Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат, Уæрæсейы Федерацийы хъæбысхæсты раздæры тренер, не ‘мзæххон Тедеты Дзамболат цалдæр азы размæ сфæнд кодта йæ райгуырæн къуым Цъорбисы хъæуæй Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй сæ иу саразын.

Райдианы уал Дзамболаты бафæндыд йæ фыдæлтæ æмæ йе ‘дзард æфсымæр се ‘нусон бынат кæм ссардтой, уыцы уæлмæрд æмбæлон уагмæ æркæнын. Стæй уæлмæрдмæ хæстæг цы кувæндон ис, уый сæндидзын кæнын æмæ йæм лæгъз фæндаг саразын. Куыстытæ сæхи амыдтой – бауагътой йæм электрохахх, дон. Дарддæр Дзамболатмæ фæзынд ног хъуыдытæ, æмæ сæ фыдæлты дзуары фарсмæ сырæзт Чырыстийы номыл аргъуан дæр. Аргъуаны фарсмæ та – дзæнгæрæгдон. Ам, уыцыиу рæстæджы ныццæгъдæн уыдзæн дæс дзæнгæрæгæн. Дзæнгæрджытæ арæзт сты нырыккон домæнтæм гæсгæ, кусдзысты пультæй æмæ мобилон телефоны руаджы. Дзæнгæрджыты хъæр  хъуысдзæнис дардмæ. Тедеты Дзамболат самал кодта тынг чи зæлланг кæнынц, ахæм дзæнгæрджытæ. Кувæндон, кæцы уыд æрдæгпырх, арæзт фæцис. Самал кодтой уазныв-тæ, уыдоны сныв кодтой сæрмагонд нывгæнджытæ æмæ сыл дзуар баф-тыдтой Алайнаг епархийы динамонджытæ. Æвæрд дзы æрцыдысты скульптортæ Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Гиуæргийы конд скульптурæтæ – Чырысти, Сыгъдæг Гиуæрги, Мады Майрæм æмæ Николай Чудотворецæн. Ацы бынаты арæзт цыдæриддæр цæуы, уыдонæн канд сæ инвестор нæ, фæлæ ма проектгæнæг дæр у Тедеты Дзамболат йæхæдæг. Уый  загъта: «Ацы проект федтон Олимпиадæйы рæстæджы горæт Сочийы. Уырдæм кувынмæ цыдтæн нæ лæппуты тыххæй. Куывдтытæ та-иу сæххæст сты», – радзырдта Тедеты Дзамболат.

Ацы диссаджы бынаты ма арæзт цæуы дыууæ æфсæддонæн цыртытæ, сырæздзæнис дзы фонтан, фæзындзæн дзы цалдæр цæрæнуат дæр. Уымæн æмæ ацы проекты авторы хъуыды у ам фидæны нæлгоймæгты моладзандон æрбакæнын.

Цъорбисы хъæумæ бахизæны хид «хъахъхъæнынц» кавказаг цыппар æфсæн фæранкы. Ам ма æвæрд æрцыд стыр дамгъæ «Т», уый та нысан кæны Тедеты мыггаг. Хидæй фалдæр кусджытæ ссæрибар кодтой чысыл территори, хъæуы администрацийы цур. Уым хъуамæ æвæрд æрцæуа Дзамболаты фæндонмæ гæсгæ генералисимус Иосиф Сталинæн бæрзонд цырт, кæцыйы бæрзæнд уыдзæн æртæ метры. Уый фæстæ ардæм хуынд æрцæудзæн ландшафтон дизайнер æмæ схæрзарæзт кæндзæн æмткæй территорийы.

Йæ райгуырæн хъæуæй аразы дзæнæттаг бынат

Ацы бонты Цъорбисы хъæуы диссаджы арæзтæдтæ бабæрæг кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы архиепископ Герасим. Йемæ ма уыдысты Алайнаг Сылгоймæгты моладзандоны минæвæрттæ æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттæ.

Уазджыты Тедеты Дзамболат базонгæ кодта арæзтадимæ. Радзырдта сын, ам куыстытæ кæй райдыдтой цыппар азы размæ æмæ сæ 80 проценты фæуд кæй у. Куыддæр ацы комплекс арæзт фæуа, афтæ дзы уагъд цæудзысты Хуыцаумæ бакуывдтытæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.