Хуссар Ирыстоны спортсментæ хайад исынц БРИКС-ы бæстæты спортивон хъæзтыты. Ерыстæ уагъд цæуынц уæрæсейаг горæт Казаны. Уым хуссарирыстойнаг делегацийыл сæмбæлдысты татарстайнаг æгъдаумæ гæсгæ. Дарддæр РХИ-йы спортсментæ хайад райстой хъæзтытæ официалонæй байгом кæныны цытджын церемонийы. Хуссар Ирыстоны тырыса рахаста нæ командæйы стъолы теннисы æмбырдгонды хъазæг Елбачиты Иринæ. Спортивон делегацийы сæргъ лæууы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг, армспортæй фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Гасситы Сослан.

БРИКС-ы бæстæты спортивон хъæзтытæ уагъд цæудзысты 12 боны дæргъы. Хайад сæ исынц 90 бæстæйæ 4751 спортсмены. Уыдон архайдзысты спорты 12 хуызæй. Æдæппæтæй спортсментæ тох кæндзысты майданты 387 комплектыл.

 

Аивадон гимнастикæ

Хуссарирыстойнаг æвзонг гимнасткæтæ 11 майданы рамбылдтой Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг турнир «Летняя сказка»-йы. Уым сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Пухаты Валерия, Æлборты Виктория æмæ Болататы Виктория. Æвзист призертæ систы Тъехты Каринæ, Хуыбылты Анастасия, Хъæцмæзты Аннæ, Джиоты Камиллæ, Бибылты Евæ æмæ Æлборты Ланæ. Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты Цоциты Аннæ æмæ Тъехты Кристинæйы къухты. Спортсменты тренертæ сты Цхуырбаты Земæ, Бестауты Заринæ æмæ Тедеты Заринæ.

Футбол

Дзæуджыхъæуы «Алани»-йы раздæры тренер Гæззаты Владимир нысангонд æрцыд фыццаг къорды архайæг футболон командæ «Родина»-йы сæйраг тренерæй. Уый тыххæй хъусын кæны мæскуыйаг командæйы пресс-службæ. «Тынг æхсызгон мын у ахæм прогрессивон æмæ цырд темптæй размæцæуæг клубы сæргъ слæууын. Фæстаг азты мæ æндæр бæстæтæй хуыдтой, фæлæ тырныдтон, цæмæй кусон æрмæстдæр уæрæсейаг футболы. Бирæ нæ дзурдзынæн, мæ хъусдард иууылдæр  ис мæ куысты.

Владимиры фыд Гæззаты Валери куыд банысан кодта, афтæмæй йæ фидарæй уырны, йæ фырт æнтыстджын куыст кæй кæндзæн, уый.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.