламара цы царды фæндагыл рацыд, уымæн æнцон схонæн нæй, фæлæ куыд фæзæгъы, уымæ гæсгæ, уыдонæн ницы уаид, йæхæдæг æмæ йæ адæм 1989-2008 азты хъизæмæрттæ куы нæ бавзæрстаиккой, уæд. Ацы хæст Ламарайыл дæр ныууагъта стыр фæд. 1992 азы ныккæндмæ сæхи баауон кæныны тыххæй куы фæцæйхызтысты, раст уыцы уысм хæстæг ран фехæлд минæ. Фæцæф дыууадæс адæймаджы. Уæззаудæр цæф чи фæцис, уыдонæй иу уыд Ламара. Бахауд рынчындонмæ, йæхи дæр æрæмбæрста, уым. Дохтыртæ йын куы загътой, зæгъгæ, дын дæ къахæн æнæ алыгкæнгæ нæй, уæд йæ зæрдæ бахъарм æмæ та дохтырты ногæй бахъуыд уый йæхимæ æрцæуын кæныны сæр. Йæхимæ куы æрцыд, уæд сын загъта, зæгъгæ, цæйнæфæлтау иукъахон уон, фæлтау разы дæн мæлæтыл. Ламарайы æндæр цæфтимæ верттæхæгыл акодтой Цæгат Ирыстоны рынчындæттæй сæ иумæ. Ацы ныхæстæ мын куы кодта уæд йæ цæстытæ доны азылдта æмæ мын афтæ:

– Цхинвалæй нæ Дзæуджыхъæумæ куы кодтой, уæд нæм æрбацыд Хъуылымбегты Торез. Мах дзы не ‘ппæт дæр тасы æмæ тыхст æнкъарæнтимæ домдтам æххуыс. Алкæмæ дæр нæ бацыд, æвæрдта нын ныфсытæ æмæ мах куыд куыдтам, афтæ уый дæр райдыдта кæуын.

Ламара Цæгат Ирыстоны дæр нæ байхъуыста дохтыртæм, нæ бауагъта йæ къах лыг кæнын. Æмæ раст бакодта. Цалдæр мæй хос кæныны фæстæ Ламара, фыццаг лæдзгуыты фæрцы, фæстæдæр та æнæ уыдон æххуысæй дæр райдыдта ногæй къахдзæфтæ кæнын.                                                                                             

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.