Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта, республикæйы цардархайды алы фадгуыты хуыздæр кусджыты. Цытджын церемони уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт райсыны 32 азы цытæн.

Нысаниуæгджын боны кадæн æрæмбырд­уæвджытæн раарфæ кæнгæйæ Президент банысан кодта, зæгъгæ, æвзонг паддзахад Хуссар Ирыстоны историйы 1992 азы 29 майы бон нысаниуæгджын бынат ахсы.

«Уыцы бон, Сæйраг Совет 1992 азы 19 январы референдумы фæстиуджытыл æнцой кæнгæйæ, райста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад райсыны Акт. Адæмы фæндон царды биноныг æрцыд, йæ æдасдзинад æмæ рухс фидæны сæраппонд», – загъта уый. 

Гаглойты Алан бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны сабыр фидæны тыххæй сæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы æхсарджын хæстонты нæмттæ никуы уыдзысты рох.

«Алчи дæр æй хъуыды кæны, цæмæй æвзонг паддзахад хæдбардзинад райстаид, уый тыххæй цас тых бахардз, цас туг ныккалд. Тас нæ зонгæйæ, Республикæйы дидинæфтыд фидæны тыххæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ цыдысты кæронмæ.

Мах хæсджын стæм, уыдоны ма рох кæнын æмæ сын кад кæнынæй», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ныры цырдразмæдзæуæг дунейы рæстдзинад æрфидар кæнын вазыгджын хъуыддаг у.

«Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ    райдыдтой глобалон ивындзинæдтæ. Ныры дуджы сабырдзинад æмæ рæстдзинад къухы бафтын кæнын тынг ахсджиаг у.

Историйæн ис фæлхатт кæныны миниуæг. Æмæ та мах æвдисæнтæ стæм, тас нæ зонгæйæ, Ирыстоны хæстонтæ хъæбатырæй куыд тох кæнынц фашизмы ныхмæ. Махæй алкæйы дæр уырны, сабырдзинад кæй æрлæудзæн æмæ кæй фæуæлахиз уыдзыстæм.

Тагъд рæстæджы сæм æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй уæлахизимæ æрæздæхой сæ хæдзæрттæм», – загъта Президент.

Гаглойты Алан бахахх кодта, зæгъгæ, иумæйаг æмæ цæсгомджын куыстæн кæддæриддæр вæййы  нысаниуæгджын æнтыстытæ.

«Хуссар Ирыстон тыхджын у йæ адæмæй, йæ политикон, зонадон æмæ сфæлдыстадон зындгонд архайджытæй. Алчи дæр уæ фæллой кæны Райгуырæн бæстæйы хæрзæбонæн. Нысаниуæгджын æнтыстытæ райсын зын вæййы, фæлæ, кæрæдзийæн цыт кæнгæйæ æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ, куы æрбангом уæм, уæд мах иумæ сараздзыстæм тыхджын паддзахад», – загъта уый.

Президент бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны размæдзыдмæ сæ хайбавæрды тыххæй, æмæ йæ бафæндыд уыдонæн æнтыстджын куыст, сæ банысангонд фæндты сæххæст æмæ сæ дарддæры куысты ног æнтыстытæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.