Дарддæр арæзт цæуынц нæ горæты Остъаты æфсымæрты, Лермонтовы, Уæлахизы, Гаглойты Рутены æмæ Гаглойты Хазбийы уынгтæ. Фæлæ цалынмæ ацы уынгтæ хæрзарæзт не ‘рцæуой, уæдмæ уал кæнынц доны хæтæлтæ баивыны, газы, канализацион хæххыты æмæ сæ хæдзæрттæм баиу кæныны куыстытæ.

Остъаты æфсымæрты уынджы куыстытæм фыццаг æрæвнæлдта «Водо-канал». Раивтой коммуникацион хæххытæ. Уыдон æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ. Фæндагæн йæ дæргъ у 923,09 метры. Цы куыстытæ хъуамæ баконд æрцæуой, уыдон сты 43 913,38 мин сомы аргъ. Уыдонæй донуадзæн куыстыты тыххæй рахицæн æрцыд 14 243,2  мин сомы æмæ дзы бакодтой 4551,985 мин сомы аргъ, канализацион хæххытæн рахицæн æрцыд 12895,39 мин сомы æмæ дзы бакодтой 2 468,828 мин сомы аргъ. Газуадзыны тыххæй та цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд, уыдон сты 10 930,65 мин сомы аргъ æмæ баконд æрцыд 9 802,659 мин сомы аргъ куыстытæ. Уыдон, зæгъæн ис, кæронмæ бахæццæ сты. Кусджытæ ныртæккæ архайынц доны æмæ канализацион хæххытæ уадзыны куыстытыл.

Уынджы арæзтадыл кусынц 8 адæй-маджы. Ис сæм техникæйы 4 иуæджы.

***

Уæлахизы уынджы иумæйаг дæргъ у 436 метры. Йæ хæрзарæзтадæн рахицæн æрцыд 17 762,78 мин сомы. Донуадзæн куыстытæн дзы рахицæн æрцыд 6 362,83 мин сомы. Уыдонæй уал бахардз 1 562,730 мин сомы, канализацион хæххытæ бакæныны тыххæй цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд, уыдон сты 3617,14 мин сомы, цы куыстытæ дзы бакодтой, уыдон та сты 1 508,966 мин сомы аргъ. Газ уадзынæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд – 3 520,92 мин сомы, уыдонæй баконд æрцыд 4 053,144 мин сомы аргъ. Ацы уынджы дæр дарддæр фесты газуадзæн куыстытæ, сæвæрын ма хъæуы табличкæтæ. Куыст цæуы донуадзæн æмæ канализацион хæххытæ аразынæн. Куыстытæ æххæст кæнынц 5 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы.

                             ***

Кусджытæ æнæрынцойæ кусынц Гаг-лойты Рутены уынгыл дæр. Фæндагæн йæ дæргъ у 206,11 метры. Ацы фæндаджы хæрзарæзтадæн та рахицæн æрцыд 8 153,43 мин сомы. Ам та донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 917,02 мин сомы. Канализацион хæххытæн – 1 783,46 мин сомы æмæ дзы бакодтой 764,34 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæн цы 2 300,22 мин сомы рахицæн æрцыд, уыдонæй та бахардз кодтой 1 853,623 мин сомы.

Ам ныридæгæн фесты газуадзæн æмæ инженерон хызæгты фæдыл  куыстытæ. Кусынц дзы 6 адæймаджы æмæ техни-кæйы 6 иуæджы.

                                ***

 Гаглойты Хазбийы уынг схæрзарæзт кæнынæн та рахицæн æрцыд 24 878, 84 мин сомы. Донуадзæн куыстытæн дзы рахицæн кодтой 5 842,35 мин сомы, канализацион хæххытæн – 6 069,65 мин сомы æмæ газуадзæн куыстыты тыххæй та – 7 742,99 мин сомы.

Ацы уынгыл куыст цæуы газны-майæнтæ æвæрыныл. Куыстытæ цæуынц дон уадзыныл æмæ сæ абоненттæм баиу кæныныл.  Кусынц дзы 8 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.