Хур йæ хъарм  фæлмæн тынтæй зæхх тавта, фæлæ уыцы хъарм уæнгтæм нæ хъардта. Цалдæр боны та гуырдзиаг неофашистты æхсæнгæрзты гыбар-гыбурæй горæт фынæй нæ зыдта. Кæд-иу бон гыццыл фæсабыр сты, уæддæр-иу æхсæвæй райсоммæ кодтой æхсгæ.  Ацы уæззау хабары Зары трагедийы размæ бон мæм ме ‘фсин уайдзæфтæгомау бадзырдта, зæгъгæ, сывæллæтты фалæмæ куы акæнис. Бакатай кодтон, фæлæ,  горæты уæззау уавæр уынгæйæ нæ зæгъын не сфæрæзтон…

Рацæттæ кодтон сывæллæтты дзаумæттæй цыдæртæ. Ме ‘фсин дæр нын фæндаггæгтæ авæрдта. Райсомæй дæс сахатмæ æввахс мæ тиу Алан дæр фæзынд, хæдзармæ ма кæм цыд уый дæр, фæлæ уыцы бон йæхи февдæлон кодта. Йæ мадмæ бадзырдта: “Валяйæн ма зæгъ æмæ йæ сывæллæтты арæвдз кæна æмæ немæ рацæуа”. Хъуылымбегтæй у Валя, нæ акомкоммæ сыхаг. Бадзырдта йæм, уæдæ куыд, Валя дæр бацин кодта, ныртæккæ, зæгъгæ, ацæттæ кæнон мæхи дæр æмæ сывæллæтты дæр.

Алан нæ тагъд-тагъд кæны, рæстæгыл анкъуысæм зæгъгæ, цалынмæ машинæты колоннæ нæ ацыдысты, уæдмæ.  Сбадтыстæм нæхи машинæ “Нива”-йыл. Фæстейæ бадтыстæм æз мæ дыууæ æнахъом сабиимæ æмæ Валя йе ‘ртæ чызгимæ –  уыдон стырдæртæ уыдысты. Бадтыстæм æнтъыстæгæй. Разæй – мæ сæрыхицау.

Афæндараст нæ кодтой хæдзарæй. Цæугæ та кодтам Зары фæндагыл.

Ӕрхъулагонд горæтæй æддæмæ раирвæзæн уыд, æрмæстдæр, ацы фæндагыл.  Арæзт æрцыд фæдисы уагыл хæсты бонты. Иу кодта хохы сæрты Зар æмæ Дзауы районы Гуфтайы хъæу, уырдыгæй тындзыдта дарддæр – Цæгат Ирыстонмæ.

Мæнæ Тъбеты къуылдымыл схæрд кодтам. Машинæты колоннæйы кæрон дæр суыдтам, феввахс сæм стæм. Уыцы уысм Алан йе ‘фсымæрмæ бадзырдта: “Бензин нын куы нæ сфаг уа, мæ зæрдæ йæм æхсайы” – æмæ машинæйы фæстæмæ разылдта  горæты  ̀’рдæм.  Цалынмæ горæтмæ здæхтыстæм, цалынмæ бензин агуырдтам, стæй ма Алан йе ̀мбалмæ дæр бауад, æмæ афтæмæй сахатмæ æввахс рацыд.

 

Зары хъæуæй куы ахызтыстæм…

Цæуæм та дарддæр, мæнæ ахызтыстæм Зары хъæуæй, базылдыстæм фæндагыл хъæдырдæм. Кæсæм, фæндагыл лæууынц хъæуы адæм. Цæсгом ныффæлурс афтæмæй йæ къухтæ тилгæ нæ размæ æрлæууыд асгомау лæг. Алан машинæ фæурæдта æмæ йæм рахызт æддæмæ. Лæг хъæр кæны: “Ум… фæндагыл… æхсынц, æхсынц.  Ныццагътой адæ-мы… Мауал ацæут, æрлæуут!”  “Чи æхсы, кæй ныццагътой, цы хабар у?” – афарста йæ Алан.  “Машинæты колоннæйы, лигъдон адæмы!” – суынæргъыдта уыцы лæг, æмæ йæ риуыдзаг ныббогъ кодта.

Алан фæстæмæ абадт машинæйы: “Цæй цæуæм, кæд дзы исты æвзæр хабар уа, уæд раздæхдзыстæм.” Мах ницы дзырдтам, æдзæмæй бадтыстæм.

Кæсæм, æмæ мæнæ нæ ныхмæ уæззаугай æрцæуы бур автобус, нæ фæрсты рахызт, йæ фæрстæ уыдысты нæмгуытæй лыстæг хуынчъытæ, йæ фæстæ цыд урс “Нива” машинæ. Уый фенгæйæ, Алан æрзылдта машинæ æмæ фæстæмæ æрцыдыстæм хъæумæ. Автобус æрлæу-уыд хъæумæ æввахс фæндагыл. Адæм ыл æрбатыгуыр сты. Шофыр æрхызт, йæ цæсгом уыд урс хæцъилæй фæлурсдæр. Йæ сæрыл дыууæ къухæй хæцгæйæ ма сфæрæзта сдзурын  – “Ныццагътой нæ,” – æмæ æрбадт фæндаггæрон. Автобусæй ма æрхызтысты цалдæр адæймаджы. Се ‘хсæн уыд сылгоймаг –  йæ къухты йæ сывæллон тугæйдзæгтæй, йæ  иу къахыл дзабыр, иннæ йын кæмдæр ахауд. Иннæтæн дæр сæ дзаумæттæ, сæ цæсгæмттæ туджы мидæг.  Мах дæр Валяимæ нæ цæссыгкалгæ бадтыстæм æмырæй.  Мæ сывæллæтты мæ риумæ æрбалхъивгæйæ, сабыргай дзырдтон: “Цымæ нын цы Хуыцау баххуыс кодта. Цы Хуыцау нæ афæстиат кодта…  Амонд йедтæмæ ницы ис а-зæххыл!…”

Лæууыдыстæм, тагъд дæр ма кæдæм кодтам. Нæ фæрсты цыдысты удæгасæй ма дзы чи баззад, уыдон машинæтыл.  Чи та мæрдты ласта.  Уæдмæ дардæй æрбазынд уæзласæн машинæ дæр. Туг лæсæнтæ кодта гуыффæйы дыууæ фарсæй. Хъæуы адæмы хъæр æмæ æрдиаг Зары комы дардыл хъуыст. Трагедийы хабар уайтагъд æрыхъуыст горæтмæ. Гуырдзиаг лæгсырдтæ лигъдон адæмы ныццагътой Зары фæндагыл, зæгъгæ. Цхинвайлæгтæ сызмæлыдысты. Лыгъдысты чи Зары ‘рдæм, чи та рынчындоны ‘рдæм.

Мах дæр горæтмæ æрыздæхтыстæм – бахызтыстæм хæдзармæ, Хæдзары – ничи.  Уæдмæ ме ‘фсин æмæ мæ фыд нæ фæстæ æрбахæццæ сты. Уæззау хабар фехъусгæйæ Тъбеты хъæуырдæм атындзыдтой фæдисы. Мæ фыды ныхæстæм гæсгæ нын удæгас æнхъæл нал уыдысты. Горæтмæ  афтæ æрыхъуыст, зæгъгæ, дзы удæгасæй ничиуал баззад.  Сывæллæтты æрбадын кодтон, мæхæдæг дæр уæззау зæрдæимæ сæ фарсмæ æрбадтæн. Ме ̀фсин æнæдзургæйæ къуымты рауай-бауай кодта. Уæдмæ нæм сыхæгты лæппу Алан фæдисы  гæпп æрбакодта  æмæ ме ̀фсинмæ бадзырдта: “Дæ хо Хадийы дæр уым  амардтой”.  Уый фехъусгæйæ,  сылгоймаг ныцъцъæхахст кодта æмæ зæххыл уæлгоммæ ахауд.  Тыххæй ма йæ æрчъицын кодтам. Афæдис кодтой хæдзарæй рынчындоны ‘рдæм.

 

«Ӕнахуыр сахат уыд уый…»

Цы йын зыдтой Алан æмæ Алик мæрдтæй йемыдзаг уæзласæн машинæ горæты уынгты рынчындоны ‘рдæм куы афæд кодта, уæд уыцы мæрдты ‘хсæн  гуыффæйы сæ мадыхо  Гасситы Хадизæт дæр  кæй ис… Ӕвæццæгæн, амонд йедтæмæ ницы ис а-зæххыл. Уыцы мæрдты ‘хсæн ма баластой  рынчындонмæ иунæг удæгас лæджы, уый та уыд ме ‘фсинæн йæ кæстæр хойы æмкъай дзæнæттаг  Беппиты Руслан.

Уыцы ныв цæсты раз лæууы – рынчындоны кæртæй фæйнæрдыгæй хъарæг, кæуын… Алчи мæрдты  ‘хсæн йæхионы агуры.  “Ӕнахуыр сахат уыд уый, хур каст, фæлæ нæдæр тавгæ кодта, нæдæр рухс кодта, поэтикон метафорæ нæу, æцæг афтæ уыд. Сау хуры рухс, сау ирдгæйау цæстыты бадти æмæ бæстæ ныггуыппæг, къуырмайæ лæууыд” – фыста уыцы уæззау боны тыххæй мæ фыд Ӕлборты Хадзы-Умар.

Ӕрхæндæг хъуыдыты мидæг хæдзары къуымты цыдæртæ архайдтон. Уыцы афон дуар чидæр æрбакодта æмæ мидæмæ æрбахызт. Ӕз мæ бынаты фестъæлфыдтæн. Кæсын æмæ мæ разы мæрдон хуызæй æрбалæууыд Руслан. Сæр тугхъулон, дзаумæттæ туджы æвдылд. Йæ бынаты фæцудыд, мæгуыр, æмæ йæ æрбадын кодтон. Цыдæр дзуры, фæлæ æвзаг дзыхы нæ ‘рæхсы. Ныфсæвæрæн ныхæстæ ма йын кæнын æмæ уæдмæ мæ фыд дæр æрбаздæхт фæстæмæ моргæй. Руслан гыццыл куы æрсабыр, уæд ын дон уæларт авæрдтон, цæмæй йæхи рыхсадтаид.  Йæ сæрыл ын цы дон кодтон, уый сырх-сырхидæй калди.  Туджы тæфæй мæ зæрдæ æвзæр кодта. Лæппуты дзаумæттæй йын цыдæртæ рахастон аивæнæн. Цыхцырæджы бынмæ йын сæ бадардтон, цас сæ фехсадтон, уæддæр фыдохы амæттæгты тугæй нæ сыгъдæг кодтой. Йе ‘муд гыццыл куы æрцыд, уæд сындæггай дзурын райдыдта: “Райсомæй уæзласæн машинæйыл сбадтыстæм. Сывæллæттæ нын Дзауы сты æмæ сæ зæгъын абæрæг кæнæм. Абон цæуинаг дæр нæ уыдыстæм, фæлæ Хадизæтæн йæ лæппумæ йæ зæрдæ ахсайдта. Схызтыстæм æмæ астæуæй  хызынты уæлæ æрбадтыстæм. Фæлæ Хадизæт йæ зæрдæйæ тыхст  æмæ машинæмæ схизæнырдæм  рахызт, æмæ уым æрлæууыд кæронæй. Зары  хъæды  бацыдыстæм, иу афон машинæ ауырдыг кодта. Уæдмæ нæм фæндаджы уæллаг фарсæй бæлæсты ‘хсæнтæй райхъуыст гуырдзиаг ныхæстæ.  Ӕвиппайд Зары комы æхсты хъæр айхъуыст. Нæмыг ихуарæгау кодта нæ сæртыл. Хъæр, цъæххаст фæйнæрдыгæй. Ӕз ма фæгуыбыр кодтон, мæ сæр ма фæцæф уа, уый тасæй æмæ мыл уæдмæ цæфтæ ныккалдысты.  Уыцы уысм, æрмæстдæр, хъуыды кодтон ууыл: “Цæмæн! Цæмæн нæ цæгъдынц.” Мæ сæр уæлæмæ дæр нал систон, марды ‘фсон скодтон. Дзæвгар рæстæджы фæстæ ма иугай æхстытæ райхъуыст æмæ гуырдзиаг удхортæ æлгъитгæйæ апырх сты хъæды хуылфы. Уæзласæн машинæ дæр анкъуыст йæ уæззау уаргъимæ. Хуыссыдтæн æндзыгæй, хатт иу сызмæлыдтæн мæрдты бынæй, фæрсырдыгæй мæм чидæр æрбадзырдта сабыргай: “Нæузæххонты уынджы цæрын, уыцы æмæ уыцы адресыл, кæд  ма удæгас баззайай, уæд мын  мæхиуæттæм бацу æмæ сын фехъусын кæн…” – йæ ныхас ууыл аскъуыд.  Куы йæ бамбæрстон, тас мын нал у, уæд мæрдты бынæй сабыргай сбырыдтæн. Фæндагыл æрхызтæн æмæ мæ фæдисы цæуæг машинæтæй сæ иу авæрдта æмæ мæ горæтмæ æркодта.”

 

Йæ чызг трагедийы амæттæгты ‘хсæн

Фæцыд та дуары гуыпп. Райхъуыст мæм Захары кæуын. Уый йæ куыстæхсыст къухты ‘рбахаста дыууæ уæззау хызыны, тугамæхстæй. Уæззау та уымæн уыдысты, æмæ сыл ныккалд гуырдзиаг фыдгæнджыты къухæй сырдон æгъдауæй  мард  æнæаххос лигъдæтты  туг. Ӕрывæрдта сæ хатæны астæу фынджы фарсмæ. Ӕз цалынмæ асинтыл уырдыгмæ хызтæн, уæдмæ Захар атындзыдта фæстæмæ, райхъуыст ма йæ зæрдæхалæн хъарæг уынгæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл чи рацыд, æрвылуысм комкоммæ мæлæты цæстытæм чи каст, уымæн ацы æрцæугæ уæззау трагеди уыд мæлæтæй фыддæр. Туджы æвдылдæй уый мæрдты ‘хсæн ссардта йæ хъæбул Хадизæты. Цымæ йын цы зæрдæ уыд уыцы фыдæн, йæ мард чызджы тугамæхст буармæ куы каст уæд, куыд æй сфæрæзта, куыннæ йын аскъуыд уым.

Ахæм рауад нæ балц махæн. Уыцы бон адæймаг цытæ федта, уыдон абон дæр цæстытыл ногæй ауайынц. Уыцы боны трагеди айхъуыст æгас дунейыл, фæлæ абоны онг дæр дзуапп ничи радта, æфхæрд ничи баййæфта.

                                                                                      ÆЛБОРТЫ Агуындæ 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.