Медицинон кусæджы Боны цытæн Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæ радта æнæниздзинад хъахъхъæнынады сферæйы хуыздæр кусджытæн. Уый тыххæй фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ. Цытджын церемони уагъд æрцыд майрæмбоны, 14 июны. 16 июны, ома, июны мæйы æртыккаг хуыцаубоны, та дохтыртæн уыдзæн сæ профессионалон бæрæгбон.

«Æнæмæнг æнæниздзинад хъахъхъæнынады сферæйы кусджытæ сты сæ квалификаци бæрзонд кæмæн у, ахæм специалисттæ. Ацы бæрæгбоны æхсызгонæй бузныг зæгъæм Хуссар Ирыстоны медицинон кусджытæн. Сымахæй алчидæр у нæ дуджы хъайтар: дохтыртæ, медицинон хотæ, ацы фадыджы иннæ кусджытæ – иууылдæр уыдон æрвылбон хъахъхъæнынц адæмы æнæниздзинад… Наци æнæниз æмæ тыхджын куы нæ уа, уæд йын нæй прогресс æмæ фидæн», – загъта Гаглойты Алан.

Президент сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, нырыккон дуне хæсджын у дохтырты раз: «Абон нæ хæстонтæ хъæбатырæй тох кæнынц знагимæ. Се ‘нæниздзинад сын хъахъхъæнынц дохтыртæ. Уыдоны куыст у æцæг сгуыхтдзинад, уыдон иууылдæр сты æцæг хъайтартæ. Уырнæ мæ, æрсабыр уыдзæн хæст, нæ уæлахиздзаутæ иууылдæр уы­дзысты æнæниз æмæ сæрæгас.»

ГАГЛОЙТЫ АЛАН – Наци æнæниз æмæ тыхджын куы нæ уа, уæд ын нæй  прогресс æмæ фидæн

Æнæниздзинады фадыджы хуыздæр кусджытæн Президент йæ барамындæй радта  «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыр»-ы, «Хуссар Ирыстоны æнæниздзинады  сгуыхт кусæг»-ы кадджын нæмттæ,  афтæ ма РХИ-йы Кады гæххæттытæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.