РАЙСТОЙ СÆ «ОРЛЯТА РОССИИ»-ЙЫ РÆНХЪЫТÆМ

Фронты цур Донбассы скъолатæй иуы   1-æм къласы ахуыргæнинæгтыл «Орлята России»-йы галстуктæ цытджын æгъдауæй бабастой скъолайы директор æмæ хуссарирыстойнаг бархион, 2014 азæй фæстæмæ Донбассы чи хъахъхъæны, уыцы легендарон батальон «Восток»-ы æфсæддон службæгæнæг, Ирыстоны хъайтар, Саур-Могилайы сæрыл тохты хайадисæг Дудайты Димитр Георгийы фырт (йæ фæсномыг Седой). Уый хæстон архайдтыты æхсардзинад равдисыны тыххæй хорзæхджын у бирæ хорзæхтæй. Уый тыххæй нæм хъусын кæны Донецкы «Землячество Алании»-йы сæргълæууæг Бæззаты Еленæ.

Сабитæ, сæрыстырæй дарут галстуктæ æмæ йын кад кæнут уæ хорз ахуыр æмæ хорз хъуыддæгтæй. Мах уыл æууæндæм!» – раарфæ сын кодта Дудайты Димитр.

«Советон Цæдисы чи райгуырд, уыдон зонынц, октябронтæ, ногдзуатæ æмæ фæскомцæдисонтæ чи сты, уый. Уыдон рацыдысты Советон Цæдисы скъолаты хъомылады æппæт этаптæ. Фæлæ 1991 азæй фæстæмæ куыд Советон Цæдис, афтæ уыцы организацитæ дæр нал уæвынад кодтой. Абон уæрæсейаг ахуырады системæмæ хаст цæуынц бирæ ивындзинæдтæ, уыцы нымæцы архайынц скъоладзауты патриотон хъомыладыл. Уæрæссейы орлятонты архайды мидис у советон октябронты организаци сæндидзын кæнын. Советон Цæдисы ныппырхæй 30 азы фæстæ Уæрæсейы фæзындысты «Орлятонтæ». Уый у масштабон хъуыды бæстæйæн активон æмбæстæгтæ хъомыл кæныны», – банысан кодта скъолайы директор.

 

СХОРЗÆХДЖЫН КОДТОЙ СЫВÆЛЛÆТТЫ-ХЪАЙТАРТЫ

Донецкы Адæмон Республикæйы Харцызскы схорзæхджын кодтой волонтерон змæлды йæхи уæлдай хуыздæр чи равдыста, уыцы сывæллæтты-хъайтарты. Хорзæхтæ сын радта Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин. Уый банысан кодта, зæгъгæ, вазыгджын уавæр не ‘взары хистæр кары адæймаг æмæ сывæллоны дæр. Уымæ гæсгæ нæ сывæллæтты бахъуыд тагъддæр сыстыр уæвын. Кæсыс сын сæ цæстытæм æмæ сæ уыныс – алцыдæр æмбарынц», – загъта Денис Пушилин.

7-æм ноябры æхстыты фæстиуæгæн чи фæмард, уыцы лæппу та хорзæхджын æрцыд йæ амæлæты фæстæ. Уый æххуыс кодта, чи фæцæф, уыцы хæстонтæн. «Лæппуйæн йæ бон уыд йæхи бамбæхсын æхстытæй, фæлæ уый бæсты пырхæнты бынæй адæмы ирвæзын кодта. Хъыгагæн, йæхæдæг фæмард», – загъта Денис Пушилин.

Хорзæхджын кæныны церемонимæ æрбацыд УФ-йы сывæллæтты омбудсмен Мария Львова-Белова. «Уыдон сты æцæг хъайтартæ. Мæнæн ахсджиаг у, цæмæй сæ хъæбатырдзинады дæнцæг суа фæндагамонæг стъалы Уæрæсейы Федерацийы æндæр сывæллæттæн», – загъта уый.

 

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД МАЙДАНÆЙ

Донецкы Адæмон Республикæйы «Землячество Алании»-йы сæргълæууæг Бæззаты Еленæ хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады майдан «За трудовую доблесть»-æй активон æмбæстагон позици, Украинæйы демилитаризаци æмæ денацификацийы фæдыл сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны рæстæджы республикæйы 110-æм гвардион хицæн мотоæхсæг бригадæйы æфсæддон службæгæнджытæн афоныл, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм гуманитарон æххуыс бакæныны тыххæй», – дзырдæуы Бæззаты Еленæйы номыл арфæйы фыстæджы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ та Бæззаты Еленæ хорзæхджын кæй æрцыд «Волонтерон æмæ æхсæнадон куысты хъайтар»-ы  стъалыйæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.