Нæ горæты, советон дуджы, арæзтад куы райтынг, уæд дзы куыста цалдæр арæзтадон организацийы. Уыдонæй сæ иу уыдис арæзтадон-монтажгæнæн управлени, кæцы, сæйраджыдæр, арæзта цæрæн хæдзæрттæ. Кусджыты сæр тынг кæй хъуыдис, уымæ гæсгæ ацы организаци куыстмæ иста, куыд горæттæгты, афтæ хъæуты цæрджыты дæр. Афтæмæй сæвзæрыд, дæрддаг хъæутæй кусынмæ чи цыдысты, уыдонæн æмдзæрæндон саразыны æнæ-мæнгхъæуындзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, аразджытæ сæхæдæг дæр истой фатертæ, цы хæдзæрттæ арæзтой, уыдоны, фæлæ уый фаг нæ уыд æмæ арæзтадон организаци Заводы уынджы цы фондзуæладзыгон æмдзæрæндон сарæзта, уый цасдæрбæрцæй аскъуыддзаг кодта аразджыты цæрæнуатæй ифтонг кæныны хъуыддаг. Фæлæ цыд рæстæг, советон хицауад ныппырх æмæ уыимæ та — арæзтадон организацитæ дæр. Æнæхъусдард æмæ æнæхицауæй аззадис ацы æмдзæрæндон дæр. Йæ рæстæджы дзы чи æрцардис, уыдон баззадысты ам цæргæйæ, æрбафтыдысты ма сæм лигъдæттæ дæр. Фæлæ дзы чи цæрынц, уыдоныл нырма фатертæ фидар не сты. Цæрджытæн ма ис æндæр проблемæ дæр. Цæвиттон, горæт кæд æххæстæй газификаци æрцыд, уæддæр æй ардæм нæ бауагътой æмæ цæрджытæ абон дæр архайынц газы баллонтæй. Газæй пайда кæныны домæнтæ та алыхатт хъахъхъæд нæ цæуынц æмæ дзы цалдæр азы размæ æрцыд трагеди дæр. Газы аххосæй амард æвзонг чызг.

Æмдзæрæндоны цæрджыты ма фæнды, цæмæй бæсты-хайы фæстæ цы территори ис, уым сæ сывæллæттæн арæзт æрцæуа хъазæн фæзуат. Ацы, æмæ æндæр проблемæты фæдыл цæрджытæ хъаст кодтой æндæр æмæ æндæр инстанцитæм, фæлæ сæм хъусдард ничи аздæхта.

Ацы бонты Президент Гаглойты Алан фембæлд президенты Æхсæнадон исæнмæ куырдиæттæ чи балæвæрдта, уыцы æмбæстæгтимæ. Фембæлды ма хайад райстой президенты æххуысгæнджытæ Плиты Алан æмæ Гаглойты Никъала, афтæ ма президенты контролон управленийы хистæр Цоциты Сæрмæт.

Президентимæ фембæлын кæй фæндыд, уыдонæй сæ иу уыдис, банысангонд æмдзæрæндоны цæрæг Коцты Земæ. Уый бахатыд паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй баххуыс кæна æмдзæрæндоны цæрджыты коллективон куырдиаты домæнтæ æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнынæн. «Курæг уæ дæн не ‘мдзæрæндоны цæрджыты æмæ мæхи номæй дæр, цæмæй нын баххуыс кæнай цæрæнуат сфидар кæныны фарсты. Нæ цардуагон уавæртæ нæхæдæг фæлварæм нæхи тыхтæй аскъуыддзаг кæныныл, фæлæ цæрæнуат сфидар кæныны фарст æнæ де ‘ххуысæй нæ аскъуыддзаг уыдзæнис,» — загъта Коцты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æмдзæрæндонæн хъæуы раттын цæрæн хæдзары статус.

Паддзахады сæргълæууæг сын бацамыдта, цæмæй цалдæр адæймагæй бахатой горæты администрацимæ æмæ бавдисой æппæт хъæуæг документаци. «Райдианы уал цæрджыты номæй æмбæлон домæнимæ бахатын хъæуы горæты администрацимæ, æз та мæхи ‘рдыгæй бахæс кæндзынæн, цæмæй бакуыстæуа ацы фарстыл», — загъта Гаглойты Алан.

Уый ма бацымыдис кодта, цахæм проблемæтыл æмбæлынц æмдзæрæндоны цæрджытæ, уымæ. Коцты Земæ куыд загъта, уымæ гæсгæ ма цæрджытæ тыхсынц æрдзон газ сæм кæй нæй æмæ сæ сывæллæттæн хъазæн фæзуат кæй нæй.

Президент бахæс кодта, цæмæй бакуыстæуа, хæдзары централон газуадзæнмæ баиу кæныны, афтæ ма йæ фарсмæ сывæллæтты ног хъазæн фæзуат саразыны фарстыл.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.