Ивгъуыд къуыри Президент Гаглойты Алан фембæлд, Гуырдзыстонæй 1990 азты сæ цæрæн хæдзæрттæ æбарвæндæй чи ныууагъта æмæ рæстæгмæ æмдзæрæндæтты чи æрцард, уыдонимæ.

Гаглойты Алан байхъуыста раздæры турбазæ «Осетия» æмæ «Текстиль»-ы микрорайоны æмдзæрæндæтты цæрæг лигъдæттæм. Уыдон, сæйраджыдæр, домдтой фатертæ. «Фыццаг рады хъæуы сбæрæг кæнын, æмдзæрæндæтты чи цæры, уыдон æцæгæй дæр лигъдæттæ сты æви, цæрæнуат кæмæн нæй, ахæм æмбæстæгтæ. Зындгонд у уый дæр æмæ турбазæ «Осетия»-йы кæй ис, цæрæнуат кæмæн рахицæн кодтой, ахæм категорийы адæймæгтæ дæр. Уыдон баззадысты æмдзæрæндоны, цæмæй ма ноджы иу хатт райсой цæрæнуат. Хъæуы ацы фарст æрнывыл кæнын», – дзырдта фембæлды рæстæджы Президент.

«Хурзæрин»-ы редакторы хæслæвæрдмæ гæсгæ ацыдтæн турбазæ «Осетия»-мæ. Бынаты фембæлдтæн цæрджытимæ, цæмæй рафæлгъауон, Лигъдæтты социалон хъахъхъæнынады фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь Президентмæ цы номхыгъд бавдыста, ома, 1990 азæй нырмæ лигъдоны статусы чи ис, уыцы номхыгъд раст у æви нæ.

Хъыгагæн, 1990-æм азтæй нырмæ лигъдоны ном чи хæссы, уыдонæй абон  бирæтæ сты æнæ хæдзæрттæ. Кæддæр сæ фыдæлты зæххæй æбарвæндæй куы ралыгъдысты, уæд рæстæгмæ æрцардысты æмдзæрæндæтты. Уыцы адæмæй нырма дæр бирæтæ цæрынц «рæстæгмæ» цæрæн бынæтты  90-æм азтæй ныры онг. Æмдзæрæндæттæ сæхæдæг дæр бæллиццаг уавæры нæ уыдысты. Уазал хатæнты, æмбыд канализацион хæтæлтæ, къранттæй дон нæ цæуы… Фæлæ адæм быхстой, рæстæгмæ кæй сты ахæм уæззау уавæрты, уый сæ фидарæй уырныдта.

Лигъдæтты социалон хъахъхъæнынады комитет уал азы дæргъы архайы лигъдæттæн баххуыс  кæныныл.  Цалдæр азы размæ ЦАРЗ-ы районы æмдзæрæндоны цæрæг тыхст бинонтæ райстой фатертæ. Лигъдæттæй чидæртæ баисты коттеджты хицæуттæ дæр Тъбеты хъæуы. Дыууæйæн та сæхи фæндонмæ гæсгæ самадтой хæдзæрттæ Хеиты хъæуы. Æртыккагæн йæ хæдзар æрдæг арæзт у нырма. Се ‘хсæн ис ахæм дæр, кæцыйы йæ фыртæн радтой хæдзар Мæскуыйаг микрорайоны. Уый кæд нырма нæ фæнд кæны уырдæм алидзын, уæддæр æмдзæрæндоны ноджы иу хæдзар райсын æнхъæл нæ цæры.

Ныртæккæ туристон базæ «Осетия»-йы цæры 52 адæймаджы бынтон æдзæллаг уавæрты. Иннæ æмдзæрæндæтты – БАМ, Текстиль, Заводы уынг, Шанхайы дæр канализацитæ æвзæр уавæры сты, фæлæ куыддæртæй кусынц. Ацы турбазæйы цæрджытæн та, æгæрыстæмæй, сæ канализацион системæ дæр хæлд у.

Лигъдæттæ мын сæхæдæг ныфыссын кодтой, 1990 азæй чи цæры ацы æмдзæрæндоны, уыдон номхыгъд.

  1. Сафанова Жанна – г. Кутаисæй лигъдон 1991 нырмæ.
  2. Къæбысты Джульеттæ – Ксуисы хъæуæй лигъдон, æмдзæрондоны цæры 1991 азæй нырмæ.
  3. Елойты Эльзæ – Гурæй лигъдон 1991 азæй нырмæ.
  4. Шошиташвили Лейла – Ксуисы хъæуæй лигъдон 1991 азæй нырмæ.
  5. Туаты Майя – Арцеуы хъæуæй лигъдон 1991 азæй нырмæ.
  6. Дыгъуызты Анжелæ – Хелцуайы хъæуæй 1991 азæй нырмæ.
  7. Болататы Инессæ – Чугуты хъæуæй лигъдон 1992 азæй нырмæ.
  8. Козаты Хадизæт – Рустауæй 1991 азæй нырмæ лигъдон.
  9. Туаты Наирæ – Тетрицъхъаройæ ралыгъд 1991 азы.
  10. Лалыты Светланæ – Душеты районæй ралыгъд 1990 азы.

Лигъдæттæ ма номхыгъдмæ бахæссын кодтой Бахъаты Ельвирæ æмæ  Чилæхсаты Гулойы дæр. Уыдон кæд ныртæккæ æмдзæрæндоны нæ цæрынц, уæддæр нымад сты лигъдæттыл. Æххуырст фатерты кæй цæрынц, уымæн дæр йæхи аххосæгтæ ис, сæ бинонтæ сбирæ сты æмæ сын иугай хатæнты къуындæг у  цæрынæн, зæгъгæ.

Дарддæр нæ фæндаг акодтам Социалон хъахъхъæнынады комитетимæ дæр. Цоциты Игорь нын куыд зæгъта, афтæмæй лигъдæттæн баххуыс кæныны тыххæй ивгъуыд азы дæр бахатыдысты хицауадмæ, цæмæй Инвестицион нывæзтмæ бахæссой лигъдæттæн хицæн хъæу саразыны фæдыл программæ. Цалдæр азы размæ та дзырд цыд, лигъдæттæй чи цы хъæуæй ралыгъд, уым сын хæдзæрттæ саразыны фарстыл дæр. Æцæг, сæхæдæг районты цæрыныл разы не сты. Уымæн æмæ, дам, хъæутæ æдзæрæг сты. Мах та, дам, стæм ацæргæ адæм. Фæлæ сæ фылдæр разы сты горæтгæрон бынæтты сын кæд хъæу саразой, уæд уырдæм ацæуынмæ.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй тур-базæйы ис, 1991 азы Гуырдзыстоны терри-торийæ цы ирон адæм ралыгъд, канд уыдон нæ, фæлæ ма бынæттон адæмæй дæр чидæртæ. «Уыдон ам цæрынц æрмæстдæр иу нысанæн, цæмæй фатертæ райсой. Ис нæм, ам чи нал цæры, фæлæ уæддæр йæ хатæн чи нæ уæгъд кæны, ахæмтæ дæр. Иуæй-иу хатæнтæ ссæрибар вæййынц, æмæ та сæ дыккаг бон бацахсынц бынтон ног адæм, æмæ та уыдон дæр уым æрцæрынц. Уымæн æмæ лигъдæтты нымæц контроль нæ цæуы лигъдæтты комитеты фарсæй», – дзырдтой турбазæйы цæрджытæ.

Ацы уайдзæфы фæдыл Цоциты Игорь зæгъы: «Турбазæйы территорийыл æрмæст 1991 азы лигъдæттæ нæ цæрынц. Раст у, се ‘хсæн ис бынæттон цæрджытæ дæр. Уыдон ам сæ фырхъалæй не ‘рцардысты. Кæмæн дзы йæ хæдзар басыгъд, кæмæн та бынтондæр бынат никуы ис, кæйдæр та дæрддзæф хъæуы цæрын нæ фæнды. Уыдон иууылдæр æмдзæрæндонмæ цæрынмæ æрбаирвæзтысты куыддæр амæлттæй. Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ, мах сарæзтам номхыгъд, фыццаг рады æцæгдæр цæрæнуат кæмæ æмбæлы, уыдонæн. Уыцы номхыгъдмæ бахаудысты турбазæ «Осетия»-йæ дарддæр «Текстиль»-ы микрорайоны æмдзæрæндоны цæрæг лигъдæттæ дæр. Уыдон дæр сты, æцæгдæр паддзахады æххуыс кæй хъæуы, ахæмтæ. Тынг зын æвзарæн хъуыддаг у уый, æмæ йæм хъæуы лæмбынæг æппæтварсонæй æркæсын. Лигъдæтты номхыгъды ис,  æртындæс адæймаджы. Уыдон сæ документтимæ æрвыст æрцæудзысты горæты администрацийы цæрæнуатон къамисмæ», – зæгъы Цоциты Игорь.

Лигъдæттимæ фембæлды рæстæджы Гаглойты Алан бафæдзæхста, фатертæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон, цæмæй сæхæдæг дæр сæ хъус дарой, фатертæ кæмæн дих кæндзысты, уыцы номхыгъдмæ.

Кæд æмбæлон инстанцтæ рæстæгыл бакусой номхыгъдыл, уæд сын цæрæнуатон къамис ног азмæ фатертæ рахицæн кæндзæн  Ирæтты уынджы ног хæдзары.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.