1964 азы 12-æм июнь хъыджы бонæй баззад Цæгат Ирыстоны историйы. Уыцы бон ивылд, знæт дон йæ разæй ахаста 40 сывæллоны, иу ахуыргæнæг æмæ дыууæ салдаты цард. Рацыд 60 азы, фæлæ уыцы цауты фæдыл рыст абон дæр цæры, сæрæгасæй чи аирвæзт, уыдоны зæрдæты. Æвирхъау бæллæхы тыххæй нæ рох кæнынц хъыгдардбаййафджыты æмæ фæмардуæвджыты хиуæттæ.

Майрæмбоны райсом. Хур йæ зынгцæстæй кæсы. Хъазтизæры тыххæй цины хъуыдытæ. Ахæм атмосферæ æлдариуæг кодта иумæйаг хъыгдзинады размæ. Хъарман-Сындзыхъæуы астæуккаг скъолайы 12 азæй 18 азы онг кæуыл цыд, уыцы 60 скъоладзауы æххуыс кодтой колхозы зæххытæ бакусынæн, цин кодтой æмæ хъуыды дæр никуы акодтаиккой, æрдз сæ ахæм фыддзæф ныккæндзæн, ууыл. Хъæу ис цæугæдон Урсдоны галиу донбылгæрон.

«Чысыл къададон йæ былтæй куы ракалд æмæ мæлæты цæугæдон куы фестад, уыцы бон уыд хурбоныгъæд, уыд тынг тæвд, сывæллæттæ зæхх куыстой æмæ цин кодтой, зæгъгæ, нæм изæры æнхъæлмæ кæсы хъазт. Фæлæ æвиппайды арв ныссау, скъоладзаутæ цырд фæуагътой сæ куыст æмæ ацыдысты, донбылгæрон сын цы цатыртæ æвæрд уыд, уырдæм.

Ничи сæ ахъуыды кодта, хъуыддаг тынг серьезон кæй у, ууыл. Райдыдта тыхджын тæрккъæвда. Сывæллæттæй-иу уым æхсæвиуат чи нæ кодта, уыдон сæ хæдзæрттæм машинæтыл ацыдысты æмæ уый фæрцы аирвæзтысты. Иннæтæ бахаудтой æцæг зындоны. Ахуыргæнинæгтæ, аирвæзыны ныфсæй, схызтысты уæлдæр, хъуыды кодтой, зæгъгæ, дон уыййонг не схæццæ уыдзæн.

Фæлæ рæдыдысты… æрдзон æнамонддзинад сыл æрхъула кодта алырдыгæй дæр. Йæ цуры уыд хъæдфадæн завод, цыран уыд бæлæгъау. Уый къæвдадонæй байдзаг æмæ йæ атыдта. Трагедимæ уый дæр бахаста йæ хайбавæрд. Цæугæдон тынг сызнæт. Йæ разæй хаста æрмæст æдых сывæллæтты нæ, фæлæ стыр бæлæсты, хъæдты», – радзырдта уыцы скъоладзаутæй сæ иуы цардæмбал Файа. Сылгоймагæн йæ цардæмбалы трагеди ссис йæхи трагедийы хуызæн. Æмæ, æгæрыстæмæй, йæ цардæмбалы амæлæты фæстæ  (цардæй ахицæн 2018 азы 19 декабры) æрвылбон дæр йæ зæрдыл æрлæууы æвирхъау цау, алцыдæр дзы зоны  лыстæггай.

Уыцы сывæллæтты ‘хсæн уыд йæ цардæмбалы кæстæр хо дæр. Алик йæхиуыл нæ хъуыды кодта, йæ хойы астæуыл бабаста рон æмæ йыл фидар хæцыд. Фæлæ  знæт дон егъау хъæд се ‘рдæм куы раппæрста, уæд ныппырх сты фæйнæрдæм. Йæ хо фæмард. Аликы та бæгънæгæй дон раппæрста Дигорайы. Стыр диссаджы æмæ амондджыны ирвæзт акодта. Дуртыл хуысгæйæ йæхимæ куы æрцыд, уæд ауыдта, рухс кæцæйдæр кæлы æмæ райдыдта уырдæм бырын. Уым уыд фермæ, сылгоймаг ыл йæ къаба скодта, хъарм æхсыр ын бадардтой, сарт кодтой. Фæлæ йын уый тынг нæ баххуыс кодта æмæ бауадзыг. Райсомæй йæ ссардта йе ‘мхъæуккаг, кæцыйæн трагедийы фæмард сты йæ хотæ. Афтæмæй Аликы раластой хæдзармæ… удæгасæй, фæлæ мæрдтимæ иумæ. Йæхи хæдзармæ йæ нæ бакодтой, фæлæ сыхæгтæм. Нæма йæ зыдта йæ хо кæй нал ис, уый. Йæ хойы ныгæнæнбоны та сæвзæр ис æмæ йæ аластой Дигорайы рынчындонмæ», – радзырдта Дзугкойты Файа.

Дзугкойты Алик каст фæцис арæзтадон техникум, æркодта цардæмбал, схъомыл кодта дыууæ фырты. Фæлæ йæ йе ‘ппæт царды уæгъд нæ уагътой уыцы бонты мысинæгтæ. Июны мæй-иу куы æрцæйхæццæ кодта, уæд-иу Аликæн йæ тæвд схызт, афтæ арф уыд йæ уды хъæдгом. 14-æм июны уыд йæ райгуырæн бон, фæлæ йæ иу хатт дæр никуы банысан кодта. Уымæн æмæ йын уыцы бонтæ баст уыдысты хъынцъымимæ. Йæ амæлæты размæ дæр йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы трагеди. Дзырдта, зæгъгæ, сæ фыны федта, кастысты, дам, мæм иууылдæр. Æгæрыстæмæй, кæугæ дæр кодта.

Хъарман-Сындзыхъæуы цæрæг Баскаты Дзамболаты зæрдыл хорз лæууы, сæ ныгæнæн бонмæ кæй æрцыд тынг бирæ адæм. Никуы, дам, федтон уыйбæрц адæм. Æнæхъæн республикæ уым уыд. Иууылдæр куыдтой, богъ-богъ кодтой. Сывæллæттæй алкæйы уайтагъд не ссардтой. Агуырдтой сæ æнæхъæн суткæты дæргъы. Сæхи хуызæн нал уыдысты æмæ зын базонæн уыдысты. Гуырдзибеты Георги уæд ахуыр кодта 10-æм къласы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, изæры фæнд кодтой сыхаг хъæумæ хъазтизæрмæ ацæуын, фæлæ… 11 метры арфæн ком байдзаг донæй. Йæ разæй ахаста хъæдфадæн завод. Георгийæн йæ бон ссис дыууæ скъоладзауы цард бахъахъхъæнын æмæ йæхæдæг дæр куыддæрты аирвæзт мæлæтæй. Трагедийы фæмард сты ахуыргæнæг Гулуты Ахуырбег æмæ салдат Петр Скрябин. Дыууæ дæр ирвæзын кодтой дæлдонгæнæг сывæллæтты.

Фæмардуæвæг сывæллæтты баныгæдтой иу бынаты. Сарæзтой сын мемориалон комплекс.  Трагедийы тыххæй нæ фыстой советон газетты æмæ  æнамонд цауы тыххæй зыдтой, æрмæстдæр, Ирыстоны цæрджытæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæгæн раздахæн нал ис, фæлæ трагедийы æв-дисæнты фæнды, цæмæй  макуы ферох кæной фæмардуæвджыты нæмттæ.

Æрвылаз дæр 12-æм июны уырдæм æр­бацæуынц сæдæгай адæймæгтæ æппæт республикæйæ æмæ сæркъулæй удæгас дидинджытæ сæвæрынц мемориалыл. Афтæ та уыд ацы аз дæр…

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.