Иумæйаг Фыдыбæстæйы æртæ адæмы хатты минæвары, æртæ фæмардуæвæг хъæбатыр хæстон æмбалы.

Виталий Дядюшко, уырыссаг/хъазахъхъаг Архонкæйы станицæйæ, цыдис ыл æрмæстдæр 22 азы…

Георгий Эприкян, Мæздæгæй, сомихаг, ирон хæрæфырт, цыдис ыл æрмæстдæр 22 азы…

Бестауты Сæрмæт, Зильгæйы хъæуккаг, ирон, цыдис ыл æрмæстдæр 20 азы…

Ирыстойнаг лæппуты сгуыхтдзинады æмæ трагикон амæлæты тыххæй æнæмæнгæй хъæуы дзурын, фыссын. Æртæ хæстон æмбалы фæмард сты Уæрæсейы тыххæй. Æртæ хæстоны уыдысты бирæнацион Ирыстоны алы къуымтæй. Хъысмæт сæ æрбаиу кодта Волгограды иу полчы, уыдон систы хуыздæр æмбæлттæ æмæ тох кодтой Херсоны область ссæрибар кæныныл. Æртæйæн дæр сæ цард аскъуыд иу суткæйы дæргъы 2022 азы 29-30 марты карз тохты рæстæджы.

Дæлхай бахаудта æрхъулайы æмæ БМП-3 механик-шофыр Виталий Дядюшко фæцæф, райста уæззау контузи, йæхицæн йæ бон нал уыд хæстон машинæйæ рахизын. Уый тыххæй Георгий Эприкян  куы базыдта, уæд æм балыгъд, раласта йæ судзгæ машинæйæ æмæ йæ бахæццæ кодта, иннæ хæстонтæ кæм уыдысты, уырдæм. Эприкян  æхста сармадзанæй æмæ йæхæдæг фæмард йе ‘мбалы эвакуаци сифтонг кæнгæйæ… Дядюшко та уæззау цæфты фæстиуæгæн  цардæй ахицæн дыккаг бон госпиталы… Уыцы бон хъæбатырæй фæмард Бестауты Сæрмæт дæр. Æфсады размæ Бестауты Сæрмæт æмæ Виталий Дядюшко ахуыр кодтой Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы техникумы æмæ та уый фæстæ хъысмæты фæндонмæ гæсгæ ногæй сæмбæлдысты æфсады сæ хæдзарæй мин километры æддæдæр. Æртæ дæр уыдысты хæрзæвзонг лæппутæ, фæлæ ныридæгæн хъæбатыр, ныфсхаст æмæ æууæнкджын хæстонтæ. Уыдон кæрæдзийы хъахъхъæдтой куыд сабыр царды, афтæ сæрмагонд æфсæддон операци райдианы фыццаг сахаттæй тохты рæстæджы дæр. Систы хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады символ.

2022 азы марты кæронæй райдайгæйæ Херсоны областы Александровкайы хъæумæ æввахс цы хæстон цаутæ цыдысты, уыдонæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Украинæйаг æфсæдты фыццаг тыхджын цæфтæ сæхимæ райстой ацы фæмардуæвæг хæстонтæ. Уыдон тох кодтой удуæлдайæ.

Уыцы тохты не ‘фсæддон службæгæнджытæ ныппырх кодтой фырыстыд «Рыцари зимнего похода»-йы номыл (Æмбæстагон хæсты рæстæджыты украинæйаг националистты «цытæн», кæцытæ Сырх Æфсады цавтой фæстæрдыгæй) украинæйаг 28-æм механизацигонд бригадæйы. Ацы ном бригадæйæн радта тугмондаг киеваг режим, куыддæр 2019 азы хицауадмæ æрбацыд, афтæ æмæ растдæр гитлерон Германы куыд уыд, афтæ уайтагъд бригадæйы Шевронтыл фæзындысты нацистон немыцаг сау дзуæрттæ сæ кæрæтты урс канттимæ. Ома, ацы свастикæ фæзынд Сæрмагонд æфсæддон операцийæ бирæ раздæр. Бригадæ дислокаци кæны фыдæлтæй фæстæмæ уырыссаг Одессæйы… Афтæ змæстой, адæмты иудзинад чи ауæй кодта æмæ йæхи адæмы  æмæ уый фæстæ та уæрæсейаг æфсады ныхмæ хæцæнгарз чи систа, уыдон. Украинæйаг ацы бригадæйы куы ныппырх кодтой, уæд скуынæг кодтой дыууæ комбригады æмæ дæсгай хистæр афицерты.

Ирыстойнаг æртæ хæстоны хъæбатырæй хæцыдысты М.Шумиловы номыл Волгоградаг-Корсуньскаг Сырхтырысаджын полкы…. Уыцы полкы, кæцы амынæты ракодта фашистон фельдмаршал Паулюсы Сталинграды цур тохты рæстæджы, кæцы дыууæ хатты систа Грознæйы, афтæ ма йæ фæдисмæ гæсгæ сыстын кодтой 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны адæмæн баххуыс кæныны тыххæй. Херсонмæ бацæуæнты сæрмагонд сконд равдыста æнахуыр диссаджы сгуыхтдзинæдтæ æмæ хъайтардзинад, знагæн стыр зиæнттæ æрхæсгæйæ.

Æртæ дæр сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты Хъайтардзинады орденæй.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.