Нæ горæт æмæ æмткæй республикæйы рынчын æмбæстæгты тыхстдзинадмæ фыццаг чи фæзыны, уый иу у Цхинвалы тагъд медицинон æххуысы службæ. Йæ разамонæг Хъуылымбегты Эмзаримæ фембæлгæйæ не ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

– Эмзар тагъд медицинон æххуысы æнтыстытæ бирæбæрцæй баст сты техникæимæ. Радзур-ма абон уæ техникæйы уавæр цахæм у, кæнæ куыд ифтонг стут тагъд æххуысы машинæтæй?

– Фæстаг цалдæр азы нын æрвылбон дæр фæкусы цыппар тагъд æххуысы машинæ. Бирæтæ, гæнæн ис æмæ зæгъой, зæгъгæ, нæ горæтæн уал машинæ цъус у, фæлæ уый афтæ нæу. Кусджытæ алы æрбадзырдмæ дæр вæййынц цæттæ æмæ куыддæр исчи æххуысмæ фæдзуры, афтæ уайтагъд ацæуынц. Рæстæг бахардз кæнæм, æрмæстдæр, фæндагыл. Æцæг нæ айразмæ дæс минуты æмгъуыдмæ бахъуыд цыппар ранмæ ацæуын, фæлæ уæддæр нæ фæтыхстыстæм. Алы ранмæ дæр бацыдыстæм афоныл æмæ бакодтам æмбæлон медицинон æххуыс. Исты зындзинад нын куы фæзыны, уæддæр бадзурæм рынчыны хицæуттæм æмæ сын бамбарын кæнæм, сæ домæн æххæст кæй æрцæудзæнис, уый.

 Машинæтæн сæ уавæр мæгуырау нæу, фæлæ дзы искæцы куы фехæлы, уæд спайда кæнæм, фæса-уæрцы нæм цы машинæтæ ис, уыдонæй. Æртæ машинæйыл фæцæуынц терапевттæ, иу машинæйыл та – сывæллæтты дохтыртæ.

– Цал медицинон кусæджы уæ хъæуы æмæ фактон æгъдауæй та цал сты?

– Ис нæм 14 дохтыры, 28 та – медицинон хотæ. Цыппар медицинон хо та сты фæсауæрцы. Куы бахъæуынц, уæд сæм фæдзурæм æмæ нæ куысты къуылымпыдзинæдтæ нæ вæййы. Алчидæр сæ уарзы йæ професси. Тыхст адæймагмæ афоныл бацæуын æмæ йын баххуыс кæнын алы хатт дæр ис сæ хъуыдыйы.

– Дæумæ гæсгæ цас арæх бахъæуы уе ‘ххуысы сæр?

– Афтæ мæм кæсы æмæ æгæр арæх. Æрвылбон дæр æххуысмæ фæзынæм 50 хатты бæрц. Уый сæрды мæйты, фæлæ уалдзæг æмæ фæззæг не ‘ххуыс кæй бахъæуы, уыдон нымæц фæфылдæр вæййы цасдæр. Арæхдæр не ‘ххуысы сæр бахъæуы, йæ туджы æлхъывдад æмæ йæ зæрдæйы куыст йæ уагыл кæмæн нæу, ахæмты. Стæй хæцгæнизтæй чи фæрын-чын вæййы, уыдоны дæр.

– Цыфæнды куысты дæр зындзинæдтæ вæййы, цахæм зындзинæдтыл æмбæлут сымах та?

– Зындзинадыл æз уый нымайын, æмæ дæ разы цы хæстæ ис, уыдон æххæст кæнын, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ дæ бон бакæнын куы нæ уа, уæд уый.  Фæлæ нæм ахæм зындзинæдтæ нæй æмæ нæм мадæр хъуамæ  уа.

Раст дзурын, æппæлын нæ нысан кæны. Мæнмæ æппæлын никуы фæцæуы. Фæлæ куысты мæ зæрдæ тынгдæр цæмæй рухс кæны, уый у, коллективы ‘хсæн хъарм æмæ æмуд ахаст кæй ис, уый. Кусы нæм куыд хистæр кары адæймæгтæ, афтæ æвзонг чызджытæ дæр. Сæ кæрæдзимæ сын ис хорз ахаст, раст цымæ иу бинонтæй рацыдысты, уыйау æмбарынц сæ кæрæдзи. Уый тыххæй сын зæгъын  уæлдай стыр бузныг.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.