Уый раджы уыди, тынг раджы…

Цардысты дыууæ æфсымæры – Ауызби æмæ Псымахо. Хъæздыг дæр сæ нæ рахуыдтаис æмæ мæгуыр дæр. Алцы дæр сæм – сæ фаг, хохаг лæгæн куыд æмбæлы, афтæ. Сæ фыд куы амард, уæд Ауызбийæн, хистæр кæй уыд, уымæ гæсгæ хæдзар йæ бæрны баззади. Псымахо та – хæрз саби, Ауызби йын æфсымæрæн дæр бæззыд æмæ фыдæн дæр.

Тызмæг у Ирыстоны хохаджы цард. Дзæгъæл буц митæн дзы бынат нæй. Ауызби дæр йæ гыццыл æфсымæрæн æнæхъуаджы дыги-дыгитæ нæ кодта. Никуы йæм бахудти, никуы йæ барæвдыдта… Рæстæг цыд, æмæ Псымахо дæр йæ лæппуйы кары цæуын байдыдта. Йæ фезмæлд – цæрдæг, бæхыл бадынмæ, гæрзтимæ архайынмæ – иттæг хæрзарæхст. Æмæ йыл чызджытæ сæ цæст æрæвæрдтой.

Уæды заманы алы лæппу дæр хъуамæ исты хъуыддаджы фесгуыхтаид, йæ миниуджытæ равдыстаид. Ауызби-иу йе ’фсымæры йемæ хæтæнты акодта –  уадз æмæ фæлтæра лæппу, йе ’мгæрттæй фæсте ма баззайа!

Æмæ зынтæй раиртæстаид лæг, адæмы цæсты сæ дыууæйæ кадджындæр чи уыд, донæн йе ’рфыты бирæ хæттыты чи бауад, уыцы «æрра барæг» Ауызби æви, хæтæнты фаг чи нæма ахатт, уыцы æнæрцæф гуырд Псымахо. Ауызбийы зæрдæ рад йе ’фсымæрæй, йæхимидæг дзы буц æмæ сæрыстыр уыди, кæд æм раздæрау йæхи тызмæгæй æвдыста, уæддæр.

Азтæ цыдысты. Ауызби фæасхуыз, йæ боцъойы урсытæ фæзынди. Лæппу-лæджы кары бацыди Псымахо дæр. Цыдæр æмбæхст хъуыды æнцой нæ лæвæрдта хистæр æфсымæрæн, арæх ын-иу йе ’рфгуытæ кæрæдзимæ æрбалхынцъ кодта. Иуахæмы бадзырдта Псымахомæ:

– Дыууæ ныхасæн мæ хъæуыс.

Лæппу йæм бацыд.

Ауызби иуварсырдæм азылд æмæ, цыма йæ ныхæстæ фæрсудзгæ кодта, уыйау сæ зынтæй фæрæзта дзурын:

– Иу хъуыддаджы тыххæй дын зæгъинаг уыдтæн. Æвæццæгæн æй дæхæдæг дæр æмбарыс, цавæр хъуыддаг у, уый. Бæлас дæр ма таутæ суадзы. Адæймагæн дæр йæ хæс у йæ фæстæ фæд ныууадзын… Чызг нæ сыхаг у, хæрзхъæд мыггагæй. Хъуыддагæн фæстæдæрмæ æргъæвæн нал и, кæнын æй хъæуы…

Ауызби æваст фæзылд æмæ, йе ’фсымæрмæ нæ бакæсгæйæ, уазæгдонмæ йæхи райста. Псымахо æвиппайды куыд афæлурс, йе уæнгты ихæнриз куыд ацыд, уыдæттæ нæ федта.

Псымахойы дæндæгтæ кæрæдзиуыл андæгъдысты. Æмыр уынæргъын сирвæзт йæ риуæй. Фырмæстæй æви фыррыстæй? Уый йæхæдæг дæр нæ рахатыдта. Иуцасдæр сагъдауæй баззади, стæй уæззау къахдзæфтæй рараст хъæуы кæронмæ…

Цалдæр боны йæхицæн æнцой нæ ардта Псымахо. Боныцъæхтыл-иу йæ бæхыл саргъ авæрдта, абадт-иу ыл æмæ-иу дымгæйау æрбайсæфт. Æхсидгæ монц ын йæ зæрдæйы уидæгтæ ардуанау хафта…

Иуахæмы фæсахсæвæрты зыбыты фæлладæй сæхимæ здæхти лæппу. Хъæдты, быдырты æнæсæрбæрæг, æнæбары хъеллауæй йæ хъару байсысти, йæ ныфс асасти. Сæ хæдзармæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ кауы цурæй райхъуысти сылгоймаджы фæлмæн хъæлæс:

– Псымахо, уæ Псымахо, фæлæу-ма иу чысыл.

– Асиат куы дæ! – æнахуыр цин æмæ дис йæ хъæлæсы сиу сты Псымахойæн. Сонтæй фæурæдта йæ бæх.

– Æнхъæлмæ кастæн де ’рбацыдмæ. Тынг дæм æнхъæлмæ кастæн… Мæ зæрдæ мæ риуæй ратоны… Æртæ боны фæстæ мæ де ’фсымæрæн дæттынц… Мæн нæ фæнды… Мæн дæу йедтæмæ ничи хъæуы… Иунæг дæу равзæрстон ацы стыр дунейы…

Асиаты цæстытæ парахат гом аисты, æнахуыр цырен арт сæ ссыгъди.

Псымахойы сæрмæ туг ныццавта, расыгау йæхи æривæзта чызгмæ, фæлæ æваст йæ чемы æрцыд. Асиаты уарзты ныхæстæ йыл æхсидæвтау æмбæлдысты, æмæ цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Фæстагмæ йыл судзгæ маст фæтых, бар-æнæбары йæ дзыхæй цыдæр æфхæрæн ныхас сирвæзтис, ехсæй йæ бæхы рагъ æрдзæхст ласта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ æхсæвы тары æрбадæлдзæх. Чызг йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ ныууынæргъыдта. Псымахо та дзæгъæл быдырты тахти, йæ сæр, йæ фат не ’мбаргæйæ… Бæх æваст фæкалди. Лæппу йæ саргъæй атахти, нæудзарыл дæлгоммæ æрхауд æмæ… Æмæ æнæбон сылгоймагау богъ-богъ кæнын байдыдта æхсарджын ирон барæг Псымахо. Йæ дзыхæй нæ цух кодта иунæг ном:

– Асиат!.. Асиат!.. О Асиат!..

Раст уыцы сахат Ауызби та, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, афтæмæй бадти уазæгдоны æмæ джихæй каст иу ранмæ. Уый зыдта хабæрттæ. Асиат æмæ Псымахо куы фембæлдысты, уæд кауы цур лæууыди. Бамбæрста хъуыддаг æмæ сабыр къахдзæфтæй йæхи райста сæхимæ. Æмæ йæм уыцы сахат афтæ фæкасти, цыма йæ цæсгомы æнцъылдтæ фæфылдæр сты…

* * *

Чындзæхсæв ахицæн. Ауызби хъуызæгау фæцæуы йе ’рыгон усмæ. Фæлæ уал раздæр фæмидæг йе ’фсымæры уаты. Дзуры йæм:

– Псымахо, рауай-ма!

Лæппу йæм æрбацыд. Ауызби йын йæ къухыл æрхæцыд æмæ йæ йемæ акодта. Йæ ног ус цы уаты уыд, уый дуар бакодта æмæ йæ мидæмæ бассыдта. Йæхæдæг дæр йемæ бахызти:

– Ма ку, Асиат! Мæнæ дын æй æрбакодтон. – Стæй Псымахойы удаист цæстытæм кæсгæйæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: – Ме ’фсымæр, адæттæ иууылдæр Хуыцауы арæзт хъуыддæгтæ сты. Йе уазæг ут… Уæ амонд бирæ…

Æмæ феддæдуар.

Псымахо йæ чемы куы ’рцыд, уæд ма йе ’фсымæры фæстæ бæргæ ратахти, фæлæ – дзæгъæлы: æрмæст ма дæрддзæфæй æрбайхъуысти бæхы къæхты хъæр. Æхсæвы тары æхсаргарды æхситтау ныййазæлыди Псымахойы удаист хъæр:

– Ауызби-и-и!

* * *

Зæронд у ныр Псымахо. Фырыхъулы хуызæн æхсæз лæппуйы æмæ йын иу цъæх чызг балæвар кодта Асиат. Амондджынæй фæцарди Псымахо. Хуыцауы хорзæхæй хайджын уыд. Гъе, фæлæ йын цыдæр нæ фаг кодта йæ цард-цæрæнбонты…

Ауызби цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уыйау, цы ’хсæв алыгъд, уыцы ’хсæвæй фæстæмæ никуыцæйуал разынди. Кæм æй нæ бацагуырдта Псымахо, цы рæтты нæ фæзылд – йæ кой, йæ хъæр дæр нал уыди.

– Цы фæдæ, мæ иунæг æфсымæр!? – арæх-иу уынæргъæгау сирвæзти Псымахойы риуæй. – Мæ мæлæты размæ ма дæ иу уынд уæддæр куы фæкæнин, мæ хъæбысы дæ куы ныттухин!..

Иуахæмы та Псымахо æнтъыснæгæй бадти йæ уаты. Ивгъуыд бонты мысинæгтæ йыл æртыхстысты, йæ зæрдæ йын аркъауау æлвæстой. Уалынджы чидæр кæрты дуар æрбахоста. Цалдæр минуты фæстæ уатмæ æрбахызти гуыбыр зæронд лæг. Æрбахызти, зæгъгæ, Псымахойы дыууæ лæппуйы йыл хæцыдысты, афтæмæй йæ лæдзæджы æнцæйтты тыхтæ-фыдтæй æрбаирвæзти мидæмæ.

– Фарн дæ хæдзары, Псымахо! – загъта зæронд лæг.

– Хуыцауы уазæг у! – дзуапп ын радта Псымахо æмæ сыстади.

Уазæг хæдзары къуымтыл йæ цæст ахаста, стæй Псымахойырдæм ракасти.

– Нæ мæ зоныс, Псымахо? Кæддæр хорз зонгæ уыдыстæм…

Фысым æрбацæуæгмæ бакæстытæ кодта, æмæ йыл æваст ризæг бахæцыди. Дзырдтæ йæ хъуыры нындзыг ысты, стæй йæ хъæлæсæй æвиппайды сирвæзт:

– Ауызби…

– О, æз дæн… Псымахо… Нал бафæрæзтон… Мæ зæронд стджытæ ма æрбахастон… мæ фыды къонамæ… Тыхтæ-амæлттæй…

Псымахо фæцæйæвнæлдта йе ’фсымæрæн хъæбыс кæнынмæ, фæлæ Ауызби уæдмæ дæргъæй-дæргъмæ бандоныл æрхауд æмæ йæ бон сыстын нал уыд, æрмæст ма гæзæмæты йæ ныхас райхъуысти:

– Мæлынмæ æрбахылдтæн, мæлынмæ, Псымахо… Табу Дæхицæн, ме скæнæг Хуыцау, æгайтма мын мæ фыды къона фенын кодтай. Псымахо… Ме ’фсымæр… Псымахо…

Цæлыккаты Ахмæт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.