4-æм июны Президент Гаглойты Алан æмбырд ауагъта республикæйы тыхон структурæты сæргълæуджытæн æмæ сын бахæс кодта, цæмæй парламентон æвзæрстыты рæстæджы кусой фæтынгдæргонд режимы.

«Мах нæ хъус дарæм иуæй-иу политикон тыхтæм. Уыдон парахат кæнынц алыгъуызон дезинформаци. Бæлвырддæрæй та дзурынц, зæгъгæ, дам, Гуырдзыстонимæ арæн гом уыдзæн. Уадзæн пункттæ кусдзысты штатон режиммæ гæсгæ. 20-æм июнмæ Гуырдзыстонмæ фæндаг уыдзæн æхгæд», – загъта Гаглойты Алан æмæ Арæнхъахъхъæнæг службæйæн бахæс кодта, цæмæй рахизой  арæн  хъахъхъæныны фæтынгдæргонд режим­мæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд скондæн бахæс кодта, æвзæрстыты бон, гæнæн ис, æмæ уæлвæткон уавæр сæвзæра, уæд йæ аиуварс кæнынмæ хъуамæ цæттæ уой.

Закъон халыны цаутæ куы æрцæуа, уæд сæ рæстæгыл аиуварс кæнын æмæ сæ срегистраци кæныны нысанæн Гаглойты Алан Генералон прокуратурæйæн бахæс кодта уæлæмхас оперативон-фæдагурæн къордтæ саразын.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иу политикон партитæ  сæ агитацион куыстмæ æнахъом сывæллæтты кæй æрбакодтой, уый тыххæй ныридæгæн цæр­джыты æрдыгæй æрбацæуы хъæстытæ. Æнахъомтæй пайда кæнын раст нæу. Уый фæдыл Мидхъуыддæгты министрады бафæдзæхста, цæмæй сæ хъус дарой ахæм  хъуыддæгтæм.

Уымæй дарддæр ма ныгуылæйнаг бæстæты спецслужбæтæ сæ фадæттæй, уыцы нымæцы æнæхицауадон организациты æххуысæй информацион фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, сæ тых, сæ бонæй архайынц æвзæрстытæ ма бауадзыныл.

«Æвзæрстытæ фехалыны тыххæй иутæ сидынц демаршмæ. Иннæтæ та сидынц, цæмæй æвзарджытæ схъæлæс кæной «алкæйы ныхмæ». Фæлæ махæй алчи дæр хъуамæ бацархайа, цæмæй æвзæрстытæ куыд æмбæлы, афтæ ацæуой сабыр уавæрты, закъон куыд домы, афтæ. Æппæт фæткхалынадтæ дæр хъуамæ иуварс æрцæуой», – бахахх кодта Президент æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, тыхон структурæтæ хъуамæ се  ‘мбæлон архайды фæрцы максималон æдасдзинад сифтонг кæной хъæлæс дæттыны рæстæджы.

 

МИДÆГГАГОН ÆМÆ ÆДДАГОН УАВÆР

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг Олег Ширан æмбырды куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы  мидæггагон æмæ æддагон уавæр ис оперативон контролы бын, республикæйы регистраци не ‘рцыд ницыхуызон тасдзинæдтæ æмæ æвзæрстыты агъоммæйы процесс цæуы сабыр уавæрты.

«Гуырдзыстоны æрдыгæй гарзджын тыхты æмæ пъолицæйы постты активондзинад нæ зыны, фæлæ фæстаг рæстæджы фæактивондæр сты фæдысгарæг дронты архайд», – банысан кодта Олег Ширан.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны  Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæйы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алиханты Валериан фехъусын кодта, зæгъгæ, паддзахадон арæны хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг фадыджы уавæр вазыгджын уæвгæйæ, рагацау æмбæрстгонд у.

«Арæнхъахъхъæнæг къордтæ æрвылбон дæр нысан кодтой Гуырдзыстоны пъæлицæ æмæ Евроцæдисы хъусдарджыты миссийы архайд. Уыдон Хуссар Ирыс-тоны территорийы арæнхъахъхъæнджыты службæйæн,бынæттæ æмæ кæуылты цæуынц, уыцы фæндæгтæ сбæрæг кæныны нысанæн истой фото – æмæ видеотæ. Уыимæ иумæ пъæлицæйы постты архайд нæ активондæр кæны», – фехъусын кодта Алиханты Валериан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æхсæнадон-политикон уавæры мониторинг æв-дисæн у Америкæйы Иугонд Штаттæ дарддæр дæр кæй архайынц, иноагентты закъоны ныхмæ чи у, уыцы  оппозицийы минæвæртты æххуысæй Гуырдзыстоны политикон æнæстабилондзинад дунейæн бауырнын кæныныл. Фæлæ уавæры дестабилизацийы æууæлтæ æмæ протестгæнджыты активондзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны æрдæм ра-хæссыны факттæ бæрæг не ‘рцыдысты.

 

ТÆРХОНДОН ÆМÆ ПРОКУРАТУРÆ

Генералон прокурор Собаты Григори куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цхинвалы цæрæг Цæголты Сергейы амарыны факты тыххæй хъуыддаг Генералон про-куратурæ арвыста тæрхондонмæ. Лæгмарды цау æрцыд ивгъуыд азы октябры мæйы.

Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ, фæуынхъус у Мамиты Ричарды амарыны факт сбæлвырд кæныны хъуыддаг дæр æмæ йæ къуырийы æмгъуыдмæ Генпрокуратурæ адæтдзысты тæрхондонмæ.

Уымæй дарддæр Собаты Григори радзырдта хыгъдон рæстæджы сæ ведомствойы бакæнгæ куысты тыххæй дæр.

«Хыгъдон рæстæджы ведомство ауагъ-та 115 планон мадзалы, уыдонæй 77 уыдысты  бæрæггæнæн мадзæлттæ. Уыцы куысты фæстиуæгæн иуварс æрцыдысты 20 фæткхалынады», – загъта генералон прокурор.

Куыд банысан кодта, афтæмæй парламентон æвзæрстыты рæстæджы прокуратурæйы органтæ рахиздзысты сæрмагонд режиммæ, цæмæй оперативонæй архайой, æвзæрстыты рæстæджы фæткхалынæдтæ æмæ сæм цы хъæстытæ æрбацæуа, уыдон рæстæгыл аиуварс кæныныл.

Осиаты Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.