Æртыццæджы РХИ-йы министрты кабинет Хицауады æмбырды райста проект, кæцымæ гæсгæ афоныл реализаци цæудзысты Инвестпрограммæйы мадзæлттæ. Уый тыххæй доклад сарæзта Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Елдзарты Константин. «Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнхицауадон къамис 31-æм майы æркаст 2023-2025 азтæн цы социалон-экономикон программæмæ хаст ивындзинæдтæ, корректировкæтæ, баххæсткæнинæгтæ, сæйраджыдæр сты, объектты нумераци фæивын æмæ финанскæнынады фарстатæ», – загъта министр.

Елдзарты Константин  ма куыд бафиппайдта, афтæмæй, Инвестицион программæйы æртыккæгæм хай «Организацион, стратегион æмæ социалон нысаниуæджы мадзæлттæ»-æм хаст æрцыд ног мадзал. Уымæ гæсгæ РХИ-йы Таможнæйон комитет ифтонгадыл бафтдзæнис ног информацион-техникон гæрзтæ.

«10-æм пункты дæр æрцыд ивындзинæдтæ. Хуссар Ирыстоны фарс фæндон бахаста, цæмæй Æхсæнхицауадон къамис ног мадзал бахæсса Инвестпрограммæмæ, Зонкъары донæмбырдгæнæн шлюзон комплекс балхæныны тыххæй. Афтæ ма, цæмæй арæзт æрцæуа проектон-сметæйон гæххæттытæ г. Къуайсайы донифтонгкæныны модернизацийы системæйæн», – радзырдта Елдзары фырт.

Æмбырды хайадисджытæ æмхъæлæсæй сразы сты Арæзтад æмæ архитектурæйы министримæ.

Хицауады уæнгтæ æркастысты республикæйы Хъæды фондæй суг ласыны æмæ санитарон нормæтæ æххæст кæныны фарстамæ дæр.

Хъæды хæдзарады управленийы сæрдар Чилæхсаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй: «Æрвылаз дæр лыг æрцæуынц санитарон нормæтæ сæххæст кæныны нысанæн зæронд бæлæстæ. Уыдон бынаты та сагъд æрцæуы ног талатæ хъæды хæдзарады таладонæй. Фæлæ фыццаг категорийы хъæдæрмæджы тыххæй управленимæ куырдиæттимæ æрбацæуынц цæрджытæ. Уыдон домæн сæххæст кæныны бар хъæдгæстæн ис æрмæстдæр æмбæлон гæххæттытæ, ома, билеттæ кæмæ уа, уыцы æлхæнджытæн. Билеты банысан æрцæуы Хицауады бюджетмæ бахаст æхцайы суммæ æмæ цас кубометр у æлхæнæгæн йæ бон аласын.

Министрты кабинет йæ бынатæй ссæрибар кодта Технологион-арæзтадон æмæ экологон цæстдарды комитеты хæдивæг Гæззаты Аленæйы. Ацы цæстдарды камитеты сæргълæууæг Къуылыхты Таймураз куыд загъта, афтæмæй, Гæззаты Аленæ куырдиат ныффыста  барвæндонæй.

                   УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.