32 азы рацыд, Хуссар Ирыстоны автономон областы Уæлдæр Совет, нацийы хæдуагæвæрды бар бахынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт куы райста, уымæй. Хуссар Ирыстоны уæды къухдариуæгады ацы нысаниуæгджын Акт райсыны сæр бахъуыд, республикæйы адæмæн, йæ культурæйæн скуынæгæй тас кæй уыд, Гуырдзыстон хуссайраг ирæттæн геноцид кæй арæзта, алы хъизæмæрттæ сын кæй æвзарын кодта, уый тыххæй.

Ацы бæрæгбоны нысаниуæджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат, историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат.

«29-æм май Республикæ Хуссар Ирыстоны историйы æрцахста йæхи зынгæ бынат. Уыцы бон 1992 азы нæ республикæйы уæды Уæлдæр Совет йæ рабадты рæстæджы райста тынг ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт. Уыцы стыр барадон къахдзæфы ахадындзинад æмæ ахсджиагдзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæ абоны хæдбар паддзахады нысаниуæгджын бон­тæй 29 май стыр бæрæгбоныл нымад кæй у.

Арæх фехъусæн ис ахæм ныхæстæ, ома, кæцы бæрæгбон ахсджиагдæр у нæ царды, 20-æм сентябрь æви 29-æм май. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыдонæй алкæцы дæр йæхирдыгонау ахсджиаг хайбавæрд бахаста нæ цард æмæ историмæ. Асины къæбæлтæй кæцы сæйрагдæр у, бинаг æви уæллаг? Дыууæ дæр. Афтæ нæ паддзахадон арæзты къахдзæфтæ дæр.

1990-æм азы 20-æм сентябры нæ уæды областон Совет фæндон рахаста Хуссар Ирыстоны республикæ расидыны тыххæй. Уæды уавæрты уый уыд нæ адæмы бахъахъхъæныны иунæг мадзал. Советон Цæдис бонæй-бонмæ лæмæгъдæр кодта, Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет та уæдмæ рахаста уынаффæтæ. Уыцы уынаффæтæм гæсгæ ивд æрцыдысты, Советон Гуырдзыстоны цыдæриддæр 1921 азæй фæстæмæ барадон акттæ ист æрцыдысты, уыдон се ‘ппæт дæр. Уыцы нымæцы, 1922 азы Хуссар Ирыстон автономон областы хуызы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы скондмæ цы декретмæ гæсгæ бакондæуыд, уый дæр. Æнæуый диссаг куыннæ у, Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæм советон дуг нæ уарзынц, æдзух æй æфхæргæ кæнынц, архайынц, цæмæй йæ фæдтæ дæр мауал уой, фæлæ афтæмæй Советон хицауад æмæ большевиктæ Гуырдзыстоны Советон Республикæйæн цы арæнтæ снысан кодтой Советон Цæдисы сконды, уыдоныл та фидар хæцынмæ хъавынц.

Нæ республикæ расидыны фæстæ нæ хицауад æмæ адæм æрывнæлдтой бæстæйæн юридикон бындуртæ аразынмæ. Æмæ нæм кæд нæ уыд паддзахадон арæзтады стыр фæлтæрддзинад, уæддæр нæ алы къахдзæф дæр уыд раст æмæ фæд-фæдылон. 1990-æм азы декабры мæйы уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ фыццаг æвзæрстытæ. Нæ республикæйы уæды къухдариуæгад æппæт дæр арæзта, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон сæрмагондæй баззадаид Советон Цæдисы сконды, куыд хицæн субъект, афтæ. Бирæ тыхтæ хардз чындæуыд, цæмæй Гуырдзыстоны агресси нæ адæмы ныхмæ урæд æрцыдаид, цæмæй дуне бамбæрстаид, мах сепаратисттæ кæй не стæм, кæй архайæм æрмæстдæр сабырад сифтонг кæныныл æмæ кæй стæм сабырдзинады фарс.

1991 азы 20 декабры Советон Цæдис бын­тондæр куы фехæлд, уæд дыккаг бон – 21 декабры Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци. Ома, мах нæдæр тагъд фæкодтам нæ хæдбардзинадыл дзургæйæ, нæдæр фæстейæ баззадыстæм. Æмæ Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ дуне цы Гуырдзыстоны банымадта, уый сконды та иу бон дæр, иу сахат дæр никуы уыд Хуссар Ирыстон.

Нæ паддзахады арæзтады стыр къахдзæф уыд, 1992 азы 19 январы цы референдум ауагъ­дæуыд, уымæн. Уæд нæ адæм æмхъæлæсæй загътой, кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ Уæрæсеимæ йæ ахастытæ æввахсдæр кæныны фарс.

Нæ адæмы хъуыды, референдумы фæстиуджытæ юридикон æгъдауæй бафидар кæ­ныны нысанæн ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт. Ома, афтæ зæгъæн ис, æмæ 1992 азы 29 майы æвæрд æрцыд нæ хæдбардзинад расидыны  хъуыддаджы фæстаг тæпп. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдбардзинад иу тæппыл нæ фæвæййы. Нæ паддзахады арæзтад алы бон дæр дарддæр цæуы. Ист æрцыд нæ Конституци, ист цæуынц закъæттæ, фидар цæуынц нæ паддзахадон органтæ, æндидзы нæ экономикæ, нæ социалон цард, дзæбæх кæнæм нæ хæсты хъæдгæмтты, 2008 азæй фæстæмæ нæ республикæ у Уæрæсе æмæ æндæр паддзахадты ‘рдыгæй нымад.

Фæнды ма мæ дыууæ ныхасы зæгъын, Акт райсæг историон сесси цы уавæрты цыд, уый тыххæй. Æз мæхæдæг дæр уæд Уæлдæр Советы депутат уыдтæн æмæ йæ хорз хъуы­ды кæнын. Сессийы рабадт цыд дыууæ боны – 28 æмæ 29 майы. Уый уыд, гуырдзиаг агрессортæ нæ горæтмæ æхсæвæй-бонæй куы тыдтой, нæ хъæуты нын куы сыгътой, уæд. Сессийы адæм залы бадтысты, æддейæ та хъуыст минæты рæмыгътытæ æмæ хæдæхсты къæр-къæр.

Уыцы сессийæн ма йе стыр нысаниуæг уый мидæг дæр ис, æмæ уæд арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг хицауад – Республикæ Хуссар Ирыстоны министрты совет (уæдмæ хуынд Æххæстгæнæг комитет)», – радзырдта нын Джиойы фырт.

Уыцы хицауады сконды фыццаг хатт фæзынд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. Уый тыххæй уынаффæ ист æрцыд 28-æм майы æмæ уыцы бон нымад у Хуссар Ирыстоны Дипломатийы боныл.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.