2024 азы февралы мæйы 1-æм боны æххæст кæны 10 азы Хуссар Ирыстоны зонады бæрæгбон расидыныл.

Фæлæ мах зонæм, февралы 1-æм боны 1922 азы нæ алæмæттаг интеллигенцийы минæвæрттæ Тыбылты А.А., Хъоцыты Б.П., Тедеты П.Г. æмæ æндæртæ, кæй сарæзтой зонадон-литературон æхсæнад. 2022-23 азты нæ зонад-иртасæн институты æппæт хайадтæ дæр æнтыстджынæй банысан кодтой институты 100-æм азы юбилей.  2014 азы размæ нæ зонады бон бæрæгбоныл никуы цыдис нымад, фæлæ 2013 азы февралы мæйы фыццаг æмбисы РХИ-йы Ахуырады æмæ зонады министр Цыбырты М.Л. (дзæнæты бадæд!) æрбахатыд, цæмæй йæм фæхæццæ кæнæм нæ институты раззагондæр зонадон кусджыты номхыгъд. Мах сыл Зонадон советы æрдзырдтам. Бахастон æм 18 адæймаджы номхыгъд, æмæ дзы 8 зонадон кусæгмæ фæдзырдта æмæ сын раарфæ кодта зонады боны фæдыл бузныджы æвдисæнгæххæттытæй. Уæд бахатыдтæн нæ историк Джиоты М.К., зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны зонады бæрæгбонæн бындур куы æрæвæриккам февралы мæйы 1-æм боны. Уымæн æмæ 1922 азы æрцыд арæзт зонадон-литературон æхсæнад, гъе та 1933 азы, уымæн æмæ уæд уыцы æхсæнадæн зонад-иртасæн институты ном радтой.

Нæ хъуыдытыл æрдзырдтам Зонадон советы рабадты æмæ бахатыдыстæм РХИ-йы уæды Президент Тыбылты Л.Х. Президенты бардзырдæй: «Хуссар Ирыстоны зонады бæрæгбон нысан цæуæд 2014 азæй февралы мæйы 1-æм боны».

Уæдæ 2024 азы февралы мæйы 1-æм бон нæ зонадæн у юбилейон бæрæгбон. Бæрæгбоны та афæлгæсынц сæ рацæугæ фæндæгтыл, сæ фæстиуджытыл.

Нæ ныхас цæудзæн цыбыртæй Хуссар Ирыстоны зонады райрæзты фæндæгтыл æмæ фæстиуджытыл. Фæлæ сæрысуангæй зæгъын хъæуы, зонад кæй у æрдз, æхсæнад æмæ хъуыдыкæнынады фæткты райрæзты зонындзинæдты системæ, æмæма уыцы зонындзинæдты хицæн фадгуытæ æ.а.д. 1925 азы зонадон-литературон æхсæнад схуыдтой Бæстæзонæн æхсæнад; 1927 азы – Бæс-тæзонæн институт æмæ 1933 азы та – Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. 1923 азы ма уыдон ирон æвзаг расидтысты Паддзахадон æвзагæй æмæ бакодтой ирон скъолатæ. Райдыдтой аразын уыцы ирон скъолатæн æппæт здæхтытæй дæр ахуыргæнæн чингуытæ ирон æвзагыл. Æрмæг домдта тер-минтæ ирон æвзагыл æмæ сарæзтой терминологон къамис. Къамисæн бантыст химийы дисциплинæйæ дæрддæр иннæ дисциплинæтæн терминты дзырдуæттæ саразын. Чингуытæ дæр æмæ дзырдуæттæ дæр абон сты нæ библиотекæйы. Æртымбыл кодтой æппæт кæмттæй таурæгъгæнджыты æмæ сын сæ таурæгътæ фæфыстой. Тыбылты А.А. уыцы æрмæгыл бакуыста æмæ сæ рауагътой мыхуыры æртæ томæй æ.а.д. Иудзырдæй, 1933 азы Хуссар Ирыстоны гуманитарон зонад уыдис йæ тæккæ дидинкалыныл, фæлæ кадртæй цух æййæфтой æмæ бахатыдысты Фæскавказы Зонадон ассоциацимæ.

Уыдон сын сæ домындзинад сæххæст кодтой æмæ æрæрвыстой Хуссар Ирыстонмæ дзæвгар зындгонд ахуырты, куыд археолог Чурсин, ботаник Воронов, агроном Приходько, филолог-лингвист Абайты Вассо æ.æнд. Растдæр Абайты Вассо марты мæйы 27-æм боны 1937 азы æрæвæрдта фарста институты Зонадон советы рабадты, цæмæй райдауой ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырду ат аразын. Уыцы азты ирзонад радта хорз фæстиуджытæ. Уый кæцæй бабыхстой Гуырдзыстоны политикты хъæстæ зæрдæтæ æмæ ралæууыд репрессийы дуг – 1934-1937 азтæ.

Уыцы архайд цыдис æппæт Советон Цæдисы тыгъдады, фæлæ Хуссар Ирыстонæй цас амардтой æмæ цас та Сыбыры хай фæкодтой, афтæ иу республикæйы дæр ацы æбуалгъы цалх нæ атылд.

Ирыстоны зонад æрлæууыд йæ рæзтæй, зонад аразджытæй ма стæмтæ аззадис, фæлæ – гуырдзиаг алфавит, гуырдзиаг скъолатæ, Фыдыбæстæйон хæст æмæ 1944 азы Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Цховребашвили В. æмæ зонадон институты уæды ног директор Абайты В.Д. фæндонмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт бацыд Гуырдзыстоны Зонæдты академийы скондмæ.

1947 азы фæсивæдæй 15 адæймаджы æрвыст æрцыдысты аспирантурæмæ Тбилисы æндæр æмæ æндæр институттæм. Уыцы къахдзæф ногæй сæндидзын кодта Хуссар Ирыстоны зонады райрæзты фæндæгтæ.

60-æм азты цы ахуыртæ фæзынд Хуссар Ирыстоны, уыдон, Джуссойты Н.Г. йеддæмæ, иууылдæр цæттæдзинад райстой Тбилисы. Нафи та – Ленинграды. Растдæр 60-æм азты æрæвнæлдтой Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады зонадон кусджытæ  ирон æвзаджы Æмбарынгæнæн дзырдуат аразынмæ: Гæбæраты Н.Я., Цхуырбаты З.Д., Тедеты Г.З., Цхуырбаты В.К., Тъехты Ф.Д., Дзаттиаты Г.П., Уанеты В.Д. Дыгурон диалекты дзырдтыл та куыста акад. Исаты М.И. Мæхæдæг та – лаборанткæ. Æнæхъæн 3-4 азы куыстой аивадон литературæ æмæ периодикон мыхуыры æрмæгыл, афтæ-ма Нарты кадджытæ æмæ æндæр дзыхæйдзургæ сфæлдыстады æрмæгыл. Ирон æвзаджы хайады кусджытæ, мæхæдæг дæр (Гæбæраты Н.Я., Цхуырбаты З.Д. йеддæмæ), иууылдæр куыстам фадыгон лексикæйыл. Æрмæг тымбыл цыдис сæрды мæйты дæр экспедициты рæстæджы. Хайадмæ хастой æрмæг ахуыртæ дæр: Плиты Г.П., Плиты А.Н. æмæ æнд. Æхсызгоны хъуыддагæн зæгъын, Дзырдуаты III-аг том тагъд рæстæджы æрвыст æрцæудзæн Мæскуымæ мыхуыры рауадзынмæ нæ Паддзахады Президент Гаглойты А.Э. æх-хуысæй. IV т. дæр кæд райдаиккам кусын. Ацы дзырдуат у ирон æвзаджы дзырдуатон сконды хæзна, æргъад цæмæн нæй, ахæм ахъаззаг хъæздыг æрмæг.

Стыр куыст цыдис институты иннæ хайæдты дæр. Æнæхъæн хайады зонадон кусджытæн темæтæ фылдæр уыдысты иумæйаг – 5 азы æмгъуыдмæ, æмæ сын уыдис хорз фæстиуджытæ.

Æз ацы институтмæ кусынмæ куы æрбацыдтæн, уæд дзы æрбаййæфтон зонæдты доктортæ 6 адæймаджы: Гæбæраты С.Ш., Гаглойты З.Д, Тъехты Б.В., Джусойты Н.Г., Цхуырбаты З.П., Плиты Б.З., фæстæдæр сæм бафтыдысты Гæбæраты Н.Я., Санахъоты М.П. Æппæт иннæтæ та уыдысты зонæдты кандидатты къæпхæнтимæ, фæлæ зынгæ ахуыртæ: Гаглойты Ю.С., Цхуырбаты З.Д, Цхуырбаты В.Д., Цхуырбаты И.Н, Дзуццаты Х-М æмæ æнд. Цыбырдзырдæй, зонад-иртасæн институты нæ уыдис кусæн æнæ зонадон кандидаты къæпхæнæй, уымæн æмæ зонады кандидаты къæпхæн æвдисæн у хорз зонадон зонындзинæдтæн æмæ зонадон кусæгæн дуæрттæ байгом кæны  стыр зонадмæ,  зонадон хъуыдытæ  фидарæй зæгъынмæ.

Райдыдтой 90-æм азтæ. Дуг фæивта… зонад фæцух ис Паддзахады ‘рдыгæй финансон æххуысæй. Абоны мыздтæн абарæн дæр нæй 70-80-æм азты мыздтæм. Зонæдты докторты мызд фылдæр уыд уæды паддзахиуæгады кусджыты мыздæй, æмæ-ма иу хъуыддаг – мах нæхи журналты, газетты цы зонадон уацтæ мыхуыр кодтам, уыдонæн-ма нын гонорар дæр фыстой. Абон та мыхуыр кæнын хъæуы æнæмæнгæй ВАК-ы æмæ æндæр ахуыргæнæн уагдæтты журналты, фæлæ сын хъæуы фидын. Нал дзурдзыстæм, цас финансон хæрдзтæ дзы  хъæуы официалон æгъдауæй, цæмæй диссертаци дæ дисциплинæйы шифрмæ гæсгæ бахъахъхъæнай искæцы республикæйы зонадон, кæнæ уæлдæр ахуырадон уагдоны. Цæгат Ирыстон–Аланийы паддзахадон университеты нырма диссоветтæ бакодтой истори æмæ иумæйаг педагогикæйæ, фенæм дарддæр, кæд нæ фæсивæдæн фенцондæр уаид!

Абон та мæ фæнды раарфæ кæнын æппæт ирон адæмæн ацы бæрæгбоны фæдыл æмæ нæ архайды бындуры цы уа ирон æгъдау æмæ зонадон гуырæнтæ.  Ирзонад æнхъæлмæ кæсы ног зынгæ нæмттæм, ног стыр зонадон æнтыстытæм.

БИТАРТЫ Зойæ,

профессор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.