Фарон Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ Америкæйы Иугонд Штаттæн æгас дунейы ис 300 фылдæр биологон лабораторийы. Уыдонæй ссæдзы бæрц уӕвынц Украинæйы территорийыл. Лабораториты уадзынц эксперименттæ алыгъуызон низты фæ-дыл, куыд хуысарæй, коронавирусæй, халерæй, емынæйæ æмæ æндæр ахæмтæ. Украинаг биологон программæты АИШ-ы уæлдай хайад истой Германы æмæ Польшæйы специалисттæ дæр. Уымæй уæлдай ма уæрæсейаг æфсæддон слестгæнджытæ сбæлвырд кодтой, Украинæйы биолабораторитæ кæй сты баст АИШ президенты лæппу Хантер Байденимæ.

Уæрæсейы Хъахъхъӕнынады министрад ныры онг дӕр анализ аразы АИШ-ы ӕфсӕддон-биологон лабораториты архайдӕн ӕмӕ сбӕлвырд кодтой, украинаг лабораториты проектты рӕстӕгмӕ кӕй ахастой ӕндӕр бӕстӕтӕм. Ныридӕгӕн уӕлдай активон архайд кӕнынц Конгойы, Сьерра-Леонейы, Камеруны, Угандайы ӕмӕ ӕндӕр африкӕйаг бӕстӕты. Уӕрӕсейы радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕды ӕфсӕддонты хистӕр Игорь Кирилов куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕппӕт америкӕйаг биолабораториты куратортӕ сты сӕ Хъахъхъӕнынады министрад, Национ ӕдасдзинады агентад ӕмӕ Паддзахадон департамент.

Лӕмбынӕг анализы фӕстиуӕгӕн ирдӕй разындысты АИШ-ы фӕлитой митӕ ӕмӕ ма уыимӕ иумӕ – сӕ адӕймагӕнӕуынондзинады хъуыддӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Нигерийы сӕ лабораториты архайд бӕттынц ацы бӕстӕйы ӕнӕниздзинады райрӕзтимæ, алыгъуызон низты фæкъаддӕримӕ. Сӕйраджыдӕр венерион низты ныхмӕ тох ссис сӕ девиз. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕ программӕйы эффективондзинадмӕ ис бирӕ фарстатӕ. Кӕд ӕмӕ ӕрвылаз дӕр Нигерийы уӕвӕг лабораторитæн финансон ӕххуыс официалонӕй ахизы 100 миллуан долларӕй, уӕддӕр венерион ӕмӕ ӕндӕр ахӕм низтӕ нӕ къаддӕр кӕнынц. Ӕгӕрыстӕмӕй ма сӕм æндӕр низтӕ ноджы апарахат сты ӕмӕ ВИЧ-инфекцийӕ рынчынтӕ та арӕхдӕр мӕлын райдыдтой.

Уӕрӕсейаг специалисттӕ ма сбӕлвырд кодтой, украинаг ӕмбӕстӕгтыл цахӕм препараттӕ фӕлвӕрдтой бирӕ азты дӕргъы, уыдон ныр кæй фӕлварынц Нигерийы цӕрджытыл. Ома сын ныр та ацы бӕстӕ ссис «аслам клиникон базӕ». Ӕнӕбон, лæмæгъ бӕстӕты ӕмбӕстӕгты фӕрцы Пентагон тымбыл кӕны алыгъуызон низты цыренгӕнджыты, инфекцион низты ӕндӕвдад фӕлвары адӕмыл ӕмӕ иумиагӕй биологон уавӕрыл сӕхи пайдайӕн контроль кӕнынц бирӕ регионты. Зӕгъӕм, ныридӕгӕн ахӕм регионтыл нымад сты Ирак ӕмӕ Афганистаны территоритӕ, Уӕрӕсе, Китай, Турк, Пакистан ӕмӕ Саудаг Аравийы арӕнгӕрӕттӕ, афтæ ма бирӕ ӕндӕр бӕстӕтӕ.

Рабӕрӕг ма ис, 2019 азы коронавирусы эпидемийы хӕдразмӕ Нью-Йоркы Джонс Хопкинсы университеты кӕй ауагътой ахуыртӕ «Ивент-201», кӕцыйы легендӕмӕ гӕсгӕ адӕмыл сыстадис коронавирусон низ ӕмӕ сыл хӕцгӕ та бакодта хӕлынбыттыртӕй. Рабӕрӕг ма ис, америкӕйаг формацевтон компанитӕ развӕлгъау сӕхи кӕй бацӕттӕ кодтой «антиковидон» медицинон препараттӕ егъау гуырахсты рауадзынмӕ. Уый та ууыл дзурӕг у ӕмӕ COVID-19 пандеми АИШ-ы арӕзт кӕй уыд.

Кӕд ӕмӕ Украинӕйы нырма хӕстон архӕйдтытӕ сӕ карзыл сты, уӕддӕр дзы цалдӕр америкӕйаг лаборатори нырма сӕ куыст кӕнынц. Сӕ фылдӕр хай сын ахастой Скӕсӕн Европӕмӕ, Африкӕмӕ ӕмӕ Хуссар-Скӕсӕн Азимӕ, фӕлӕ сӕ зӕрды ис, цӕмӕй уыцы программӕтӕ хӕсты фӕстӕ фӕстӕмӕ адарддӕр кӕной Украинӕйы территорийыл.

Уымӕй уӕлдай ма уӕрӕсейаг спецслужбӕтӕ сбӕлвырд кодтой, АИШ украинаг фашисттӕн кӕй аразын кӕны биологон диверси. Уый нысанӕн Львовы ауагътой ах-уыртӕ дӕр. Легендӕмӕ гӕсгӕ Николаевы областы фӕ-зынд ног инфекци ӕмӕ анализты фӕстиуӕгӕн рабӕрӕг, кӕй йӕ апарахат кодта Уӕрӕсе. Ацы провокацийӕн йӕ нысан у, цӕмӕй Уӕрӕсейы фӕазымджын кӕной ӕмӕ йын ИНО-йы æххуысæй ноджы карздӕр санкцитӕ рахӕссой.

Ӕниу украинаг националисттӕ ныридӕгӕн дӕр пайда кӕнынц химикон ӕхсӕнгарзӕй. Ахӕм факттӕ фиксаци ӕрцыдысты Донецкы ӕмӕ Артемовскы ӕмӕ химикон ӕхсӕнгарз та разынд ирритан. Ацы хъӕстӕ буарадӕй адӕймаг куы фӕулӕфы, уӕд дзы цӕстытӕ судзын райдайынц, улӕфт нал фӕфаг кӕны, буар рафады, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй уыцы бынатӕй куы нӕ ацӕуай, уӕд амӕлдзынӕ.

АИШ-ы биолабораториты ма сӕрибарӕй схонӕн ис ӕфсӕддон базӕтӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ иууылдӕр сты АИШ-ы Хъахъхъӕнынады министрады дӕлбар, кӕд ӕмӕ дзы кӕцыдӕртыл официалонӕй ӕндӕр ведомствотӕ контроль кӕнынц, уӕддӕр. Зӕгъӕм, нӕ сыхаг Гуырдзыстоны цы биолаборатори ис ахӕм номимӕ «Центр им.Лугара», уый ис сӕ Ӕнӕниздзинады ведомствойы дӕлбар, фӕлӕ ӕцӕгӕй та у Пентагоны объект. Ацы лабораторийы арӕзтадыл 2011 азы бахардз кодтой 160 миллуан доллары. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ам алыгъуызон экспериментты фæстиуӕгӕн амӕлынц дзӕвгар гуырдзиаг ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ дзы слестгӕнӕн мадзӕлттӕ иунӕг хатт дӕр нӕ ауагътой. 2015-2016 азты ног вакцинӕйӕ официалонӕй фӕмардысты 249 адӕймаджы, фӕлӕ сӕ фӕдыл «куыдз дӕр не срӕйдта». Ӕдӕппӕт та Гуырдзыстоны ахӕм лабораторитӕ ныридӕгӕн сты иуӕндӕс.

Уӕрӕсейы арӕнтӕм æввахс фӕстаг азты арӕзт ӕрцыд 49 лабораторийы. Уыдонӕй авд ис Сомихстоны, 8 – Азербайджаны, 10 – Казахстаны, 3 – Узбекистаны. Украинӕйы биолабораториты нымӕц кӕронмӕ бӕлвырд нӕма у – официалонӕй сӕ 11 хонынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕ нымӕц ссӕдзӕй ахызт. Уӕрӕсейы территорийы фӕстаг 30 азы цыдӕриддӕр хӕцгӕ низтӕ фӕзынд хӕдзарон фосыл, мӕргътыл, адӕмыл, уыдонӕн сӕ фыл-дӕр хай апарахат сты ацы биолабораторитӕй. Ӕгӕрыстӕмӕй ма гриппӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм низтӕй арӕхдӕр кӕй рынчын кӕнӕм раздӕрмӕ абаргӕйӕ, уый дӕр специалисттӕ бӕттынц АИШ-ы зианхӕссӕг архайдимӕ. Ахӕм диверситӕ лӕмӕгъ кӕнынц цӕрджыты ӕнӕниздзинад, егъау зиӕнттӕ æрцæуы Уӕрӕсейы экономикӕйыл. Лабораториты цы тӕссаг низтыл кусынц, уыдонӕн сӕ койӕ дӕр адӕймаг баризы. Зӕгъӕм, АИШ зӕрдиагӕй архайы, цӕмӕй йӕ къухты бафта ахӕм метод, кӕцыйы фӕрцы ӕнцонтӕй парахат кӕндзӕн туляремия, бруцеллёз, хъырымаг-конголезаг геммарогон тӕвдниз, хантавирус, емынӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Украинӕйы цӕуӕг сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстӕ кӕронмӕ ӕххӕст куы нӕ ӕрцӕуой, уӕд Уӕрӕсейӕн фидӕны ӕдасдзинад нӕ уыдзӕн. Украинӕйы чысыл зӕххы гӕппӕл дӕр куы баззайа АИШ-ы дӕлбар, уӕд дзы ӕнӕмӕнг ӕрӕвӕрдзысты сӕ биолабораторитӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы территори хъӕстӕ кӕндзысты алыгъуызон низтӕй. Уымӕ гӕсгӕ, афтӕ чи хъуыды кӕны «ныгуылӕн Украинӕ нӕ цӕмӕн бахъуыд», уыдон раст не сты. Уыимӕ ма иумӕ архайын хъӕуы, цӕмӕй иннӕ сыхаг бӕстӕты дӕр ӕхгӕд ӕрцӕуой биолабораторитӕ ӕмӕ мауал хъӕстӕ кӕной сӕ адӕмы дӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы дӕр. Алчидӕр ӕй ӕмбары, абоны бон постсоветон бӕстӕтӕ Белорусы йеддӕмӕ АИШ-ы дӕлбар кӕй сты, ӕмӕ Уӕрӕсейы архайд дӕр здӕхт у, цӕмӕй фи-дӕны ссӕрибар уой цагъайраджы цардӕй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.