№9-æм æвзарæн зылд

Æз, Гæбæраты Азæмæт Юрийы фырт райгуырдтæн горæт Цхинвалы 1984 азы 27-æм ноябры. 2001 азы горæт Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ мæ ахуыр адарддæр кодтон Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты. Каст æй фæдæн 2008 азы.

2007 азы 18-æм январæй 2009 азы 31-æм октябрмæ службæ кодтон Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фидауынгæнæг тыхты.

Цытджын æвзарджытæ!

Уе ʻууæнк æмæ фарсхæцынадыл бындуриуæг кæнгæйæ, æвдисын мæ цæттæдзинад уæ фæндондзинад æмæ уын уæ интерестæ кæй хъахъхъæндзынæн, уый тыххæй. Йæ сæйраг нысан ис нæ республикæйы демократон размæцыд, экономикон æгъдауæй эффективон æмæ социалон-ориентацигонд æхсæнад саразыны хъуыддаджы.

Хуымæтæджы адæймаджы интерестæ хъахъхъæнын хъуамæ суа алы чиновникы куысты приоритет дæр. Адæм паддзахадæн нæ, фæлæ паддзахад адæмæн! Уый тыххæй мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм  алыхатт дæр. Æрмæстдæр афтæмæй ис гæнæн æппæт æхсæнадæн ирд, рæсугъд фидæн сифтонг кæнын.

Æнæмæнгхъæуæг у куыстæй сифтонг кæныны хъуыддагмæ, куыстмызд фидыны бæрц æмæ уавæртæм серьезон хъусдард аздахын.  Афоныл куыстмызд бафидын сифтонг кæнын. Æмбæстæгты царды гъæды æмвæзад фæхуыздæр кæнынимæ баст фарстатæ иууылдæр хъуамæ скъуыддзаг цæуой фыццаг рады. Афтæ ма хъусдард аздахын хъæуы сабидæтты бюджетмæ, æнæмæнгхъæуæг у уый тыххæй финансон фæрæзтæ фæфылдæр кæнын, цæмæй ивд æрцæуой ныййарджыты фиддонтæ. Афтæ ма хъæуы бирæфатерон корпусты кæртыты сывæл-лæтты фæзуæттæ саразыны хъуыддаг аскъуыддзаг кæнын дæр.

Ме ʻвзарæн зылды цæрæг æмбæстæгтæн ныфс æвæрын, æппæт фарстаты дæр сæ фарсмæ кæй уыдзынæн æмæ адæмы интерестæ кæй хъахъхъæндзынæн, уымæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.