Горæт Къуайсайы сæнусон кæндзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй фæмардуæвæг Хуыгаты Радиславы ном. Бронзæйæ арæзт цыртæн йæ бæрзæнд уыдзæн 5 метры. Ныридæгæн цыртæн бынат рахицæн кодтой Культурæйы хæдзары раз. Хъайтарæн цырт сæвæрыны хъæппæрис раразмæ кодта Къуайсайæ рацæугæ Хуыгаты Владислав. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ Радиславы сгуыхтдзинæдты тыххæй æппынæдзух фарста йæ чызг. «Мæ чызгæн куы радзырдтон, Радислав цы хъайтардзинад равдыста, уый тыххæй, уæд мын бауынаффæ кодта, цæмæй йын йæ ном сæнусон кæнæм цырт ын сæвæргæйæ. Республикæйы æмæ нын районы хицауадтæ баххуыс кæндзысты техникæйæ цырты бынат бацæттæ кæныны тыххæй», – загъта Хуыгаты Владислав.

Цырт  сараздзæн  цæгатирыстойнаг скульптор  Хайты Ибрагим. Ацы бонты Къуайсамæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин.

Цырт саразыны хæрдзтæ йæхимæ райста Хуыгаты Владислав. Баххуыс ын кæндзæн Хуссар Ирыстоны хицауад дæр. Официалон æгъдауæй йæ байгом кæндзысты сентябры мæйы горæт Къуайсайы боны.

Хъайтарæн сæвæрдзысты цырт

Радислав Службæ кодта Хуссар Ирыстоны æфсады. Цæсгомджынæй баслужбæ кæныны фæстæ ацыд цардагур Дзæуджыхъæумæ. Æвзонг лæппу контрактонæй бацыд горæт Грознæйы æфсæддон хаймæ, цыран баслужбæ кодта авд азы бæрц. Цæцæны республикæйы йын радтой æфсæддон ветераны ном. Фæлæ йæ радтæг адæмы æцæг патриоты йæхимæ æлвæста йæ райгуырæн къуым, рацыд Грознæйæ æмæ службæ кæнын райдыдта Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы. Баслужбæ дзы кодта цыппар азы бæрц. Уый фæстæ та службæ кодта контрактонæй Ростовы æфсæддон хæйттæй сæ иуы. Йæ цыбыр цард иууылдæр баст уыд æфсæддон хъуыддагимæ. Уæрæсе сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уый дыккаг бон, ома, 25-æм февралы ацыдысты Украинæмæ. Радислав хæцыд хъæбатырæй. Ирон хæстон йæ ныфсхастдзинадæй цæстæвæрæн фæцис йе ‘мслужбæгæнджытæн. 18-æм марты хæцгæ-хæцын бахызтысты горæт Мариуполмæ æмæ йæ мæлæт дæр ссардта ацы горæты.

Йæ командир куыд загъта, афтæмæй иу карз тохы рæстæджы бахаудысты æрхъулайы, нал дæр сын иуæрдæм ахизæн уыд æмæ нал дæр иннæрдæм. Афтæмæй дыууæ боны фесты æрхъулайы бынаты, тæссаг уыд уырдæм сæм знаг куы баирвæзтаид, уымæй. Уæд фæмард уыдаид бирæ  фылдæр хæстоны. Знаг уырдæм æрæмбырд кодта йæ резервон тыхты дæр æмæ афтæмæй фæлвæрдтой уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты ныхмæлæуд басæттын. Уавæрæн саргъ кæнгæйæ, Радик аскъуыддзаг кодта знаджы хъусдард йæхимæ аздахыны тыххæй маневр саразын: уый ралвæста йæ зæрдæмæ æввахс йæ бронежилеты цæсты гагуыйау цы ирон тырыса хъахъхъæдта уый, хæрдмæ йæ систа æмæ йæхи аппæрста размæ, ныхмæлæууæджы ‘рдæм, уымæй æхстытæ йæхимæ расайгæйæ… Ирон хæстон фæмард хъæбатырæй, йæ хæстон æмбæлтты цард бахъахъхъæнгæйæ. Йæ фæндвидар æмæ хъайтарон архайдтыты фæрцы дæлхайæн йæ бон ссис знаджы ныхмæ фæлæууын, цалынмæ сæм æххуысмæ фæзындысты, уæдмæ.

Йæ хъæбатырдзинад ын абарстой Советон Цæдисы хъайтар Петр Барбашовы хъæбатырдзинадимæ. Радислав æй куы бамбæрста, йæ разæй цы лæппутæ цыдысты, уыдон иууылдæр амæлдзысты, уæд æхстытæ расайдта йæхирдæм. Радиславы командиры ныхæстæм гæсгæ, уый фараст боны хаудæй фæцис зæххыл æмæ йæ уæлæ та æмбæрзтæй  лæууыд знæгты размæ лидзгæйæ, йæ къухты кæцы ирон тырыса раскъæфта, уый. Ирон тырысаимæ йæ мæлæт кæй ссардта, уый дæр у символикон.

Хуыгаты Радиславы йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой 16-æм апрелы. Æфсæддон кад ын скодтой, афтæмæй ныгæд æрцыд «Спутник»-ы поселочы сæрмагондæй сын рахицæнгонд бынаты. Цæрæнбонтæм æнцойад ссардта Украинæйы зæх-хыл фæмардуæвæг Нартыхты 21-аздзыд хуры хуызæн лæппуйы фарсмæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.