Ивгъуыд аз республикæйы спортивон цард рауад цымыдисон. Æрцыд цалдæр зынгæ цауы. Апрелы мæйы РХИ-йы президенты барамындæй Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдарæй нысан æрцыд Хубежты Руслан. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн уыд йæхи цæстæнгас республикæйы спорты размæцыды фæндаджы тыххæй. Уый сæрмагонд хъусдард аздæхта, цæмæй республикæйы уагъд цæуой фылдæр спортивон ерыстæ. Уыдонæй рахицæн кæндзыстæм сæйрагдæрты. Фыццаг хатт РХИ-йы хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн ерыстæ уагъд æрцыдысты спорты 12 хуызæй. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ республикæйы уыд æцæг спортивон бæрæгбон.

Фæстæдæр ма РХИ-йы Хæдбардзинады акт райсыны боны цытæн 9-æм хатт уагъд æрцыд традицион турнир стъолы теннисæй. Призтыл тох кодтой Кæсæг-Балхъар, Абхаз, Цæцæн, Дагъыстан, Стъараполы край, Ростовы область æмæ Хуссар Ирыстоны теннисисттæ.

Фыццаг хатт уагъд æрцыд Уацамонгæйы ордены кавалер Гæбæраты Сосланы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым хайад райстой Ирыстоны тыхджындæр æвзонг богалтæ.

Фыццаг хатт уагъд æрцыд æмбуархæстæй дунейы чемпионаты æвзист призер Бесаты Русланы номарæн дунеон турнир. Руслан фæмард Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. Сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой куыд бынæттон, афтæ цæгатирыстойнаг спортсментæ. Сæрмагондæй ерыстæм æрцыд Æмбуархæсты дунеон федерацийы бæрнон нымæрдар Сергей Мясоедов. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй хорз хъуыды кæны Бесайы фырт дунеон ерысты куыд хорз архайдта, уый. Уымæ гæсгæ фæндон рахастæуыд Рус-ланæн йæ амæлæты фæстæ сау рон æмæ спорты дæсныйы кадджын ном радтыны тыххæй. Уый фæдыл сертификат лæвæрд æрцыд йæ хотæм.

РХИ-йы хæдбардзинад Уæрæсе кæй банымадта, уый цытæн фыццаг хатт уагъд æрцыдысты марафон æмæ бæхты дугътæ. Сæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ РХИ-йы президенты номæй хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй.

Паддзахады сæргълæууæджы номæй ма æхцайы премитæй хорзæхджын æрцыдысты, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн Къостайыхъæуы цы ерыстæ уагъд æрцыдысты, уыдоны уæлахиздзаутæ дæр. Уыдон уагъд æрцыдысты республикон фестиваль «Традициты фæдонтæ – Аланиадæ»-йы фæлгæтты. Сæ хайадисджытæ архайдтой спорты ахæм хуызтæй, куыд æфсæйнаг къори æппарынæй, æрдынæй милмæ æхсын, армрестлинг, цалх нысанмæ баласын æмæ бæндæн ивазынæй.

Ноябры райдианы Цхинвалмæ дунейы 12 бæстæйæ æрцыдысты 60 спортсмены, кæцытæ тох кодтой практикон æхстæй «карабин»-ы дисциплинæйæ дыууæ турниры – РХИ-йы Президенты Кубок æмæ дунеон турниры призтæ рамбулыныл. Ерыстæ сæхгæныны æмæ йын йæ уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кæныны цытджын церемони уагъд æрцыд спорты галуан «Олимп»-ы.

Ноябры ма фыццаг хатт Уастырджимæ кувæн къуырийы райдианы, афтæ ма Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн уагъд æрцыдысты ерыстæ Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд волейбол, баскетбол, футбол æмæ боксæй. Бæрæгбонты цытæн ма ерыстæ уагъд æрцыдысты нæ республикæйæн спорты ног хуыз – Стрит Уаркаутæй. Спорты ацы хуыз стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта рæзгæ фæлтæры минæвæрттæм.

Цалдæр азы фæстæ паддзахады сæргълæууæджы æххуысы фæрцы сног кодтой дыууæ хатты Олимпион призер Къудухты Бесикы дунеон номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хайад дзы райстой 230 æвзонг богалæй фылдæр. Уыдон уыдысты Абхаз, Дагъыстан, Кæсæг-Балхъар, Ленинграды область, Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта æмæ турнир ауадзыны тыххæй республикæйы къухдариуæгадæн бузныг загъта Бесикы фыды æфсымæр Къудухты Тамаз.

Ерыстæм æрцыдысты Олимпион хъæзтыты уæлахиздзаутæ Рæмонты Сослан æмæ Шариф Шарифов, Олимпион хъæзтыты æвзист призер Тыджыты Таймураз, дунейы чемпион Фæрниаты Ирбег, дунейы чемпионаты æвзист призер Зассеты Ален, Европæйы чемпион Батырты Альберт, Уæрæсейы чемпион Хуыбецты Къахабер, гауызы дæсныты ‘хсæн Уæрæсейы чемпион Зассеты Алан, РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Кцойты Сослан, Азербайджаны командæйы тренер Кокойты Таймураз æмæ УФ-йы фæсивæдон æмбырдгонд командæйы тренер Лалыты Вадим.

РХИ-йы спортсментæ сæхи аккагæй æвдыстой республикæйы æддейæ ерысты дæр. Хуссарирыстойнаг боксертæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Уæрæсейы профцæдисты физкультурон-спортивон æхсæнады чемпионаты. Уым сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Гæбæраты Алим æмæ Цхуырбаты Давид.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир Гран-при «Иван Ярыгин»-ы æртыккаг бынат бацахста хуссарирыстойнаг богал Джиоты Арсений. Уæгъдибар хъæбысхæстæй 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты бронзæйон призер ссис Плиты Вадим.

Хуссарирыстойнаг богалтæ Зассеты Алан æмæ Хъесаты Петр та æнтыстджынæй сæхи равдыстой уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы гом чемпионаты. Зассеты Алан сыгъзæрин майдан рамбылдта, 35-40 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн. Хъесаты Петр та æвзист призер ссис 60-65-аздзыд хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн. Фæстæдæр Зассеты Алан та 3-аг бынат бацахста дунейы чемпионаты. Уæгъдибар хъæбысхæстæй абсолютон уæзы категорийы Уæрæсейы чемпионаты бронзæйон призертæ систы Къæбысты Дэвид æмæ Бестауты Андрей. Самбойæ архайæг спортсмен Хъуылымбегты Феликс фæуæлахиз æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты.

19-20-аздзыд спортсменты ‘хсæн уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Кæсæбиты Майрæм æмæ Джиоты Александр.

Дыууæ азы фæстæ та ногæй помостмæ рахызт хуссарирыстойнаг спортсмен Икъаты Сæрмæт æмæ пауэрлифтингæй ссис Мæскуыйы Гом Кубокы уæлахиздзау. Уый фæстæдæр рамбылдта Уæрæсейы чемпионат пауэрлифтингæй. WPA и WPCO-йы версимæ гæсгæ Европæйы чемпионтæ систы Æлборты Леван, Тадтаты Олег, Санахъоты Алан æмæ Коцты Азæмæт.

Армхæстæй 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат рамбылдта Джиоты Родион. Хæбæлаты Арсен та ссис профессионалон турнир «Вершина»-йы уæлахиздзау. Арсен ма Уæрæсейы Кубокы бацахста дыккаг бынат. Арсены æфсымæр Эдуард та ссис ахуыргæнæндæтты ‘хсæн уагъдцæуæг универсиадæйы уæлахиздзау. Бететы Алан æмæ Плиты Батрадз систы Уæрæсейы гарзджын тыхты чемпионаты уæлахиздзаутæ.

Хуриты Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.