Ираны президент Ибрагим Раиси трагикон æгъдауæй фæмард авиакатастрофæйы – ахæм у официалон информаци. Фæлæ æцæгæйдæр трагикон цау æрцыд, æви йе знæгтæн бантыст йæ бабын кæнын?

19 майы Раиси уыд кусæгон балцы Азербайджаны æмæ арæнгæрон территорийыл фембæлдысты йæ коллегæ Ильхам Алиевимæ. Иумӕ хайад райстой плотинæ Гыз-Галасы байгом кӕныны церемонийы Хуырыскæсæн Азербайджаны – ацы гидротехникон проект арæзт æрцыд иумæйаг тыхтæй æмæ дзы пайда кæндзысты дыууæ бæстæйы цæрджытæ. Уый фæстæ изæрæй Ираны президент верттæхæгыл атахт йæ бæстæмæ. Фæстæдæр интернеты тыгъдады апарахат информаци, зæгъгæ Ираны делегацийы верттæхæг хæхтыл æрхаудта æмæ сæ ницы бæрæг ис. Сæрмагонд службæтæ æрæвнæлдтой сæ агурынмæ, фæлæ боныгъæд æвзæр уыд – уарыд къæвда æмæ ма ноджы мигъ дæр ныббадт, ӕмӕ сын не ‘нтыст се ссарын. Райсомырдæм горæт Верзеганмæ ʻввахс, хæхты ссардтой верттæхæджы пырх æмæ сыгъд хæйттæ. Пассажиртæй æмæ экипажæй ничи аирвæзт.

Раисиимæ ма уыдысты Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хосейн Амир-Абдоллахян, дыууæ  пилоты æмæ ма фондз бæрнон адæймаджы. Развæлгъау официалон информацимæ гæсгæ авиакатастрофæйы аххосæгтæ уыдысты мигъбон æмæ хӕхбӕстӕ. Президенты кортежы ма уыд ноджы дыууæ уæрæсейаг верттæхæджы, фӕлӕ уыдон бынатмæ æнæфыдбылызæй бахæццæ сты. Раиси бадт америкæйаг верттæхæг «Bell-212»-ыл, кæцы нымад у хорз верттӕхӕгыл…

«Bell-212» райдианы арæзт æрцыд Канадæйы заказмæ гæсгæ, фæлæ дзы фæстæдæр, йӕ хорз эксплуатацион характеристикæты фæрцы пайда кæнын райдыдтой æндæр бæстæтæ дæр. Ныридæгæн æй эксплуатаци кæнынц 13 бæстæйы æмæ йын ис цалдæр модификацийы. Æгæрыстæмæй æфсæддон вариант дæр ма ис æмæ дзы пайда кæнынц Британийы гарзджын тыхтæ. Нырыонг ацы верттæхæгимæ æрцыд æрмæстдæр дыууæ трагикон цауы – 2018 азы Ираны æмæ 2023 азы та – Иугонд Арабаг Эмиратты, ӕмӕ уый авиакатастрофӕты статистикӕмӕ гӕсгӕ хӕрзцъус у.

Техникæ саразæг компани нæ дызæрдыг кæны йæ продукцийыл æмæ йæ клиенттæн фидарæй уырнын кæны, зæгъгæ, «Bell-212» йæ эксплуатацион характеристикæтæм гæсгæ цахæмфæнды экстремалон уавæрты дæр лæууы иууыл хуыздæр верттæхджыты æмрæнхъ. Æцæгæйдæр нырыккон технологитæй у хæрзифтонг. Лæууы йыл зæххы уæлцъармæ æгæр ма æрæввахсы ныхмæ прибор, пилоттæ æппынæдзух ифтонг цæуынц реалон картæйæ, талынджы æмæ æвзæр боныгъæды æдасæй тæхыны тыххæй дзы ис инфракрасон датчиктæ æмæ ма æндæр ахæм æдасдзинады системæтæ. Цыбырдзырдӕй, ацы верттӕхӕгӕн ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ хӕхтӕ бынтондӕр ницы зындзинад ӕвзарын кодтой.

Уæдæ президенты верттæхæджы техникон уавæрмæ æнæмæнг уыдаид уæлдай хъусдард æмæ техникон аххосаджы кой кæнын, æвæццæгæн, нæ хъæуы.

Бирæ эксперттæ дис кæнынц, Ираны бæрнон кусджытæ куыд уæндыдысты амери-кæйаг верттæхджытыл тæхын, ууыл… Комкоммæ зæгъгæйæ, АИШ бирæ азты дæргъы Ираны нымайы йе знагыл æмæ йын æппынæдзух хъавы разиан кæнынмæ. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома верттæхæджы стандартон программæтæ æндæртæй куы баивай, уæд дзы тæссагæй ницыуал ис. Фæлæ ацы фадыджы дæсныты хъуыдымæ гæсгæ кæцыфæнды нырыккон техникæйыл дæр йæ саразæджы æндæвдад кæддæриддæр уыдзæн. Пентагон та æгæр хорз зонгæ у ацы верттæхæджы электроникæ æмæ авионикæимæ, ис ын æппæт техникон фæрæзтæ, цæмæй æнцонтæй бандава ахæм верттæхæджы стабилон куыстыл.

Зæгъæм, æввахс дæрддзæгмæ йæ цурты сӕрмагонд аппаратурӕимӕ хӕдтӕхӕг куы ратæха, уæд ын хæрзæнцонтæй ахицæн кæндзæн йæ электроникæ æмæ уый фæстиуæгæн дурау зæхмæ æрхаудзæн. Ныридӕгӕн ис информаци, зӕгъгӕ уыцы рӕстӕджы авиакатастрофӕйы регионы зилдух кодта америкӕйаг уӕлдӕфон тыхты хӕдтӕхӕг «C-130».

Фæстæдæр бæрæг кæндзысты трагедийы аххосæгтæ, фæлæ ныр дæр Ираны президенты маргæ кæй акодтой, уый фидарæй кæй уырны, ахæмтæ дзæвгар сты. Ираны территоримæ æнцон батæхæн нæу фæсарæйнаг хæдтæхджытæн, фæлæ дзы ныгуылæн бæстæтæн ис дзæвгар шпионтæ æмæ уыдон бахъуыды рæстæджы сæ сау хъуыддаг саразынц. Стæй ма израилаг æмæ америкæйаг агенттæ Азербайджаны сæрибарæй архайынц æмæ авиакатастрофæ дæр æрцыд арæнмæ хæрзæввахс. Ома техникон фæрæзты фæрцы Раисийы верттæхæг æрæппарын сæрмагонд цæттæ адæймагæн зын нæ уыдаид. Иранмæ ныридæгæн ницы факттæ ис æмæ аххосджын дæр кæй хъуамæ кæной ахæм уавæрты!!!

Верттæхæг хаугæ æркодта, æви боныгъæды аххосæй искуы æрбадт, уый нырма бæстон ничи зыдта, афтæмæй ныгуылæн дзыллон информацийы фæрæзты апарахат сты уацтæ Раисийы амæлæты тыххæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ныгуылæны спецслужбæтæ бæлвырдæй зыдтой авиакатастрофӕйы фæстиуджытæ æмæ нæ дызæрдыг кодтой йæ амæлæтыл. Стæй ма америкæйаг сенатортæ æмæ бæрнон кусджытæ уайтагъд сæхи рæстытæ кӕнын фæцагайдтой, ома трагедимæ АИШ ницы бар дары. Æмæ кæд дæхи аххосджыныл нæ нымайыс, уæд цæуыл стыхстæ?

Фӕстаг рӕстӕджыты Иранӕн йӕ ахастытӕ бӕрӕг февзӕрдӕр сты Израиль ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтимӕ. Ӕрӕджы сын Израилимӕ уыд хӕстон конфликт дӕр. Ираны ӕхсӕнады схӕццӕмӕ рагӕй бӕллынц Израиль, Евроцӕдис ӕмӕ АИШ, ӕмӕ ӕппынӕдзух архайынц, цӕмӕй сӕм мидӕггагон хӕст сцырен кӕной. Кӕд ӕмӕ Раисийы ӕцӕг маргӕ акодтой, уӕд ацы цау дӕр дестабилизацимæ нысанмӕздӕхт у.

Раиси уыд Ираны разамынады дыккаг адӕймаг аятолла Али Хаменеийы фӕстӕ. Йӕ фӕрцы Иран ссис ШОС ӕмӕ БРИКС-ы уӕнг, ӕнгом ӕмӕ ӕууӕнкджын ахастытӕ сарӕзта Уӕрӕсеимӕ, Китаимӕ ӕмӕ ӕндӕр сыхаг бӕстӕтимӕ. Раиси сидт дунейы ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй мауал пайда кӕной долларӕй ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн АИШ-ы гегемони фӕкъаддӕр уа. Украинӕйы ӕмӕ сектор Газайы конфликты дӕр Раиси аххосджын кодта тугмондаг ныгуылӕн бӕстӕты. Ӕввахс Хурыскӕсӕны бӕстӕтӕй дӕр кӕцыдӕртӕ ныгуылӕны ӕмцӕдисонтӕ сты ӕмӕ уыдонӕн дӕр Раиси уайдзӕфтӕ кодта, комкоммӕ сын дзырдта сӕ ӕнӕраст политикӕйы фӕстиуджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ Раисийӕн бирӕ знӕгтӕ уыд куыд ныгуылӕны, афтӕ сыхаг бӕстӕты дӕр, ӕмӕ йӕ амӕлӕтыл уыдон нӕ маст кæндзысты. Америкӕйы паддзахадон секретарь Энотони Блинкен ӕй ӕмбӕхсгӕ дӕр нӕ кæны, Раисийы амӕлӕты хабар ын ӕхсызгон кӕй уыд, уый.

2000 азы Уӕрӕсе, Инди ӕмӕ Иран бафыстой ӕхсӕнхицауадон бадзырд транспортон коридор «Север-Юг» саразыны фӕдыл. Проектмӕ гӕсгӕ маршруты дӕргъ хъуамӕ уа 7200 километры – Санкт-Петер-бургӕй суанг Мумбаймӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ АИШ-ы сӕргълӕудӕй цӕлхдуртӕ ӕвӕрынц, цӕмӕй проект ма сӕндидза. Бирӕ азты дӕргъы сын ӕнтыст къуылымпы кӕнын, фӕлӕ 2014 азы санкцитӕ рахӕссыны фӕстӕ товарты логистикӕйы проблемӕ фӕкарздӕр ӕмӕ та «Север-Юг»-ы проекты арӕзтадмӕ ӕрӕвнӕлдтой. Транспортон коридоры фӕрцы транзитон товартӕ егъау гуырахсты ласдзысты Азийӕ Европӕмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ ахӕм маршрутыл Мумбай – Иран – Каспы денджыз – Европӕ. Проекты бадзырдмӕ ма ноджы ӕрбаиу сты Беларусь, Казахстан, Оман, Таджикистан, Азербайджан, Сомих, Сири, Болгари, Хъыргъызстан ӕмӕ Турк. Уымӕй уӕлдай ма проектимӕ сӕ разыдзинад ӕвдисынц ноджы дзӕвгар бӕстӕтӕ.

Ацы проект ныгуылӕны зӕрдӕмӕ уымӕн нӕ цӕуы ӕмӕ сӕм дзы ницы ӕфтиӕгтӕ хаудзӕн ӕмӕ афтӕ ахуыр не сты. Егъау экономикон проект кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ хайадисджытӕ ныгуылӕнӕй суыдзысты хӕдбар. Иран у ацы транспортон проекты сӕйраг архайӕг – маршрут цӕуы йӕ территорийыл ӕмӕ дзы инфраструктурӕ дӕр дзӕвгар ӕрцыд арӕзт. Ираны мидӕггагон хӕст куы райдайа, уӕд транспортон коридор ӕдас нал уыдзӕн ӕмӕ дзы пайда дӕр ничиуал кӕндзӕн. Ныгуылӕнӕн дӕр сӕ бӕллиц растдӕр уый у.

Фӕстаг азты сарӕх сты ирайнаг зынгӕ политикты ӕмӕ ахуыргӕндты амарыны цаутӕ. Ӕрӕджы израилаг ӕмӕ ныгуылӕн спецслужбӕты архайды фӕстиуӕгӕн фӕмардысты генерал Касем Сулеймани ӕмӕ зынгӕ ӕфсӕддон командир Рази Мусави. Уымӕй размӕ та амардтой ахуыргонд-ядерщик Мохсен Фахризаде-Махавадийы. Ахӕм террористон методты нысан у Ираны ӕхсӕнад схӕццӕ кӕнын, ӕмӕ йын йӕ сӕргъ снысан кӕнын Горбачевы хуызӕн уӕйгӕнӕджы.

Бирӕ эксперттӕ тӕрсынц, ома Раисийы амӕлӕт суыдзӕн ног эскалацийы аххосаг Хӕстӕг Хурыскӕсӕны, кӕцы гӕнӕн ис ӕмӕ расайа ӕртыккаг дунеон хӕстмӕ дӕр. Иран егъау ӕмӕ хъомысджын бӕстӕ у ӕмӕ сӕм сабырдзинад куы нӕ уа, уӕд ӕгас регионыл бандавдзӕн йӕ дестабилизаци. Цы оппозицион тыхтӕ сӕм ис, уыдон сӕ ныгуылӕн кураторты ӕххуысӕй ӕнӕмӕнг уавӕрӕй спайда кӕнынмӕ хъавдзысты ӕмӕ ӕхсӕнады таудзысты хӕццӕдзинад. Уӕрӕсе ӕмӕ Китай ныридӕгӕн цӕттӕ сты Иранӕн алыварсон ӕххуыс бакӕнынмӕ, цӕмӕй сӕм уа сабырдзинад.

Ацы регионы иууыл тӕссагдӕр бӕстӕйыл нымад у Израиль. Нӕ йын бантыст цыбыр рӕстӕгмӕ ХАМАС-ы скуынӕг кӕнын, тугдзых бӕстӕйы ном сыл ныффидар ӕмӕ сӕм бирӕтӕ райдыдтой знаджы цӕстӕй кӕсын. Ахӕм уавӕрты Израиль цахӕмфӕнды фыдракӕнд саразынмӕ дӕр цӕттӕ у – суанг ма ядерон хӕцӕнгарзӕй спайда кӕнынмӕ дӕр. Ӕввахс Хурыскӕсӕны рӕхджы сабырдзинад кӕй нӕ уыдзӕн, уый бӕрӕг у.

Уӕдӕ дарддӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм – регионы уавӕры фӕкарздӕрмӕ, ӕви стабилондзинадмӕ?

Джиоты Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.