Куыд зонæм, афтæмæй 1-æм октябрæй Уæрæсейæ ласæггаг товарты таможнæйон фиддонтæ фæфылдæр сты авд процентæй. Уый фæстиуæгæн зындзинæдтæ æвзарынц бирæ азты амалиуæгадон куыст чи кæны, уыдон. Ацы хъуыддаг бандæвта, арæзтадон æрмæджытæй республикæ чи ифтонг кодта, уыцы магазинтыл дæр. Уымæн æмæ арæзтадон æрмæджытæ дæр хаст сты, таможнæйон фиддонтæ цы товартæн фæфылдæр сты, уыдоны номхыгъдмæ.

Ацы хъуыддаг, фыццаджыдæр, бандæвта хуымæтæг адæмыл. Амалиуæггæнджытæ таможнæйон хæрдзтæ бафтауынц сæ продукцийы аргъмæ, махæн та æнæмæнгхъæуæг продукттæн æнæ ‘лхæнгæ нæй  æмæ сæ æлхæнæм зынаргъæй. Уый тыххæй æхсæнады сæвзæрд æнæразыдзинад. Амалиуæггæнджытæй би-рæтæ хъæстмæ цæуынц хицауадмæ, фембæлдысты Парламенты спикеримæ дæр. Уыдон домдтой, цæмæй сын Зæрæмæджы тамож-нæйы сæрты ахизыны авдпроцентон  фиддон сисой.

***

Ацы проблемæйыл фыццаг хатт не ‘мбæлынц нæ амалиуæггæнджытæ. УФ-йы Федералон таможнæйон уагæвæрдмæ гæсгæ, хъуамæ æххæст кæной таможнæйон экспортон процедурæ. Ласгæ уæзтæн хъæуы бавдисын экспортон деклараци, уым лæмбынæг фыст хъуамæ уа товары гъæд, нымæц, уæз æмæ а.д. Æмæ уыцы домæнтæ раст хаст куы не ‘рцæуынц декларацийы, уæд контролон-уадзæн пункты службæгæнджытæ нал рауадзынц арæныл уæзласæн транспорт æмæ товар.

***

Чи сæ у раст?

Амалиуæггæнæг Тадтаты Розæ  лæмбынæг радзырдта, Зæрæмæджы контролон-уадзæн пунктыл цæугæйæ цы зындзинæдтыл фембæлд, уыдоны тыххæй: «Ацы проблемæйыл уæзтæ ласыны рæстæджы не ‘мбæстæгтæ æмбæлынц сис-тематикон æгъдауæй. Дыууæ азы размæ, раст ацафон, мæ уæзласæн машинæ цалдæр суткæйы фæлæууыд таможнæйы. Машинæйы цы халсæрттæ, дыргътæ уыд, уыдон басыдысты æмæ урсаджы продукттæ та æнæпайда фесты. Махæй фæдомынц алыгъуызон гæххæттытæ, декларацитæ. Цæмæй  нын нæ товарты сфидар кæной, уый тыххæй нæ батæрынц уæзон-контролон барæнмæ. Барæн компьютер бæрæг кæны уæзласæн машинæйы уæзы бæрц. Уыцы зонындзинад, дам, таможнæйæн фидар æрцыд ЕАЭС-ы нормæтæм гæсгæ».

***

Иннæ амалиуæггæнæг та афтæ радзырдта: «УФ-йы амалиуæггæнджытæм хыгъды чи лæууы, æрмæстдæр ахæм шофыртæн дæттынц бар йæ уæзтæ регистраци кæнынæн. Æмæ уый та афтæ  нысан кæны, зæгъгæ, мах фиддонтæ Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр хъуамæ фидæм. Декларацийы аргъ кæцæй исынц, уый дæр нын рæстмæ не ‘мбарын кæнынц. Цы товар ласын, уый аргъ æрмæстдæр 28 мин сомы куы уа, уæд æз куыд хъуамæ бафидон 10 мин сомы таможнæйы?! Раздæр кæд деклараци нæхи пайдайæн фидар кодтам, уæд ныр та кæй пайдайæн цæуы арæзт, уый бæрæг нæу», – зæгъы Уалыты Инал.

***

Æндæр машинæйы хицау та афтæ радзырдта: «Къуырисæрæй нырмæ мæ машинæ уым ис, мæ микроавтобусы ласын дарæс. Цавæрдæр документтæ мæ домынц. Мах ласæм, магазингæстæ интернет-магазинтæй цы товар æлхæнынц, уыдон. Æмæ уыдонмæ цæй гæххæттытæ ис? Дыууæ лæппуйы мидæмæ бацыдысты, ома, семæ бадзурæм, фæлæ сæм хъусгæ дæр ничи бакодта».

***

Цалдæр магазины хицæуттæ та мын афтæ бамбарын кодтой: «Таможнæйон  Цæдисы домæнтæ æмæ фæтк махæн тынг зын æххæстгæнæн сты. Уымæн æмæ домынц бирæ хæрдзтæ. Бирæ товартæ чи ласы, уыдонæн æмбæрстгонд у ацы фæтк. Мах та ласæм чысыл «Газель» машинæтыл. Стыр æргътæ куы фидæм, уæд хъуамæ, бар æнæбары,  фæзынаргъ кæнæм, цы товар  æрластам, уыдоны æргътæ.

***

Ивгъуыд къуырийы ацы фарсты тыххæй РХИ-йы Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин фембæлд УФ-йы вице-премьер Александр Новак æмæ Экономикон рæзты  министры хæдивæг Дмитри Вольвачимæ. Уыдон лæмбынæг байхъуыстой нæ премьермæ æмæ ныфс бавæрдтой, ацы фарст кæй аскъуыддзаг кæндзысты ног азмæ. Джуссойты Константин ацы æмæ ма æндæр фарстаты тыххæй дæр 30-æм ноябры информаци радта Парламенты депутатты корпусæн. Уый куыд дзырдта, афтæмæй таможнæйыл хизгæйæ, гæххæттытæ аразынæн амалиуæггæнджытæн цы брокертæ феххуыс кæнынц, уыдон арæх сзыгъуыммæ кæнынц деклараци. Æмæ, дам, фылдæр хатт уый аххосæй вæййы къуылымпыдзинад.

***

«Нæ машинæтæ уым лæууыдысты æнæхъæн къуырийы бæрц. Ныр кæцыдæрты рауагътой. Æцæг нын нæ базайрæгты ракалын кодтой, кусæгæн дæр ма бафыстон. Нæ товартæй бирæ цыдæртæ æнæфтиаг фесты, уымæн æмæ уæзласæн машинæтæ лæууыдысты уынджы 20 градусы уазалмæ. Бирæ рæстæг цы брокеримæ куыстон, уый куыддæр амæлттæй байдзаг кодта гæххæттытæ æмæ мæ рауагътой. Нæ зонын, ацы ситуаци цас ахæсдзæнис. Уымæн æмæ фæстаг фондз азы ацы проблемæ сæвзæры рæстæгæй-рæстæгмæ. Хицауадты баныхæсты фæстæ уавæр фæсабырдæр вæййы, фæлæ гæххæттæй фидар кæй не ‘рцæуы, уый тыххæй та Цæгат Ирыстоны таможнæйы службæгæнджытæ ногæй спайда кæнынц уавæрæй, ома, дам, уæм нæй Таможнæйон Цæдисы домæнтæм гæсгæ æмбæлон документтæ», – зæгъы Остъаты Олег.

***

Мах бацымыдис кодта, ацы фарст куыд скъуыддзаг цыд Хуссар Ирыстоны Таможнæйон комитеты раздæры сæргълæууæг Цхуырбаты Мураты рæстæджы.

«Æцæгæйдæр, æрласгæ уæзтæн хъæуы бадæттын экспортон деклараци, кæд дæм ахæм документтæ нæ разына, уæд дæ нæ рауадздзысты арæныл. Фæлæ-иу мах не ‘мбæстæгты уавæр хынцгæйæ, бадзырдтам Цæгат Кавказы таможнæйы къухдариуæггæнджытимæ, цæмæй уыцы хъуыддаджы хатыртæ уа Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн. УФ-йы хицауады кадрон ивындзинæдтæ арæх вæййы, фæивтой та-иу Цæгат Кавказы таможнæйы сæргълæууæджы дæр. Ног хистæр та-иу фæкарздæр кодта арæны сæртыл хизыны фæтк…», – загъта Цхуырбаты Мурат.

Раст зæгъынц амалиуæггæнджытæ. Ацы фарст лæмбынæг æмæ бæстонæй куынæ аскъуыддзаг уа дыууæ фарсы хицауадты æмвæзадыл, уæд æрвылаз дæр æмбæл-дзыстæм ахæм цæлхдуртыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.