Украинæйы хабæрттæ хъусгæйæ арæх бафиппайæм, ома «уæрæсейæгтæ сæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынц æмæ украинæгтæ та æнæхъуаджы мæлæты дзыхмæ цæуынц». Куы йыл ахъуыды кæнæм, уæд фарст æвзæры – «украинæйаг хæстонтæ сæ райгуырæн бæстæ нæ хъахъхъæнынц?»

Раст фарст у. Фæлæ раст дзуапп раттыны тыххæй ныры хабæрттæм нæ хъæуы кæсын – раздæр сæхи куыд дардтой украинæгтæ, уый у сæйраг. Уæрæсе Украинæйы ныхмæ никуы цыд, нæ сæ хъыгдæрдта, се ‘взагыл сæ сæрибарæй уагъта дзурын. Æмæ афтæмæй УФ-йы цæры милуанмæ ‘ввахс украинагы.  Уæрæсейæгтæ алыхатт дæр хъуыды кæнынц, украинаг наци сæ туг се стæг кæй у, гадзрахатæй сыл никуы рацыдысты, Америкæ æмæ сæ Европæйыл никуы баивтой.

Æмæ Украинæ та цы арæзта йæ хæдбардзинад райсынæй фæстæмæ? Æрмæстдæр калдта цъыф Уæрæсейыл æмæ йæ дæлдзиныг кодта дунейы æхсæнады раз. Ферох кодта йе ‘фсымæрдзинад, райдыдта уæрæсейæгтæм знаджы цæстæй кæсын. Уымæй уæлдай ма Украинæйы йæхи уæрæсейаг æвзагыл дзурæг чи хуыдта, уыдоны марынмæ дæр æрхъавыдысты. Цыбырдзырдæй, Украинæ ссис фашистон паддзахад, кæцыйы ных англосаксойнæгтæ сарæзтой Уæрæсемæ æмæ сæ хъыггаг къæбылатау кæрæдзийыл сардыдтой. Уымæ гæсгæ уæрæсейаг хæстонтæ хъахъхъæнынц уырыссаг æвзагыл дзурджыты, сæ райгуырæн бæстæ. Украинæгтæ та ферох кодтой сæ фыдæлты кад æмæ намыс, сæ фыдæлты равдыст хъайтардзинад баивтой «бандерæйыл», æмæ мæлынц кæйдæр интересты сæрвæлтау.

Æниу иннæ советон республикæты минæвæрттæй дæр бирæ разындис æнаккæгтæ. Æрмæст Вахтанг Кикабидземæ цас хъæстæ разынд, уый дæр кæуылты у. Мардæй æвзæр ничи дзуры, фæлæ цы уыд, уый цæмæннæ хъуамæ зæгъæм. 2008 азы йæ интервьюйы дзырдта, зæгъгæ, хурныгуылæн бæстæты æххуысæй хъуамæ бацархайæм, цæмæй исты хуызы скуынæг кæнæм Уæрæсейы. Уымæй уæлдай ма фыста – «мæ удхæссæг уыдтон Советон Цæдисæй, йæ гербæй, æхсырф æмæ дзæбугæй. Советон Цæдис куы ныппырх ис, уæд ма фырцинæй фынг дæр æрæвæрдтон». Æмæ дын ай та адæмон артист – фæллой скодта Советон Цæдисы, уыдис ын æппæт привеллегитæ, кæцытæй активонæй пайда кодта. Советон Цæдис куы нæ уыдаид, уæд Кикабидзейы чи зыдтаид, йæхицæн ахæм ном куыд скодтаид? Кæд дын афтæ æнæуынон уыд Советон Цæдис, уæд ацыдаис фæсарæнтæм цæрынмæ æмæ уым дæ зарынæй хъæлдзæг кодтаис искæй. Уыйбæрц хъæстæ уал азы æмбæхс æмæ тонгæ дæр ма акæн. Диссаг.

Фæлæ ууыл нæ фæцис йæ хъæстæдзинад. 2014 азы Донбассы куы райдыдтой хæстон архæйдтытæ, уæд æргомæй рахæцыд украинæйаг фашистты ‘вварс. «Афтæ зæронд куы нæ уаин, уæд æнæмæнг ныццыдаин Майданмæ æмæ ма хайад райстаин Донбассы цæуæг антитеррористон операцийы дæр», – дзырдта журналисттæн. Вахтанг Кикабидзе 2012 азы уыд Украинæйы горæт Тернополы æмæ сæрмагондæй йæ къам систа Бандерæйы цыртдзæвæны цур. Мæнæ куыд фыста ацы цауы тыххæй, – «Мæ бæллиц сæххæст. Уырны мæ, Бандерæйæн хъыг кæй нæ уыдаид украинæйаг нацийы гуырдзиаг æрдхордимæ къам сисын». Украинæйы уæлахизмæ афтæ тынг бæллыд æмæ 2022 азы марты мæйы йæ украинæйаг æрдхæрдтæн ныфсытæ æвæрдта, зæгъгæ, цалдæр боны фæстæ иумæ нысан кæндзыстæм Уæрæсейыл фæуæлахизы бон. Ныры онг Донбассæй бирæ «æвзæр» хабæрттæ хъуыстаид æмæ рыстзæрдæйæ ацыд уыцы бæстæмæ. Бецау.

Æрæджы ма казахстайнаг диаспорæ та Украинæйы бакодта пункт казахаг юртæйы хуызы, цыран бынæттон цæрджытæн фадат уыдзæнис сæхи схъарм кæнынæн, хъарм цай баназынæн, пырындз бахæрынæн æмæ афтæ дарддæр. Ахæм юртæтæ Донбассы дæр куы сæвæрдтаиккой, уæд фарстатæ никæмæ уыдаид.

Джиоты Алыксандр