Коцты Станиславыл сæххæст 70 азы

Рæстæг æнæрынцойæ згъоры размæ. Нæ хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæнынц нæ паддзахад цахæм уавæрты гуырд æмæ фыццаг къахдзæфтæ куыд арæзта, уый. Бындур ын чи сæвæрдта æмæ йæ чи арæзта уыцы уæззау уавæрты, уыдонæй бирæтæ сæрæгас нал сты хъысмæты бархъомысæй. Бирæтæ та абон дæр цæрынц не`хсæн æмæ дарддæр сæ бавæрд хæссынц республикæйы рæзтмæ, йæ фидар кæныны хъуыддагмæ æмæ сæ буц æмæ сæрыстыр стæм. Уыдонæй сæ иу у Коцты Станислав Яковы фырт.

Уый райгуырд 1954 азы 7 апрелы, Цхинвалы районы Куртайы хъæуы службæгæнæг бинонты `хсæн. Æнтысгæйæ каст фæцис Цхинвалы астæуккаг скъола, стæй та – Хуссар Ирыстоны уæды пединституты истори æмæ англисаг æвзаджы факультет. Каст ма фæцис Бакуйы политологи æмæ социалон иртасынæдты институт. Йæ фæллойадон архайд райдыдта ахуыргæнæджы куыстæй. Бирæ азты дæргъы куыста Хуссар Ирыстоны педагогон институты. 80-æм азты Станислав рахызт Хуссар Ирыстоны адæмон контролы комитетмæ кусынмæ æмæ слæууыд организацион хайады сæргъ. Уырдыгæй 1989 азы раконд æрцыд партийы Хуссар Ирыстоны обкоммæ идеологийы хайады сæргълæууæгæй. Уæд уыдис вазыгджын рæстæг æгас Советон Цæдисæн, уыимæ коммунистон партийæн дæр. Бæстæ хæлын райдыдта. Æргомæй цæуын райдыдтой партийы ныхмæ, йæ рæнхъытæй лидзын райдыдтой хи уды хорзæн, сæхицæн карьерæ аразынмæ йæм чи цыдысты, уыдон. Ахæм уавæры уыдис Хуссар Ирыстоны партион организаци дæр. Фæлæ дзы уыдис ахæмтæ дæр, кæцытæн зынаргъ уыдысты компартийы идеалтæ æмæ йыл уыдысты æнувыд. Уыдоны, зæгъæн ис, хъуыд тох кæнын дыууæ фронты, иуæрдыгæй хицауиуæгадмæ æрцæуæг гуырдзиаг националисттимæ æмæ иннæрдыгæй та бынæттон «демократтимæ». Æмæ ацы хъуыддаджы уæлдай уæз цыдис партийы обкомы идеологийы хайадыл, кæцыйы сæргъ лæууыд Коцты Станислав.

Советон Цæдисы Компартийы Централон Комитет æмæ Гуырдзыстоны Компартийы Централон комитет куынæуал уæвыдысты, уæд æрбалæууыд партийы Хуссар Ирыстоны обкомы рад дæр. Уыимæ ма райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ гарзджын агресси Гуырдзыстоны æрдыгæй. Куыд цæрджытæй, афтæ разамынады органтæй дæр бирæтæ лидзын райдыдтой Хуссар Ирыстонæй. 1991 азы январы нæ горæты централон уынгты, уыцы нымæцы Хицауады бæстыхæйтты бацахстой гуырдзиаг милици. Хъуыд сæ ныхмæ фæлæууын æмæ арæзт цыдысты хæдхъахъхъæнынады отрядтæ. Æмæ республикæйæ ацæуын кæй нæ бафæндыд, сæ адæмимæ чи баззадысты, ахæм æндæр æмæ æндæр æмвæзадты разамонджытæ стыр куыст кодтой, цæмæй арæзт æрцыдаид разамынады централон системæ. Уымæ гæсгæ арæзт цыдысты алыгъуызон комитеттæ, цæмæй ситуаци бæстон цыдаид. Æмæ, æппæт ацы хъуыддæгты стыр нысаниуæг уыдис Коцты Станиславы архайдæн. Ног структурæтæн сæй-рагдæр сæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдон уыдысты агрессоры ныхмæ фæлæууын, сабыр цæрджыты фарсмæ балæууын, лигъдæттæ исын, бастдзинæдтæ æддаг дунеимæ аразын.

Информацион ифтонгады ахсджиаг хæс æгасæйдæр йæхимæ райста Станислав. Уыимæ ма уый уыдис лигъдæтты регистраци кæныны æмæ Хуссар Ирыстоны, афтæ ма Гуырдзыстоны мидæггагон районты цæрæг ирæтты ныхмæ цы фыдракæндтæ арæзт цыдысты, уыдоны æвдисæнты зонæнты æмбырд кæныныны инициатор. Уыцы зонæнтæ лæвæрд æрцыдысты республикон прокуратурæмæ. Уыцы рæстæджы-иу Коцы фырты бахъуыд баныхæстæ уадзын гуырдзыйы хицауиуæгады минæвæрттимæ, æмбæлд уæрæсейаг æфсæддонты разамынадимæ, йæхимæ иста æрвылбон дæр æндæр æмæ æндæр бæстæтæй журналистты. Уыдон та æрмæст 1991-92 азты уыдысты 2 мины бæрц фæндзай бæстæйæ фылдæрæй.

Баныхæстæм цæуын алыхатт æдас нæ уыд, ничи зыдта, хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уый. Ам зæгъын æмбæлы иу ахæм хабары тыххæй. 1991 азы январы Хъуылымбегты Тъорезы мæнгардæй куы æрцахстой æмæ йæ ахæстоны куы ныппæрстой, уæд дунеон æмæхсæнады стыр æндæвдады фæстиуæгæн Гамсахурдиайы режимы бахъуыд йе ссæрибар кæнын. Æмæ уæд сæвзæрыд фарст Тбилисæй йæ чи æрбакæндзæн, уый фæдыл. Уæрæсейы æфсæддонтæ сразы сты вертолет радтыныл. Фæлæ хъуыдис арвитын хуссарирыстойнаг минæвары дæр, цæмæй йæ уый къухтæм радтаккой æмæ йæ афтæмæй рарвыстаиккой. Уый уыдис цардæн тæссаг балц æмæ бирæтæ не сразы сты. Сразы ис æрмæстдæр Коцты Станислав æмæ афтæмæй Хъуылымбеджы фырт æрбафтыдис Цхинвалмæ.

1992 азы майы мæйы хæстон архайдтытæ сæ карзыл куы уыдысты, уæд скъуыддзаг цыдис Хицауад саразыны фарст. Станиславы фæндонмæ гæсгæ йе скондмæ бацыд ног структурæ – Информаци æмæ мыхуыры министрад, йæхæдæг та слæууыд йæ сæргъ æмæ ссис  йæ фыццаг министр. Уымæн бантыст æнгом коллектив æрæмбырд кæнын. Уыдон уыдысты Харебаты Батрадз, Æлборты Владимир, Цоциты Барис, Санахъоты Юри, Дзуццаты Татьянæ, Дзиццойты Анатоли æмæ бирæ æндæртæ. Мæргъиты Алексийæн та бахæс æрцыд, цæмæй араза архивтæ æмæ йын бантыст цалдæр томы уникалон документтæ æмæ æрмæджытæй йæ баххæст кæнын, кæцыты æвдыст цыдысты республикæйы рæзты процесс æмæ нæ адæмы тох йæ хæдбардзинады сæрыл. Коцы фырты разамындæй бæстон цыдис информаци æмбырд кæнын, анализ ын аразын æмæ йæ парахат кæныны системæ. Уыцы куыстытæ та æххæст цыдысты блокадæйы уавæрты, техникæ æмæ аппаратурæ куынæ уыдис, рухс-иу арæх куы ахуыссыд, ахæм рæстæджы. Куыст цыдис сæумæрайсомæй фæсæхсæвæртæм, æнæ улæфт бонтæй.

Министрад ссис, Цхинвалы цæрджытæ-иу фæстаг хабæрттæ кæм базыдтой, ахæм бынат. Министры архайды руаджы сын фæзындис бирæ бархион æххуысгæнджытæ, кæцытæ-иу хъусын кодтой информаци,  ифтонг сæ кодтой транспортæй, бынæттæм цыдысты цы бирæ нымæц уазджытæ  цыдис нæ республикæмæ, уыдонимæ. Алыгъуызон структурæты минæвæрттæ æмæ журналисттимæ иууыл тæссагдæр бынæттæм цыдис Станислав йæхæдæг дæр. Йæ разамындæй министрад стыр куыст кæй кодта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны уæды сæргълæууæг Эдуард Шеварднадзе басаст Хуссар Ирыстоны информацион хæсты кæй фембылдысты, ууыл. Электроэнерги-иу арæх кæй нæ уыд æмæ-иу газеттæ рæстæгыл кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ-иу æппæты фæстаг хабæрттæ мыхуыр цыдысты машинкæйыл æмæ-иу сæ афтæмæй бакодтой сæ бæстыхайы къулыл, уынджы.

Хъуыдис тагъдыл саразын закъондæттынадон базæ дæр æмæ йыл министрад бакуыста цыбыр æмгъуыдты, афтæмæй РХИ-йы Парламент фыццаг цы закъон райста, уый уыд дзыллон информацийы тыххæй закъон.

Коцты Станиславы комкоммæ хайадистæй цæуын райдыдтой газеттæ “Южная Осетия”, æмæ ”Красная знамя”, кусын райдыдтой паддзахадон телеуынынад, информацион агентад “Рес”, сæндидзыдта РХИ-йы журналистты цæдис, чингуыты паддзахадон рауагъдад. Хæдбар Ирыстоны рацыд фыццаг чиныг “Дети блокадного Цхинвала.”

Уый хайад иста бадзырдон процессы æндæр æмæ æндæр делегациты сконды. 1992 азы майы мæйы та хайад иста Дагомысы сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссыны процедурæйы, кæцы Хуссар Ирыстонæн ссис историон æмæ сабырад æрхаста нæ зæхмæ.

Станислав æвзæрст цыдис РХИ-йы Парламенты 1-3-4 æмæ 5-æм æрсидтыты депутатæй. Уыимæ 3-5-æм æрсидты уыдис Парламенты сæрдар. Йæ рæстæджы стыр куыст цыдис республикæйы закъондæттынадон базæ саразыныл. Хайад иста æндæр æмæ æндæр редакцитæй РХИ-йы Конституци бацæттæ кæнын æмæ райсыныл. Йæ архайдтыты руаджы æхсæн-парламентон архайд фæактивондæр УФ-йы Паддзахадон думæ æмæ РЦИ – Аланийы Парламентимæ. Кæддæриддæр ын принципиалон позици кæй уыдис, уымæй ноджы бæрзонддæр кодта йæ авторитет.

Коцты Станислав стыр куыст бакодта РХИ-йы компарти саразыныл дæр, кæцы æрбаиу кодта æрмæст СЦКП-йы раздæры уæнгты нæ, фæлæ ма ног уæнгты дæр. Бастдзинæдтæ сарæзта уæрæсейаг коммунисттимæ, кæцытæ нын фыццаг банымадтой нæ республикæйы хæдбардзинад. Хайад иста УФ-йы компартийы форумты. Ахæм бастдзинæдтæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ паддзахадон Думæйы компартийы фракци кæддæриддæр хъахъхъæны Хуссар Ирыстоны интерестæ.

Йæ æвæллайгæ бирæварсон архайды тыххæй Коцты Станислав  хорзæхджын æрцыди Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæтæ æмæ республикæты паддзахадон хорзæхтæй.

Чидæриддæр зоны Коцты Саниславы, уыдон æй зонынц хæларзæрдæ, адæймагимæ цымыдисон ныхас чи акæны, ахæмæй. Уый у иттæг хорз ныхасгæнæг, хорз арæхсы полемикæйы, цымыдис кæны алцæмæ дæр. Хорз  зонгæ у истори, литературæ æмæ дунейы культурæимæ, аргъ кæнын зоны  поэзи æмæ музыкæйæн. Алкæимæ дæр æнцонæй ссары иумæйаг æвзаг. Йæ хъуыдытæ вæййынц æмбæрстгонд    æмæ раст.

Царды цы стыр фæлтæрддзинад райста Коцты Станислав, уый йын æнцонæй фадат дæтты ног бæрзæндтæм хизынæн. Æмæ йын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ йæ дарддæры архайды.

   БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.