Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй Зæронд хиды бынаты цы ног хид рæзы, ууыл машинæтæ тагъд райдайдзысты цæуын.

«Егъау куыстытæ бакодтам, æдасдзинады сæйраг домæнтæ сæххæст кодтам. Ног хидыл æдæ­р­с­гæ цæуыны бар  ратдзыстæм рог машинæтæн. Бынæттон компани «Импульс-А»-йы руаджы сфæлындздзыстæм хид бынæттон фæныкгъуыз композицион æрмæг диабазæй. Хидыл цы плиткæ æвæрд æрцæуа, уый та уыдзæн хырыз дурæй».

Ног завод «Импульс-А»-йы генералон директор  Коцты Эльбрус та нын афтæ радзырдта:

– Нæ завод æрбайгом кодтам æрæджы, раздæры «Электровибромашинæ»-йы  территорийыл. Æппæт хъомысæй скусдзыстæм августы мæйы, фæлæ ныридæгæн исæм заказтæ. Хъæуы ма нæ гыццыл цыдæртæ æрласын Уæрæсейæ æмæ уæд монтажгонд æрцæудзæн. Завод хомаг амал кæндзæн Дзау æмæ Цхинвалы районты бæрзонд хæххон бынæтты. Стыр заказ райстам Автомобилон фæндæгты арæзтады комитетæй дæр. Мах бацархайдзыстæм гъæдджын продукци саразыныл,- загъта заводы директор.

Гæбæраты Алан ма нын загъта, ног хид иттæг аив кæй уыдзæн, йæ алфæмблай та комплексон зонæ кæй сырæздзæн. Сфæлындздзысты йæ националон стилы. Зæронд хиды хуыз, адæмы фæндмæ гæсгæ, хъахъхъæд æрцæудзæн. Хиды æрбайгоммæ тынг æнхъæлмæ кæсынц канд Фаллагфарсы районы цæрджытæ нæ, фæлæ æгас республикæ дæр. Æнæ хидæй æвзарынц стыр зындзинæдтæ. Цæмæй горæтмæ ацæуой машинæйыл, уый тыххæй сæ æрзилын бахъæуы дардыл.

Куыд зонæм, афтæмæй Зæронд хиды бынаты цæмæй Ног хид ма сырæзтаид, ууыл бирæтæ архайдтой, суанг æргом ныхмæлæуджытæ дæр-иу уыд. Фæлæ хид дзуапп нæ лæвæрдта Æдасдзинады нормæн. Зæронд хидæн фехалыны йеддæмæ ницыуал гæнæн уыдис. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады къухы цы хатдзæгтæ ис, уымæ гæсгæ хиды конструкцийы цæугæдон баихсийын кодта. Техникон æгъдауæй йыл цæуæн нæ уыд транспортæн. 100-аздзыд хид бахъахъхъæныныл чи дзырдта, уыдоны хъуыды дæр бæргæ аппаринаг нæ уыд, фæлæ уыдон проблемæйæн йæ мидæггаг фарста нæ зыдтой. Йæ пайдакæнынады æмгъуыд кæй ацыд æмæ нæ стыр бæллæхмæ кæй æркодтаид, ууыл сæ къухтæ специалисттæ æнæгуырысхойæ æрфыстой. Кæйдæрты куыд фæндыд, зæгъгæ, ауадзут реставрацион мадзæлттæ, уый нæ аскъуыддзаг кодтаид проблемæ. Хид бынæй лæууыд агуыритæй конд быцæутыл. Æрхонгæ специалисттæ йын сарæзтой ультразвук, рентген, æмæ бетон цас уромы, уыцы раиртасæнтæ. Цæджындзтæ та мидæгæй разындысты бынтон афтид. Ранæй-рæтты та уыдысты гæмттæ æмæ бонæй-бонмæ тынг тæссаг суыдаид хид фистæгæй цæуджытæн дæр.

Уазæгты Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.