Быркуымæ, дам, цы ныдздзурай, уый дæм сдзурдзæн. Де ‘взагæн, дæ историйæн, дæ адæмæн дæхæдæг куы аргъ кæнай, уæд сæ исчи дæр нымайдзæн. Фæлæ дæ фыдызæхмæ куыдфæндыйы цæстæй куы кæсай, де ‘гъдæуттæ куынæ нымайай, дæ нацийæн дын ном цы адæймаг скодта, уый дын æрмæстдæр пайдайы фæрæз куы уа, уæд дæхи дæр æмæ дæ адæмы дæр фидиссаг кæныс.

Ацы фæстаг бонты социалон хызты «тезгъо» кæнынц, Къахеты, Арешпераны хъæуы ирон адæмы намыс Хетæгкаты Къостайæн йæ 164 азы кадæн скъолайы кæрты цы бæрæгбон скодтой, уырдыгæй къамтæ æмæ видеокадртæ. Хъуыддаг бæлвырддæр равзарынмæ чи зивæг кæны, уыдон цин кæнынц, мæнæ нæ гуырдзы куыд уарзынц æмæ нын не стыр лæгæн куыд кад кæнынц, зæгъгæ. Цымæ ахæмтæ афтæ цæуылнæ ахъуыды кæнынц, лæвар цыхты мур мыстахсæны кæй ничи æвæры.

Зонæм æй, Къахеты ирон цæрджытæ бирæ нал ис, 90-æм азты фæлыгъдысты уырдыгæй. Гуырдзиаг регион у æмæ дзы сæхæдæг хицауиуæг кæнынц, нæ кæддæры зындгонд скъолайы хъысмæт нын сæ къухтæм æрбайстой. Уый сæхи бар у, фæлæ мах гуыбыны хæлцыл цæмæн хъуамæ æлхæной? Афтæ ныл куыд фæзæрдийæ сты æмæ нын нæ кады лæгæн ахæм бæрæгбонтæ аразынц? Цымæ сæ афтæ цæуылнæ исчи бафарста, кæд нæ афтæ уарзут, уæд Цхинвалы лигъдæтты Зары хъæуы куы ныццагътой, 2008 азы Хуссар Ирыстонæй афтид быдыр саразынмæ куы хъавыдысты, уæд кæм уыдыстут? Æрыгон лæппуты удæ-гасæй куы баныгæдтой, уæд цæуылнæ исчи исты загъта? Нæ загътой. Уымæн æмæ сæ уый нæ хъуыди. Уæдæмæ, нæ сыхæгтæ сæ бон базыдтой, Уæрæсейæ тыхы фæрцы кæй ницы ратондзысты, уый, æмæ аивтой сæ политикæ. Ахæм мадзæлттæй хъуамæ балхæной, уым чи баззад, уыцы ирæтты зæрдæттæ, цæмæй уал сын уыдоны ‘рдыгæй фарсхæцæг уа. Нæ уæ уырны? Уæдæ ма байхъусут, сайт «Новости Владикавказ» 17 октябры, 2023 азы кæй æрхаста, уыцы æрмæгæй скъуыддзагмæ: «Представители правящей партии «Грузинская мечта» отметили, что Грузия стремится к мирному урегулированию конфликтов с Абхазией и Южной Осетией. Глава Парламентского комитета по вопросам Кавказа, Бека Одишария заявил, что Грузия имеет план, который предусматривает восстановление контактов с абхазами и осетинами, а затем уже решение территориальных вопросов».

Уæдæ, стыр ахуыргонд уæвын нæ хъæуы, цæмæй сын сæ æцæг нысан бамбарай. Сæ фæндтæ сæ къухы бафтынæн та сын разæнгардæй æххуыс кæнынц нæхи ирон адæмæй бирæтæ. Уæлдайдæр, Тбилисы Хуссар Ирыстонæн цы рæстæгмæ «хица-уад» сарæзтой, уый уæнгтæ.

Зæгъæн ис, Арешперан уыд Лагодехы районы ирон хъæуты культурон центр. Вазыгджын у йæ истори. Ныхас кæуыл цæуы, уыцы стыр аив скъола арæзт æрцыд йæ уæды директор Лалыты Иуанейы фæрцы. Йæ кæрты йын Къостайы цыртдзæвæн сæвæрын та уыд, уæды заманы скæнæн кæмæн нæ уыд, ахæм бæллиц. Фæлæ йæ Иуане саразын кодта Гуырдзыстоны разамынды сусæгæй. Цæгат Ирыстонæй фæхуыдта скульптор Дзантиаты Иналы æмæ уый куы ‘ркаст уавæрмæ, уæд æй лæвар сарæзта. Гуырдзыстоны – Къостайы цырт. Цæмæй зыдтой, кæддæр ын хицæуттæ гуырдзы кæй суыдзысты. Иуанейы уый фæстæ алы æфсæндтæй ахæстоны дæр абадын кодтой, йæ куыстæй йæ систой.

Уæдæ Къостайæн Иуане æмæ скъолайы уæды разамынд стыр аргъ куынæ кодтаиккой, уæд Гуырдзыстоны хицауады сусæгæй ахæм къахдзæф акодтаиккой? Ныр та!?  Æз нал кæнын, йæ номыл преми йын парахатæй чи фæиста æмæ исы, стæй йын Петербурджы æмæ Дзæуджыхъæуы цы дæлдзиныггæнæн цыртытæ сæвæрдтой, уыдоны кой.

Уæдæ кæд нæхиуæттæ афтæ кæнынц, уæд ныл нæ сыхаг адæм куыд фæзæрдийæ сты? Æви, æнæхицау хъæуы рувас æлдар у? Федтам фынгтæ дæр æмæ зæхмæ тасыдысты. Хорз бæрæгбон скодтой, фæлæ – сæхицæн. Уый ирон бæрæгбон нæ уыди. Нæ дзы уыд иронау раныхæстæ, конкурстæ Къостайы æмдзæвгæтæ кæсынæй… Ирæттæй интервьютæ кæмæй истой, уыдонæй Къостайы тыххæй иронау иу ныхас ничи загъта. Æрмæстдæр – гуырдзиагау. Йæхи ма ирон чи хоны, уаг æмæ намыс кæмæ ис, уый, Къостайы портретмæ амонгæйæ афтæ куыд хъуамæ зæгъа, къæбæр нын мæнæ ацы мæгуыр лæг хæрын кæны, зæгъгæ. Уый – нæхи ирæттæй. Де ‘гъдауæй дæ гуыбын афтæ куыд хъуамæ фæуæлдæр кæнай æмæ дæ сæрмæ ахæм ныхас зæгъын æрхæссай. Æрмæстдæр ма мæт кодтон ууыл, цæмæй уыцы ныхас гуырдзиæгтæй мачи бамбара. Æнæуый та йæ мæгуыр кæй схуыдта, уымæй зæгъгæ раст кодта. Къоста мæгуыр у, æцæгæйдæр, йæ фæстæ ахæм фæдонтæ чи ныууагъта.

Ноджыдæр æй зæгъын. Уый Къостайы номыл бæрæгбон нæ уыд, фæлæ уыд гуыбын бафсадыны æмæ ирæтты зæрдæ балхæныны бæрæгбон. Уæдæ ныл сæ зæрдæ кæд афтæ риссы, уæд уыцы скъола æмæ йæ кæрты Къостайы цырт æдзæл-лагмæ куы æрцыдысты, уæд æй нæ уынынц? Скъолайы афтид къултæм иу æртын азы цалцæггæнæджы къух куынæ баххæссыд, йæ тематикон кабинетты иунæг прибор дæр куынæуал баззад, сывæллæттæ цъæлтæ партæтыл куы бадынц, спортæй кæм архайой, уый дзы куынæ уал ис, цыртæн йæ бетон фæрстæ куы лæбырынц æмæ фæркгай куы хауынц, уæд уыдон цæуылнæ аразынц? Уымæн æмæ сын уый ницы пайда у. Æмæ сæ хардзæй йæ гуыбын чи ныннæмы, уыдон та сыл æууæндынц.

Дзырд дæр ыл нæй, Расул Гамзатов стыр поэт уыд. Фæлæ дзы стыр поэт тынгдæр сарæзтой сæхи адæм. Гамзатов æрмæстдæр фыста йæ мадæлон авайраг æвзагыл. Сæ адæм ын йæ курдиаты тых куы банкъардтой, уæд ын æнæвгъауæй райдыдтой æхца калын æмæ йын йæ уацмыстæ дунейы алы æвзæгтæм фæтæлмац кодтой, уымæ гæсгæ сæ авторы ном дæр дунейыл зындгонд сси. Афтæ куынæ уыдаид, уæд ахæм поэты ном Дагъыстаны арæнтыл банцадаит. Махæн та, йæ уд ирон адæмы хъысмæтыл чи рауæлдай кодта, стыр литературон бынтæ нын чи ныууагъта, уыцы Къостайы ном пайдайы гуырæн сси, æмæ не знæгтæ дæр уымæн афтæ кæнынц.

Къоста кæддæр загъта: «Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы». Хуыцау ма зæгъæд æмæ нæ уынгæг хъæр Къостайæн йæхимæ фехъуыса. Йæ ном æмæ йын йæ кадæй бирæтæ сæхицæн пайда кæнынц, уый куы базона, уæд мæрдты ссæдз марды акæндзæн…

                                                         ДЖУСОЙТЫ  Нинæ,

                                             УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.