Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Сергей Чеботарев РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ арвыста тел Хуссар Ирыстоны Ереды трагедийы бын нысан кæныны сæраппонд.

Телы дзырдæуы:

«Цытджын  Анатоли  Ильяйы фырт!

Дыууын аст азы размæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ног историйы æрцыд иууыл тæссагдæр æмæ æгъатыр хабæрттæй сæ иу – Ереды трагеди.

Хуссар Ирыстоны æнæаххос сабыр цæрджыты амарын æнустæм баззайдзæн нæ зæрдæты, зæрдыл дарын кæндзæн, хи паддзахиуæгад райсыны хъысмæт сбæлвырд кæныны æмæ сæ райгуырæн бæстæйы ирд сомбон аразыны фæндагыл цæугæйæ, республикæйы æмбæстæгтæ цы уæззау хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдоны.

Зæрдæбынæй мæсæллæй кæнын Ереды трагедийы фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.