Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады

Æфхæрдæххæстгæнæн управленийы хистæры тыххæй

  1. Милицийы инæлар-майор Джыгкайты Феликс Ханджеры фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады Æфхæрдæххæстгæнæн управленийы хистæры бынатæй йæхи куырдиатмæ гæсгæ.
  2. Мидæггагон службæйы булкъон Мæргъиты Отар Викторы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады Æфхæрдæххæстгæнæн управленийы хистæрæй.
  3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 4 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы» кадджын ном радтыны тыххæй

Хъæууон хæдзарады фадыджы йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Шавердаты Виктор Романы фыртæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 4 декабрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй схорзæхджын кæнын тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы адæмты ‘хсæн æмгуыстад æмæ хæлардзинады ахастыты рæзтмæ стыр хайбавæрды æмæ йæ райгуырдыл 60 азы сæххæсты тыххæй «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй хорзæхджын æрцæуæд Сураго Сергей Владимиры фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 5 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.