Ӕрæджы 10 ноябры Мидхъуыддæгты министрад нысан кодта йæ профессионалон бæрæгбон. Ацы боны цытæн бæстæйы Президент Бибылты Анатоли ведомствойы хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй. Фæлæ дзы алчи не ‘рбацыд цытджын церемонимæ коронавирусы эпидемийы фæстиуæгæн æмæ сын сæ хорзæхтæ ныры онг лӕвӕрд не ‘рцыдысты. Президент бахæс кодта Мидхъуыддæгты министрады хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабæн, цæмæй сын сæ хорзæхтæ йæ номæй радта, куыстмæ куы рахизой, уæд.

Ныридæгæн хорзæхджын æрцыдысты цыппарæй, фæлæ ма дзы уæддæр цалдæрæй баззадысты фæстæдæрмæ. Уымæн æмæ дзы нырма чидæртæ рынчын сты æмæ куыстмæ рахизын сæ бон нæу. Цытджын церемонийы рæстæджы Пухаты Мераб арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд æмæ эпидеми ивындзинæдтæ хæссы куыстмæ дæр æмæ цардмæ дæр, уæддæр профессионалон хæстæ æххæст кæнын у сæйрагдæр.

«Ӕвæццæгæн, хуыздæр уыдаид, æмæ Президенты къухтæй куы райстаиккат уæ хорзæхтæ, уæд. Фæлæ уавæр афтæ æрдомдта æмæ мах дæр хъуамæ уымæ гæсгæ архайæм. Тынг æхсызгон мын вæййы, æцæгæйдæр аккаг кусджытæ хорзæхджын куы æрцæуынц, сæ куыстæн сын куы саргъ кæнынц, уыцы хъуыддаг. Мæ зæрдæ уын зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ уæ царды æмæ уæ куысты!», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Радон специалон ном лæвæрд æрцыд материалон-техникон æмæ хæдзарадон ифтонгады управленийы хистæр Битеты Сосланæн. Уымæн Пухаты Мераб цытджын æгъдауæй радта булкъоны пъагæттæ. Уымæй уæлдай ма Республикæ Хуссар Ирыстоны зæхх бахъахъхъæныны тыххæй æхсардзинад кæй равдыста æмæ удуæлдай тох кæй фæкодта, уый тыххæй «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы» майданæй хорзæхджын æрцыд Мидхъуыддæгты министрады Штабы хистæры хæдивæг Гасситы Владимир. Бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстоны территорийыл фæтк æмæ сабырад хъахъхъæнынадмæ егъау хайбавæрд кæй бахастой, уый тыххæй та дыууæ адæймагæн лæвæрд æрцыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъ-хъæнæг органты сгуыхт кусæджы» кадджын нӕмттæ. Уыдон та сты хисæрмагонд æдасдзинады управленийы сæргълæууæг Гæззаты Валери æмæ Мидхъуыддæгты министрады профессионалон цæттæгæнæн центры хистæр Джыгкайты Сослан.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.