Специалисттæ æрæвнæлдтой Цхинвалы историон хайы арæзтцæуæг «Зæронд хиды»  арæзтады балкæты монтажмæ. Уый тыххæй агентад «Рес»-æн фехъусын кодта РХИ-йы Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, объекты дыууæ быцæуы ‘хсæн  смонтаж кодтой иууæндæс балкæйы. «Абон, кусджытæ æрæвналдзысты хиды æртыккаг быцæу сфидар кæнынмæ. Æфсæддон къамиссариаты бæстыхайы ‘рдыгæй. Æмæ уый фæстæ специалисттæ райдайдзысты хиды уæлцъары арæзтад», – загъта уый.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ объекты архайынц 14 специалисты æмæ сæрмагонд техникæйы æхсæз иуæджы.

Гæбæраты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, уыцы иурæстæджы объекты куыст цæуы регуляцион къулты арæзтадыл дæр.

ИА «РЕС»

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.