Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Багаты Магомед куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвзæрстыты рæстæджы ницы фæткхалæн цаутæ æрцыд нысангонд. «Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон халыны тыххæй нæм политикон партитæй, æхсæнадон организацитæй, цæстдарджытæй ницы хъæстытæ æрбацыд. Хуссар Ирыстоны про-куратурæ йæ куыст афтæ сарæзта, цæмæй горæты дæр æмæ республикæйы æппæт районты дæр æвзарæн процесс ацæуа æнæ фæткхæлдæй. Мах цæттæ стæм цыбыр рæстæгмæ цыфæнды хъаст дæр равзарынмæ», – банысан кодта Багаты Магомед. Уый загъта, зæгъгæ, æнæзакъонон кæнæ æнæсанкцион архæйдтытæ дæр урæд цæудзысты закъонмæ гæсгæ.

Уыимæ иумæ ма загъта, зæгъгæ, йæ уырны, куыд ныры къухдариуæгады æрдыгæй, афтæ оппозицион кандидатты æрдыгæй дæр кæй нæ уыдзæн æнæзакъонон архайд.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.