31 майы Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады кусджыты сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Церемонийы хайад райста Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ.

Гаглойты Алан банысан кодта æнахъомты ‘хсæн барадхалынадты профилактикæйы тыххæй Мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджыты стыр æмæ ахсджиаг куыст.

«Æнахъомты ‘хсæн барадхалынадты профилактикæ æмæ сыл контроль кæныны фæдыл куыст тынг актуалон у, уымæн æмæ уыцы кары сывæллæттæ æнцонтæй фæрæдийынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый баст у, сывæллон цы æхсæнады хъомыл кæны, ууыл дæр æмæ ныййарджытыл дæр. Уымæ нæ кæсгæйæ, уыцы хъуыддаджы уæ архайд тынг ахсджиаг у», – загъта Президент.

Джиоты Аэлитæ дæр бузныг загъта инспектортæн сæ вазыгджын æмæ ахадгæ куысты тыххæй.

«Алкæцы бинонты проблемæтæ дæр зонут, уæ зæрдæмæ сæ айсут. Нæ æмархайд у æдзухон æмæ мæ бон зæгъын у, психологон æххуысы центр нæм кæй нæй, уый хынцгæйæ, проблемæтæ кæмæн ис, уыцы сывæллæттæн дæр æмæ сæ ныййарджытæн дæр нæ кусджытæ сæхæдæг æххуыс кæнынц», – загъта уый.

Горæт Цхинвалы Мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали сын бузныджы ныхæстæ загъта, йе ‘мкусджыты тыххæй хъарм ныхæстæ  кæй загътой æмæ сын сæ профессионалон архайдæн стыр аргъ кæй скодтой, уый тыххæй.

Банысан кодта, зæгъгæ, йе ‘мкусджытимæ цы куыст кæнынц, уый вазыгджын у, фæлæ сын хорз куысты руаджы æппæт дæр бантысдзæн.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.